Ныртæккæ нæ базары цы бынæттон цъæхыгтæ   уæй кæнынц, уыдонæн сæ зынгæ хай зайын кæнынц Хуыбецты дыууæ æфсымæры Сослан æмæ Руслан. Уыдон цалдæр азы размæ нæ горæты, Хъайтарты уынджы кæрон цы сæрибар зæхх уыд, уым сарæзтой хъармуат. Зæхх дыууын азæй фылдæр ничи куыста, уыд æнæркаст. Дыууæ æфсымæры йæ ныссыгъдæг кодтой, стæй йæ бахуым кодтой. Мæр уыд зынкусæн, мæгуыр, æрбаластой йæм æндæр ранæй сыджыт, бахастой йæм фаджыс æмæ бавнæлдтой сæ куыстмæ счъилдысæй. Æфсымæртæй дыууæйæ не ‘ххæссыдысты сæ куыстыл æмæ бахатыдысты сæ мады æфсымæры лæппумæ. Уый сын разы дæр ссис æмæ ма сын ныфсытæ дæр æвæрдта, хъуыддæгтæ рæстмæ кæй ацæудзысты, уымæй.

Дыууæ æфсымæр, цæмæй ахæм егъау хъармуат сарæзтаиккой, уый тыххæй кредит райстой бангæй, æфстау æхца райстой се ‘мбæлттæй дæр. Фæлæ сын иугæр сæ мады ‘фсымæры лæппу ахæм ныфсытæ бавæрдта, кæцы чысылæй фæстæмæ уарзы зæххы куыст, йæхи къухтæй æркæнгæ халсæрттæ æмæ дыргътæй цæры, æмæ фæныфсджын сты. Лæппутæ кæрæдзи бамбæрстой æмæ ныр дыууæ азы сæ хъармуаты тауынц пъамидортæ æмæ джитритæ. Экологион æгъдауæй сыгъдæг продукттæ ал-кæйы дæр хъæуы. Уыдонмæ бынатмæ цыдысты æлхæнджытæ æмæ уым æлхæдтой халсæрттæ. Ацы аз та уыдон байтыдтой цъæхыгтæ.

Мах бацымыдис кодтам, хъæрмуаты цы цъæхыгтæ æрзад, уыдонмæ цахæм хъацæнтæ хæссынц, уымæ. Уый фæдыл нын Сослан афтæ загъта:

«Фæстаг азты зæхкуысты къабазы фæзынд иу стыр проблемæ. Зæххы куыст кæнын никæй уал фæнды, кæд æмæ а-зæххыл уый фæрцы цæрæм, уæддæр.

Адæм алыгъуызон химикаттæй пайда кæнынц, æмæ уымæй мах кæнæм фыдми зæххæн, сарæх сты алыгъуызон низтæ. Фылдæр тыллæг райсынымæ тырнгæйæ, махæй бирæтæ нæ ауæрдынц алыгъуызон химикаттæ мæрмæ бахæссыныл. Уыцы дыргътæ æмæ халсæрттæ нæ бинонтæ, нæ кæстæртæ æмæ не ‘ввахс адæм кæй хæрдзысты, ууыл нал фæхъуыды кæнæм. Уымæ гæсгæ къух сисын фæхъæуы ахæм препараттыл, æнæ уыдон ис тыллæг æркæнæн. Баивæн сын ис, адæймаджы организмæн зиан чи нæ хæссы, ахæм æрдзон хъацæнтæй. Уымæй, иуæй не ‘нæниздзинад бахъахъахъæндзыстæм, аннæмæй тыллæграйст къаддæр нæ уыдзæнис.

Иу ахæм метод ис, нæ фыдæлтæ куыд кодтой, уый – дæ зæххы фадыгыл фаджыс ныккал æмæ 4-5 азы сæрибар дæ. Хъæрмуатæн та йæ аразын зын у, фæлæ уый фæстæ пайда хæссы. Æрмæст хъуамæ куыстуарзаг уай. Æппынæдзух, сæрдæй-зымæгæй, сæ мидæг хъуамæ архайай. Æрдзы аномалон фæзындтытæй кæд хызт уыдзæн дæ тыллæг, уæддæр зонын хъæуы цафон сын цы аразын хъæуы, уый. Ныртæккæ интернет хызæгты бирæ амынд-тытæ ис зайæгойты тыххæй æмæ мах дæр уыдо-нæй пайда кæнæм. Зымæгон бонты хъæрмуат хъарм кæнæм газæй хъармгæнгæ пецтæй. Йæ ми-дæг ын сæвæрдтам, фондз тоннæйы кæм цæуы, ахæм бак æмæ афтæмæй донхæр кæнæм», – зæгъы Хуыбецты Сослан.

Ныртæккæ та хъæрмуаты зайы петрушкæ, цæхæрайы сыфтæ, киндзæ, тархун æмæ салаты сыфтæ. Амалиуæггæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æрласæггаг цъæхыгтæй  уыдон асламдæр кæнынц сæ продукци.

Хъуармуат саразыныл Хуыбецты лæппутæ бахардз кодтой 3 милуан сомы бæрц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æхцатæ нæма систой. Фæлæ оптимизмимæ кæсынц фидæнмæ. Пъамидортæ цæмæннæ уал ныссагътой ацы аз, уый тыххæй сæ куы фарстам, уæд загътой, зæгъгæ, архайынц сæ хæлар специалистты амындмæ гæсгæ, кæцытæ Цæгат Ирыстоны кæнынц æнгæс куыст. Зæгъынц, зæгъгæ, хорз уаид, ам нæхимæ лаборатори саразын, кæцы йæ хъус дара халсæртты рæзтмæ. Ныртæккæ ахæм лабораторитæ бирæ ис Кабардайы æмæ комкоммæдæр уыдоны хъусдарды руаджы уым исынц  хъæздыг æмæ гъæдджын тыллæг. Лабораторитæ бæрæг кæныц сыджыты гъæд æмæ дзы цы культурæтæ хуыздæр æрзайдзæн, уый.

Дыууæ æфсымæр куыд зæгъынц, афтæмæй сæ зæрды ис, сæ хъæрмуаты фарсмæ ма цы афтид зæхх ис, уым дæр ноджы иу хъармуат саразын, фæлæ нырма  финансон æгъдауæй ифтонг не сты æмæ уымæ гæсгæ чысыл фæфæстæдæр уыдзæн уыцы хъуыддаг.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.