Алчи дæр уарзы æмæ стауы йæхи, алчи дæр агуры рæстдзинад – æндæр адæмтæй искæй къухы сындз фæныхсæд, уыйедтæмæ æнæхъæн наци, æнæхъæн паддзахад бæстæ сæ сæрыл сисынц, сæхимæ æркæсын кæнынц зæххы къори… Мах цæмæн æфсæрмы кæнæм алкæмæй дæр æмæ алцæй тыххæй дæр?.. Кæннод та иннæрдæм – иу цæуылдæр куы сбукъ вæййæм, уæд нæ цæмæн æрбайрох вæййынц æндæр цыдæртæ, кæд уыдон ахсджиагдæр вæййынц, уæддæр…

Æрмæст æппæлыдыстæм æмæ стыдтам нæ сафджыты… Æвæццæгæн сæдæ вагоны дæр нæ бацæуиккой, революцийы тыххæй Ирыстоны зæххыл æрмæст ирон æвзагыл фыст чи æрцыд, уыцы историон æрмæджытæ, уацтæ, аивадон уацмыстæ, кæцытæ райдыдтой ахæм ныхæстæй: «Октябры революцийы агъонмæ Ирыстон уыдис мæгуыр æмæ фæстæзад, фæлæ йын рухс фенын кодта Ленины парти». Хорз, фæуæд афтæ, фæлæ нын уыцы революци цы стыр æнамонддзинæдтæ æрхаста, уыдон кой цæмæннæ искуы скæнæм? Кæд искуы-иу хатт, Ирыстоны дыууæ дихы кæй фæкодтой æмæ йын йæ иу хай не знæгты хъуыры кæй нытъыстой, уый кой чъызгæйæ скæнæм, æндæр…

Цæмæннæ искуы скодтам æмæ кæ-нæм Бургъустаны хæсты кой, бирæтæ йын кæддæрты йæ кой цы фехъуыстой, уыйедтæмæ уый дæр куы нæ зонынц, хæринаг у æви – нуазинаг…

Уый уыд сæдæ азы размæ, 1920 азы, Ирыстоны хуссар хай гуырдзы æртхутæг куы фестын кодтой, уыцы рæстæджы. Ам адæм сæ туджы куы мæцыдысты, революцийы æххуысмæ куы æнхъæлмæ кастысты, уæд хуссайраг ирæттæй хæцынхъом, знаджы ныхмæ æрлæууынхъом чи уыд, уыдон сæхæдæг та сæдæ-гæйттæй Хъубаны быдырты цагъды кодтой.

1920 азы сæрды æмбисы Стараполы зылды стыр тасы бахауд  большевикон змæлд. Врангель сфæнд кодта, йæ размæ чи уыд, уыцы урс æрдонгты къухдариуæггæнджыты лæмæгъдзинад сраст кæнын, Хъубан æмæ Цæгат Кавказ сырхыты хъуырæй фелвасын. Урс инæлар Хвостиковы æфсад бацахста Армавир, Майкоп, Лабинск, Суворовск, Бекешевск æмæ Бургъустаны станицæтæ. Уавæр тынг æндыгъд æмæ тæссаг кæй уыд, уымæ гæсгæ Ленины бахъуыд æвæстиатæй йæ гуырдзиаг æмхъуыдыгæнæг Серго Орджоникидземæ тел ныццæвын, цæмæй тагъдыл æмæ бынтондæр скуынæг кодтаиккой цыдæриддæр Кавказы бандæтæ уыдис, уыдоны. «Быстрейшая и полная ликвидация всех банд и остатков белогвардейщины на Кавказе и Кубани – дело обсолютной государственной важности. Осведомляйте меня чаще и точнее о положении дел. В. И. Ленин».

Уайтагъд æрæмбырд кодтой Хуссарирыстойнаг 2-аг бригадæйы хæстонты æмæ сæ арвыстой Хвостиковы æфсады ныхмæ Есентук æмæ Кисловодскы районмæ. Бригадæйы сконды уыд куыд фистæг, афтæ бæхджын полктæ дæр.

Ирон хæстонты сæхицæй сæдæ хатты фылдæр æмæ гæрзифтонгдæр хæстонты ныхмæ арвыстой къахыдарæс, уæлæдарæс сын нæ фаг кодта, афтæмæй, иу хæстонæн суткæйы дæргъы æрмæстдæр 400 граммы æнахуыйæн кæрдзыны къæбæр дæтгæйæ…Фæлæ ирон лæг цыфæндыйæ дæр тохы быдыры ирон лæджы кад дæлæмæ кæд æруагъта – ирон бригадæйы хæстонтæ уайтагъд урсытæй  ссæрибар кодтой Есентук, Железноводск, Суворовск, Бекешевск æмæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой, уавæр иууыл карздæр æмæ тæссагдæр кæм уыд, уырдæм – Бургъустаны станицæ байсынмæ. Станицæмæ хæстæг уал уыцы-иу цæфæн скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы развæдсгарæг къорды, æмæ æртæ километры дæрддзæгæн сæхи æрцæттæ кодтой размæбырстмæ. Боныцъæхты сæ къухы бафтыд, йæ цæрджыты фылдæр хай кæмæн фæлыгъдысты, уыцы станицæмæ бабырсын. Чи сафтид, уыцы хæдзæртты æрбынат кодтой урсгвардионтæ æмæ афтæмæй самадтой мæлæтхæссæг хæст. Уымæ æнæкæсгæйæ ирон бригадæйæн бантыст станицæ ссæрибар кæнын æмæ стратегион нысаниуæг кæмæн уыд, уыцы бæрзæндтæ бацахсын. Урсытæ ма уæддæр фæлвæрдтой Бургъустан фæстæмæ сæхи бакæныныл, фæлæ сын ирон бригадæ алы бафæлвæрдæн дæр лæвæрдта аккаг ныхкъуырд.

Ирæтты бригадæйæн чи разамынд кодта, уыдон иууылдæр уыдысты уырыссæгтæ: Командагæнæг – Янышевский, полчы командиры æххуысгæнæг – Лукин, развæдсгарджыты командир – Огурцов…

Фæлæ ирон бригадæйы трагикон историйы иууыл æбуалгъдæр хъуыдаг у, кæй сæ ауæй кодтой, уый… Се хсæн уыд уæйгæнджытæ, кæцытæ бастдзинад дардтой инæлар Хвостиковы æфсадимæ æмæ сын развæлгъау хъусын кодтой сæ размæбырсты тыххæй. Уыдонæй иу уыд гуырдзиаг, Чхеидзе йæ мыггаг, фæлæ ирæттæн йæхи хуыдта Давыдов, кæцыйы фæстæдæр фехстæуыд йе мхъузæттимæ иумæ. Æвзæры фарст: кæд ирæтты сæ арты судзгæ фыдыбæстæйæ атона кæныны уæлдай уæй дæр кодтой, уæд кæдæм каст командакæнынад?. Хъуыддаг дæр уый мидæг ис æмæ бригадæйыл командагæнæг Янышевский йæхæдæг уыд уæйгæнæг. Ныббырсынмæ-иу сæм чи хъавыд, уыцы урсгвардионты-иу ирæттæн схуыдта сырхгвардионтæ, цыма сын æххуысмæ цæуынц… Ирон хæстонтæн сусæг уæйгæнджытæ афтæ тынг ба-уырнын кодтой, тас сын кæй ницæмæйуал у, уый æмæ уыдон дæр, æнæ æмбæлон развæдсгæрст æмæ хи æдасдзинад хъахъхъæнгæйæ, сæхицæн радтой иу чысыл баулæфыны бар. Æмæ сыл раст уыцы рæстæджы балбирæгътау фæйнæрдыгæй æнæнхъæ-лæджы æрхъула кодой урстыты æртæ бæхджын полчы æмæ сæ райдыдтой æгъатырæй куынæг кæнын. Уый уыд æнахуыр,  æнæмсæр хæст, уымæн æмæ урсытæ нымæцæй уыдысты бирæ фылдæр. Фæлæ сайдыфæуæг ирæтты хъæбатырдзинад æмæ фердæхтдзинады фæрцы бригадæ аирвæзт бынтон скуынæгæй. Гæрзифтонг æмæ бирæнымæц бæхджын æфсады ныхмæ фæлæууын зын куыднæ уыдаид бæрцæй дзæвгар къаддæр, хæцæнгарзæй цух фистæг æфсадæн… Нæмгуытыл ауæрдгæйæ хъахъхъæдтой сæхи, кæд сыл стыр зиæнттæ цыд, уæддæр тох кодтой фæстаг сулæфты онг, бантыст сын, афтæ мæнгард æмæ сæм æгъатырæй чи æрбабырста, уыцы знæгтæн сæхицæй дæр дзæвгар скуынæг кæнын. Цæфтæн æххуыс кодтой, станицæйы ма цы бынæттон цæрджытæ баззад, уыдон, кæд сæхицæн тынг тæссаг уыд, уæддæр.

Йæ туджы æвдулæг 2-аг Хуссарирыстойнаг бригадæмæ æххуысмæ фæзынд, Гæджиты Бадила кæмæн разамынд кодта, иуæндæсæм Сырх æфсады уыцы бæхджын полк, кæцы ныддæрæн кодта, урсгвардионтæй ма чи баззад,  уыдоны æмæ ссæрибар кодта, уацары чи бахауд, уыцы партизанты дæр.

Афтæмæй ирон адæмы равзаргæ хъæбултæй мин æмæ æрдæджы бæрцæн сæ цард аскъуыд Бургъустаны сæрыл тохы, кæд сæхи райгуырæн бæстæ уæззаудæр уавæры уыд, уæддæр…

Диссаг куыднæ у, мах та æвдай азы дæргъы «Ленины парти, дзыллæтты уарзон фæтæг» зарæг зарынæй ныффæсус стæм…

Æнæхъæн Хуссар Ирыстон арты кæй сыгъд, уый тыххæй цæмæннæ фыста Ленин Орджоникидземæ, «дело обсолютной государственной важности», зæгъгæ?.. Уый нæ, фæлæ уыцы æбуалгъы трагедийы сæйраг ролы хъазыд, бирæ азты дæргъы Ирыстоны иууыл стырдæр æмæ сæйрагдæр сахар кæй ном хаста, уыцы Серго Орджоникидзе йæхæдæг, кæцы зыдта, ирон бригадæйы æхсæн уæйгæнджытæ кæй ис, æгæрстæмæй цал сты, уый дæр… Уæды трагикон цаутæ æмæ историон æрмæджытыл æнцой кæнгæйæ фидарæй зæгъæн ис: ирæтты сайгæ акодтой уыр-дæм!..

Кæд афтæ нæу, уæд уый бæрц рæстæг цæмæн æмбæхстой ирон адæмæй рæстдзинад 2-аг Хуссар-Ирыстойнаг бригадæйы тыххæй? Æхсайæм азы уыцы сайдвæстаг, зынгхуыст хæстонтæн цы цырт сæвæрдтой, ууыл цæмæн ис фыст «545 хæстонæн», кæд æмæ Бургъустаны цы ирон хæстонты ныццагътой, уыдоны нымæц мин æмæ æрдæджы бæрц уыд, уæд?.. Кæнæ, Бургъустаны хæсты хъæбатыр хайадисджытæй ма удæгас чи баззад, уыдон репресситы амæттаг цæмæн фесты æртынæм азты?.. Цæмæй, фадат сын фæзынгæйæ ма сдзырдтаиккой рæстдзинадыл. Уыцы рæстдзинад та дзурæг у ууыл, ирон адæмæн ацы хæсты дæр кæй сарæзтæуыд геноцид, ноджы мæнгарддæр, æлгъагдæр формæйы. Революцийы гуырдзиаг сæрбосты хъуыдис хицауиуæгад бацахсын, фæлæ, уый æмрæстæджы куыднæ хъуамæ спайда кодтаиккой уавæрæй, куыднæ хъуамæ фæкъаддæр кæнын кодтаиккой ирæтты, кæд æмæ сын уый фадат уыдис, уæд!..

Фæлæ нæхæдæг, ирон адæм та? Уал азы дæргъы  Цæгат Ирыстоны хицауады хæдзары рудзгуытæй Орджоникидзейы цыртмæ кæсгæйæ афтæ цæмæннæ исчи загъта: нæ республикæйы сæйраг фæзуаты ирон адæмы знаджы цырт цæмæн ис æмæ нæ республикæйы сæйраг сахар йæ ном цæмæн хæссы?..

PS. Уыцы мæнгард хæсты чи бацарæфтыд, уыдон ницы аххосджын уыдысты нæ дæр сæ адæмы, нæ дæр историйы раз. Уыдон сæ мæлæт ссардтой лæгæвзарæн хæсты, ирон лæджы кад æмæ намыс дæлæмæ ницæмæй æруагътой. Уыдон ницы аххосджын уыдысты нæ разы æмæ сын хъуамæ кад кæнæм, сæ рухс нæмттæ сын мысæм. Æмæ стыр бузныг Ирыстоныл иузæрдион хъæбултæ Хетæгкаты Оксанæ, Зассеты Болат æмæ æндæртæн, ацы бонты Бургъустаны хæсты бабынуæвæг ирон хæстонты цыртдзæвæнмæ кæй ныццыдысты æмæ сын уым цæрæг бынæттон ирæттимæ иумæ кæй скад кодтой, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.