Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой 20 азы дæргъы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы. Æппæт уыдæттæ хынцгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, Ахуырады министрад æмæ йæ дæлбар уагдæттæ æппæт тыхтæй дæр архайынц нæ рæзгæ фæлтæры абоны æмæ фидæны рæсугъд царды тыххæй. Уымæ гæсгæ абон Хуссар Ирыстоны сывæллæттæн, ис хорз перспективæтæ сæ дарддæры царды. Æхсæнадæн нæ уыдзæн аккаг фидæн, кæд æмæ æмбæлон æгъдауæй нæ аудой сывæллæтты æнæниздзинадыл, сæ ахуырыл, сæ хъомыладыл. Сывæллæттæ æхсæнады хъуамæ сæхи æнкъарой хъахъхъæдгондыл, цæмæй тырной сомбоны сæ Райгуырæн бæстæйæн пайда æрхæссынмæ.

Нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгтæн сæ дыккаг хъомыладон уарзондæр уагдæттæй сæ иу у нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Ацы уагдоны коллектив сæ директор Джиоты Арянæйы сæргълæудæй, æппæт дæр аразынц рæзгæ фæлтæры хъомылады тыххæй, кæнынц сын алыварсон лæггад. Галуаны цы бирæ кружоктæ, конкурстæ ис, уыдонмæ зæрдæрайæ цæуынц ахуыргæнинæгтæ.

Сывæллæтты сфæдыстадон уагдоны алыгъуызон программæты ’хсæн ис ахæм программæ дæр, куыд зæгъæм, «Алцы куы зонин», «Зон дæ райгуырæн къуым», «Дунейыл афæлгæст». Амонынц сæ Бабаты Аллæ, Коцты Нинель æмæ Джыккайты Риммæ. Дунейыл афæлгæст конд у авд моделæй: Арæхстджын къухтæ, ирон традицитæ, ирон къæбиц æмæ афтæ дарддæр. Ацы мадзæлттæм горæты ахуыргæнинæгтæ цæуынц дыццæг бонты æмæ республикæйы районтæй та æрцæуынц хуыцаубон бонты. Уæдæ зæгъæн ис афтæ, æмæ галуаны коллектив улæфт бонты дæр кæй фæкусы. Хорз боныгъæдты рæстæджы сывæллæтты акæнынц æрдзы хъæбысмæ дæр. Уый æддейæ ма галуаны кусджытæ сывæллæттæн фæуадзынц алыгъуызон ахуыртæ.

Сентябрæй суанг марты онг ацы программæйы хайад истой Знауыры районы скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Апрелы мæйæ та программæйы хайад райсынмæ æрцæуынц Дзауы районы скъолаты ахуырдзаутæ. Апрелы мæйы цыппар хатты галуаны уазджытæ уыдысты Денис Ветчиновы номыл Гуфтайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Уыдон стыр райгондæй баззадысты галуаны кусджыты аудгæ ахаст æмæ лæггæдтæй. Уагдоны кусджытæ программæйы фæлгæтты скъоладзауты зонгæ кæнынц Райгуырæн бæстæйы фенддагдæр бынæттимæ видеофильмты руаджы, афтæ ма сын ауадзынц уырыссаг æвзаджы ахуыртæ.

Гуфтайы скъолайы коллектив сæ директор Тедеты Гретаимæ бузныг зæгъынц галуаны коллективæн ацы уагдоны директор Джиоты Арянæйы сæргълæудæй.

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.