Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидмæ æрæрвыста бузныджы фыстæг

Фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Леонид Харитоны фырт!

Стыр бузныджы æмæ райгонды ныхæстæ дын зæгъын нæ иумæйаг æфтиагджын куысты тыххæй!

Ды Президент куы уыдтæ, уыцы азты къухы бафтыд цæсты ахадгæ фæстиуджытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæзтады, æндидзын кæныны æмæ социалон-экономикон рæзты хъуыддаджы. Республикæйы цард фæивта хорзæрдæм, хизын райдыдта экономикæйы рæзты ‘рдæм, фæхуыздæр ис адæмы фæрныгад. Дæ адæймагон æмæ профессионалон миниуджытæ, компетенци æмæ куырыхондзинад ахъаз фесты æхсæнады фарн æмæ сабырдзинад бахъахъхъæнынæн, афтæ ма нæ бæстæты æхсæнахастытæ ног æмвæзадмæ ракæнынæн.

Фидарæй мæ уырны, аккагæй дæхицæн цы ном скодтай, уый, хъæздыг фæлтæрддзинад æмæ патриотизм фадат кæй ратдзысты, цæмæй дарддæр дæр æнтысгæйæ кусай дæ адæмы хæрзиуæгæн æмæ ахъаз уай Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны æмцæдис фидар кæнынæн.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ царды хорздзинæдтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.