Сфæлдыстадон кусæджы архайдæн æмбæлон аргъ куы цæуа, уæд ын уый, æнæдызæрдыгæй, разæнгарды хос у. Æгæрыстæмæй, хатт хорз ныхас дæр фаг вæййы, цæмæй йæхиуыл феууæнда, йæхимæ тых банкъара сфæлдыстадон куысты. Фæстаг рæстæджы дыууæ Ирыстоны дæр фæзындысты алыгъуызон премитæ  æмæ лæвæрд æрцæуынц литературæйы фадыджы. Уыдонæй сæ иу у литературон преми «Булæмæргъ», кæцыйы фыццаг лауреатты нæмттæ базыдтам æрæджы.

Дæлдæр уæ лæмбынæгдæр зонгæ кæнæм уыдоны цард æмæ сфæлдыстадон архайдимæ.

 

ПЛИТЫ ИНАЛ

Литературон уацмыстæ тæлмац кæнынæн кæддæриддæр стыр нысаниуæг уыдис. Плиты Иналы «Булæмæргъ»-ы премийы фыццаг лауреаты ном нæ республикæйы зындгонд у. Уый канд фæлтæрд æхсæнадæмон  эксперт нæу, у ма Хуссар Ирыстон  Балгари хæлардзинады æхсæнады хистæры хæдивæг дæр. У бирæ æмдзæвгæты автор тæлмацгæнæг. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй «Бæстæйы цы бирæ алы адæмы хæттытæ цæры, уыдоны ‘хсæн ис бирæ æрыгон курдиатджын автортæ, уыдон уацмыстæ фыссынц сæхи æвзагыл, æмæ сæ хъæлæстæ цæмæй уæрæх чиныгкæсджытæм тынгдæр хъуысой, уый тыххæй сын сæ уацмыстæ хъæуы æндæр æвзæгтæм тæлмац кæнын» – загъта Плиты Инал.

Инал æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Скъолайы фæстæ та йæ ахуыр адарддæр кодта Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты уырыссаг-ирон факультеты. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ уыдысты пародийы жанры фыст. Иналæн йе сфæлдыстад æмæ æмдзæвгæтимæ зонгæ чи у, уый æнæрахатгæ нæ фæуыдзæнис арф философон хъуыдытæ хуымæтæг æвзагæй дзурынмæ куыд аив рæхсы, уый. Институт каст куы фæцис, уæд бацыд кусынмæ газет «Южная Осетия»-мæ, культурæйы хайадмæ. 1996 азы та кусын райдыдта газет «Молодежь Осетии»-йы редакторы хæдивæгæй. Цыбырты Людвиг бæстæйы сæргъ куы слæууыд, уæд Плиты Инал бындур æрæвæрдта Президенты пресс-секретары куыстæн. 2003 азы та архайдта СКК-йы фæлгæтты бадзырдон процессы. Ныртæккæ кусы Президенты Администрацийы бæрнон кусæгæй. Цыфæнды ахсджиаг бынаты ма куыстаид, уæддæр йæ зæрдæ никуы сивта поэзийыл. Тæлмац кæнын сфæнд кодта æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ тынг рæвдз кæй уыди, уый фæрцы. Иууыл фыццаг ратæлмац кодта Англисаг æвзагæй аргъау «Хи-уарзон уæйыг».

«Мах, æрыгон хæдбар республикæ уæвгæйæ, хъуамæ фæразæм бастдзинæдтæ аразын. Кæрæдзийы культурæ æмæ цардуаг куынæ зонæм, уæд æфсымæрдзинад саразын дæр нæ базондзыстæм. Адæмы удварн æмæ бæллицтæ та поэтæй хуыздæр ничи фæлындзы. Тæлмац кæныны хъуыды дæр мæм уымæн фæзынд» – зæгъы «Бу-лæмæргъ»-ы премийы лауреат.

Бирæ фæсарæйнаг бæстæты уыд  Плиты Инал. Сахуыр сын кодта канд се ‘взаг нæ, фæлæ ма сæ цардуаг æмæ характерон æууæлтæ. Стыр хайбавæрд бахаста ирон-болгариаг адæмы ‘хсæн хæларадон ахастытæ райтынг кæнынмæ. 2008 азы августы цы сæрæндзинад равдыста, уый æмбисондæн баззад! Уыцы туг-уарæн бонты, республикæйы сæдæгай æрыгон адæймæгтæ мæлæтимæ тохы куы бацыдысты, Гуырдзыстоны фашисттæ информацион хæст куы расидтысты, уæд Плиты Инал Хицауады хæдзары бадгæйæ, æх-сæвæй-бонæй информаци лæ-вæрдта Уæрæсейы телеканал-тæм, Болгарийы информацийы агентадтæм.

2008 азы хæсты фæстæ Плиты Инал хорзæхджын æрцыд кады орденæй, йæ удуæлдай архайды тыххæй.

Инал цы æмдзæвгæтæ фыссы, уыдон фыццаджыдæр, сты патриотикон. Ис дзы райгуырæн æрдзмæ уарзондзинад, ивгъуыд æмæ абоны цард. Стæй адæймаг цæй фæрцы цæры, йæ таг цæй руаджы не скъуыйы, уыцы æнусон сыгъдæг уарзондзинад æмæ фидæны фæлтæрæн бахъахъхъæнинаг хæлардзинады ахастытæ.

Иналы куы фарстам йæ дард-дæры фæндтæ æмæ бæллицты тыххæй, уæд загъта: «Фæнды мæ Ирыстоны æхсæнадæн дарддæр дæр пайда хæссын».

 

ГОДЖЫЦАТЫ НЕЛЛИ

«Булæмæргъы дыккаг премийы лауреат Годжыцаты Нелли райгуырд Цхинвалы районы бæрзонд хъæу Хъларсы. Ацы хъæуы астæуккаг скъола кæй нæ уыд, уый тыххæй йæ райдиан скъола каст фæуыны фæстæ бахъуыд сæ хъæуы иннæ сабитимæ сыхаг хъæу Джермæ скъоламæ цæуын. Зынвадат хъæу уыд Хъларс, уæлдайдæр та зы-мæгон рæстæджыты æмæ Неллийы ныййарджытæ фæстæдæр бынтондæр рацыдысты цæрын-мæ Джеры хъæумæ. Уæд Нелли нырма хæрз чысыл уыд, фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын уыд тынг зын, йæ уарзон хъæуæй фæиппæрд уæвын.

« Æз тынг бирæ уарзтон мæ райгуырæн хъæу æмæ тынг маст кодтон, кæй рацыдыстæм уырдыгæй. Арæх-иу мысыдтæн фæстæмæ мæ хъæумæ. Æвæц-цæгæн ахæм уарзондзинады æнкъарæнтæ мæнæн ахъаз фесты чысыл æмдзæвгæ ныффыссынæн мæ райгуырæн хъæу Хъларсыл», – загъта Нелли.

Уыцы æмдзæвгæ ссис сомбоны поэтæн йæ фыццаг. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ, Нелли арæх фыста æмдзæвгæтæ. 5-æм къласы куы ахуыр кодта, уæд Нелли ныффыста æмдзæвгæ «Ирыс-тон», кæцы рацыд мыхуыры газет «Советон Ирыстон»-ы. 6-æм къласы куы ахуыр кодта, уæд  зынгæ ирон фыссæг Æлборты Хаджумар  Цхинвалы радиойы рауагъта сæрмагонд алæвæрд, цыран уый бæстондæр базонгæ кодта æх-сæнады суинаг поэты æмдзæвгæтимæ.

Нелли æрдзæй рахаста æнкъа-раг зæрдæ, йæ ацы миниуæг абоны бон дæр ис йæхимæ. Йæ алыварс цы хабæрттæ æрцæуы, уыдоны йæ зæрдæмæ айсы арф æмæ йын нæ фæдæттынц æнцойад. Уæд Нелли райсы сис æмæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ равдисы гæххæттыл. «Скъола-дзау куы уыдтæн, уæд æрцыд иу æнамонд цау: мæхи карæн æвзонг лæппу Яралов Коля, æбæлвырд аххосæгтæм гæсгæ йæ цардыл систа йæ къух… Æвæццæгæн  æй хорз кæй зыдтон, уымæ гæсгæ  йыл æп-пынæдзух мæт кодтон, æмæ мæ зæрдæйы райгуырд æмдзæвгæ. Фæстæдæр уыцы æмдзæвгæ бакастæн иу мадзалы рæстæджы. Уым разындысты уыцы лæппуйы æввахс хиуæттæ æмæ мын балæвар кодтой Хетæгкаты Къостайы чиныджы æртæ томы», – загъта Нелли.

Нелли 9-æм къласмæ куы цыд, уæд æй, царды уавæртæм гæсгæ бахъуыд Джеры хъæуæй Цхинвалмæ  11-æм астæуккаг скъоламæ рацæуын. Дыууæ азы сахуыр кодта æмæ стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникумы.

Кæмфæнды ма уыдаид  Нелли, уæддæр йæ сис æппынæдзух уыд йæ къухы. Уымæн æмæ йын æнцойад нæ лæвæрдта, æрдзæй йын цы курдиат лæвæрд уыд, уый.  Райгуырæн бæстæмæ, йæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад суинаг поэтæн уыд йе ‘мдзæвгæты сæйраг темæ. Рыстис йæ зæрдæ, не ʻвзаг кæй хæццæ кодта æндæр æвзæгтимæ æмæ афтæмæй сæфтмæ кæй цыд, ууыл. 1988 азы йе ʻмдзæвгæ «Ирон, æнæ æвзаг кæй хъæуыс?»-ы уый фыссы:

«…Цæгат мæм байтыгъта йæ хъæбыс, Фæлæ куыд аивта йæ дзырд!..

Ирон, æнæ æвзаг кæй хъæ-уыс?!  Æлгъ дыл кæндзæни сом дæ фырт…»

Ирыстоны XX æм æнусы  уæз-зау рæстæджытæ дæр нæ аивгъуыдтой Неллийы сисы иу-вæрсты. Уый хыгъд, æвзонг чызг йе ‘уоны кæсæгау уыдта Райгуырæн бæстæйы сомбон. Уыдта йæ тарбын, æнкъардæй, тугæм-хæццæ цæстысыгтимæ æмæ 1989 азы ныффыста æмдзæвгæ «Нæ фыдæлтæ нæм сидынц». Ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæ бакæсгæйæ баризынц адæйма-джы уæнгтæ; кæцæй зыдта æвзонг чызг Ирыстоны сомбон? Цавæр æнкъараг æмæ дардмæ уынаг хъуамæ уа адæймаг, цæмæй уыцы рæстæджы ныффысса мæнæ ахæм рæнхъытæ: «Кæлдзæн нæ фыдæлтæн сæ мæсыг, Къоста дæр сау ингæнæй растдзæн,  Æмæ нæ  мæдтæн та сæ цæссыг.  Фæстагмæ туджы зæйтæ ласдзæн…».

Ирыстон, æцæгæйдæр, ахæм дудгæбæттæ кæй бавзæрста, уымæн абон мах, не ʻппæт дæр – æвдисæн, Æвдисæн ма стæм, Ирыстоны сонт хъæбултæ сæ тугæй кæй балхæдтой хæдбардзинад æмæ сабырад. 1991 азы ацы хъуыддагыл кæд архайджытæ бирæ уыд, уæддæр махæй стæмты бауырныдтаид, уый фæстагмæ афтæ кæй рауайдзæн. Æрдзæй ратгæ поэты цæстæнгас та дардмæ уыдта йæ уарзон Ирыстоны сæрибардзинад æмæ 1991 азы йе ʻмдзæвгæ «Ирæн нæ уыдзæн мæлæт»-ы зæгъы: «Тайдзæн ихау цагъары къæлæт. Арвыл хурау æртулдзæн сæрибар! Нæ!!! Нæ Ирæн нæ уыдзæн мæлæт,- Уый æнусты уæрдæхæй ныффидар!».

Неллийы æмдзæвгæтæ фыст сты æндæр æмæ æндæр темæтыл, уымæн æмæ уый дардыл уынаг у, арф æнкъараг æмæ ахæм фыссæгæн та йæ авналæнтæ уæрæх вæййынц. Фыццаг бынаты ис  æвзонг поэтессæйæн уарзондзинады лирикæ дæр. «Æхсæнады куы уа уарзондзинад, уæд уыцы æхсæнад кæд-дæриддæр уыдзæн æнгом баст æмæ æнæбасæтгæ. Афтæ у уарзæгой бинонты æхсæн дæр. Уарзондзинад у æппæт хæрзтæн сæ ратæдзæн æмæ хъуамæ уа сыгъдæг æмæ æнæхин»,- загъта Нелли.

Неллийы хъуыдымæ гæсгæ поэтæн йæ сæйраг уарзондзинад хъуамæ уа йæ Райгуырæн бæс-тæмæ, йæ мадæлон æвзагмæ, йæ адæммæ. Поэт хъуамæ фи-дар баст уа йæ адæмимæ, уымæн æмæ йæ разы æвæрд хæс у йæ адæмы разæй цæуын, уыдон дзыхæй дзурын, уыдон риссæй риссын. Йе ʻмдзæвгæ «Поэты цы хъæуы?»- йы фыссы:

«Поэты цы хъæуы?  Зæрдæ мæ цæсгом,Йæ хъысмæт кæимæ у баст.

Поэты цы хъæуы? Цæй кад æмæ ном?! Йæ уд сæм нæ вæййы æмгом.

Æз зонон дæ сагъæс, ды зонай мæ рисс,  – Ахъаз нын фæуыдзæни сис…».

Ацы æмдзæвгæйы хъуыдытæн абон баиугæнæн ис РХИ-йы парламенты комитеты сæрдар, фыссæг Гæбæраты Юрийы ныхæстимæ, кæдон уый загъта Годжыцаты Неллийæн «Булæмæргъ»- ы преми раттыны мадзалы рæстæджы. «Хуыцауы ком-улæфтæй ратгæ поэт Хаджеты Таймураз йæ рæстæджы загъта «æцæг поэты нæ хъæуы премитæ, лæвæрттæ æмæ хор-зæхтæ, уыдон поэты кæнынц сафгæ». «Ис зындгонд курдиатджын фысджытæ, кæдонмæ   ныртæккæ хауы Годжыцаты Нелли дæр. Неллийæн ис йæхи философи, йæхи цæстæнгас æмæ йын мæ цæст уарзы дарддæр дæр стыр æнтыстытæ», – загъта Гæбæраты Юри.

Годжыцаты Нелли  ныронг рауагъта мыхуыры дыууæ чиныджы. Йæ фыццаг чиныг «Ирон зæрдæ» мыхуыры рацыд 1991 азы Цхинвалы, дыккаг чиныг «Æхсидав»-та  рацыд мыхуыры 2013 азы, г. Дзæуджыхъæуы. Ныртæккæ Нелли бацæттæ кодта йæ  æмдзæвгæты æртыккаг чиныг, кæцы æввахс рæстæджы рацæудзæн мыхуыры Цхинвалы.

Абон Годжыцаты Неллийы зæрдæ йæ Ирыстонæн зæгъы цæмæй æвзонг фысджытæ фыл-дæрæй фылдæр кæной, уа сын уæрæх фæндæгтæ сæ равзаргæ хъуыддаджы æмæ Ирыстонæн ноджы дæр уа рæсугъд фидæн.

 

БЕСТАУТЫ АЛАНÆ

Абон нæм цы фæлтæр рæзы Цæгаты æмæ Хуссары дæр, уыдонæй бирæтæ хъавгæйæ фæлварынц сæхи поэтикон уацмыстæ фыссыныл. Сæ бон куыд у, афтæ гæххæтмæ хæссынц сæ зæрдæйы рыст, сæ хъуыдытæ. Се сфæлдыстад кæд нырма поэтикон барæнтæм гæсгæ чысыл у, уæддæр ныридæгæн, ирон æмбисонд куыд амоны «Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг у». Уырны нæ, сæхиуыл фылдæр æмæ хуыздæр куы кусой, сæ хъаруйыл куынæ ауæр-дой, уæд сын кæй ис хорз фидæн.

Литературон преми «Булæмæргъ»-ы æртыккаг премийы лауреат Бестауты Аланæ кæд нырма 9-æм къласы ахуырдзау у, уæддæр у цалдæр премийы хицау. «Мадæлон æвзаг  мадау адджын»-ы фыццаг лауреат, конкурс «Цыкурайы фæрдыг»-ы призер, «Сатанайы фæдон»-ы хицау. Ныр йæ хорзæхтæм æрбафтыд «Булæмæргъ»-ы преми дæр. «Конкурсы хайад райсыны тыххæй мын куы загътой уæд фыццаг фæтыхстæн – иуæй мæ ныфс нæ хастон аннæмæй та нырмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг кæй нæ дæн, уый мæ къуылымпы кодта, уый та уыд конкурсы домæнтæй сæ иу. Ныр куырдиат ныффыстон паспортон-визæйон хайадмæ, РХИ-йы æмбæстагад райсыны тыххæй. Æнæнхъæлæджы мын уыд, лауреатты нымæцмæ кæй бахаудтæн, уый», – зæгъы Бестауты Аланæ.

Аланæ кæд цæргæ Ирыстоны цæгат хайы кæны, уæддæр йæ уи-дæгтæ, йæ тæгтæ хуссарæй сты. Йæ фыдæлты уæзæг у Цхинвалы районы ис – Накалакы хъæу. Йæ ныййарджытимæ ардæм арæх æр-цæуы æмæ йæ бабæрæг кæны. Уым ма бæрæг дарынц сæ хæдзары пырхæнтæ. Ацы хъæу федзæ-рæг, йæ адæм та хуыздæр æмæ сабырдæр цардагур фæцыдысты алырæттæм.

Бестауты Аланæ куыд зæгъы, афтæмæй æмдзæвгæтæ фыссы, куыд мадæлон æвзагыл, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Йе ‘мдзæвгæтæ мыхуыр цæуынц журнал «Фидиуæг», «Мах дуг», «Ногдзау»-ы. Æввахс рæстæджы та мыхуыры рацæудзæн йе ‘мдзæвгæты   фыццаг чиныг Цхинвалы.

Аланæ кæд нырма æвзонг у, уæддæр йе ‘мдзæвгæтæ  йе ‘мыдзаг сты райгуырæн къуыммæ уарзтыл, йæ хæхтæ, йæ абоны цард æмæ фидæныл. Стæй хæлардзинады ахастытыл æмæ йæ иууыл тынгдæр цы тыхсын кæны, уый у уыцы фыдæлты фарн æмæ фæзминаг æгъдæуттыл сагъæс.

Аланæ æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 5-æм къласы ма куы уыд, уæд. Йæ фыццаг æмдзæвгæ хуынд «Фæдзæхст». Æмдзæвгæтæ куы ныффыссы, уæд сæ бавдисы йæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Сидахъаты Кларамæ. «Уый мыл фæцин кæны, стæй мæ баразæнгард кæны ноджы тынгдæр».

Æвзонг курдиаты кæддæриддæр разæнгард  кæнын  фæхъæуы,  хъуамæ йæ фарс-мæ æрбалæууа ахæм  фæлтæрд  адæймаг,  йæ къуыхцытæ дæр ын чи бацамоны æмæ йын рæдауæй йæ зонындзинæдтæ чи бахæлар кæна. Абон Аланæ ахæм Хуыцауы сконд адæймагыл нымайы Ирыстоны фысджыты Цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон æмæ тележурналист, Цæгат Ирыстон-Аланийы телеалæвæрд комкоммæ эфир «Уацамонгæ»-йы амонæг – автор, Къадзаты Станиславы.

Бестауты Аланæ куыд зæгъы, афтæмæй нырыккон ирон фысджытæй табу кæныны Хъазиты Мелитон æмæ Хаджеты Таймуразы сфæлдыстадæн. Уырыссаг поэттæй та йæ зæрдæмæ цæуынц Сергей Есенин æмæ Владимир Высоцкийы æмдзæвгæтæ.

Аланæ нырма æрыгон чызг кæй у, уый тыххæй æппынæдзух йемæ вæййы йæ фыд Бестауты Вигенти. Уый куыд зæгъы, афтæмæй йæ чызджы сомбон уыдта дохтырæй. «Чызджы тырнындзинад æмдзæв-гæтæ фыссынмæ нæ бинонты ди-сы бафтыдта. Нæ хиуæттæй фыс-сæг ничи уыд, нæдæр сфæлдыстадон кусæг. Афтæ зæгъæн нæй, ома, йæ мах сразæнгард кодтам фыссынмæ. Бынтон чысыл ма уыд, афтæ бауарзта мадæлон æвзаг, æппынæдзух цымыдис кодта фыдæлты æгъдæуттæм, ирон цардуаг, ирон дарæсмæ. Йæ фарстатæй иу нæ дисы æппæрста, йæ кары кæм фехъуыста, ахæм рагон фыдæлтыккон дзаумæтты нæмт-тæ. Хатгай телевизормæ кæс-гæйæ, уайтагъд фæгæпп кæны æмæ фæцæуæг вæййы, йæ ха-тæнмæ. Уæд мах – бинонтæ зонæм – цыдæртæ та фыссы, музæ йæм æрцыд. Нал æй бахъыгдарæм, цалынмæ йæхæдæг нæ рахизы» зæгъы æрыгон поэтессæйы фыд.

Аланæйæн йæ бæллиц у журналист суæвын.

УАЗÆГТЫ Марфа,

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.