Цыппурсы фӕстӕ къуырийы æртыццæгæхсæвы ирӕттӕ бӕрӕг кодтой Бынаты ӕхсӕв. Дӕлимонтимӕ ӕнгом баст кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ ма йӕ фӕхонынц ӕндӕр нӕмттӕй дӕр: Хӕйрӕджыты ӕхсӕв, Кӕйдӕрты ӕхсӕв, Дзинкъуыртӕ. Йӕ бонмӕ-иу скодтой кувинаг нозтытӕ – бӕгӕны, арахъ. Ӕнӕмӕнг-иу суагътой туг, арӕхдӕр ӕргӕвстой сӕгъ, æргæвстой карк  дæр, уæлдайдæр та сау карк.

Раздæр ацы бон кæрз хъæдæй кодтой фыдбылызæй хизæг къæпсырхуыз сæрдзæвæнтæ. Бафидар сæ-иу кодтой се ‘ддаг дарæсыл, сæ худтыл, дуæртты æмæ рудзгуыты зыхъхъырты, хæдзары дзаумæттыл. Сындзджын къалиутау адон дæр хæдзар, бинонты æмæ фосы хызтой алы низтæй æмæ фыдбылызхæссæг иблистæй.

Фыдӕлтӕй куыд баззад, афтӕмӕй ацы бардуаг уыди сылгоймӕгты “бӕрны”. Ирон сылгоймӕгтӕ дзуӕртты сӕхи нӕмттӕй нӕ хонынц, фӕлӕ сӕ кой фӕкӕнынц фӕсномыгӕй, фӕткмӕ гӕсгӕ сылгоймаг хъуамӕ уа хӕдӕфсарм, ӕмӕ, дзуӕртты нӕлгоймӕгтӕ цы нӕмттӕй хонынц, уыдон дзурыны бар сын нӕй, сӕхи нӕмттӕй хонынц ӕрмӕст Аларды, Бынатыхицау ӕмӕ Хуыцауы дзуары. Ома, нӕфӕтчийаг дзуӕртты нӕмттӕ чи сдзура, уый нымад цӕуы ӕгъдаухалӕгыл.

Бӕрӕгбоны фынгыл хи куыд дарын хъӕуы, уымӕн дӕр уыди йӕхи сӕрмагонд фӕтк. Нывондаг кусарты кӕнӕ-иу маргъы ауӕнгтӕ кодтой, архайдтой, цӕмӕй се стджытӕ ӕнӕхъӕнӕй  баззайой. Кувинаг чъиритӕ, нозтытӕ ӕмӕ фых дзидзайы хӕйттӕ-иу фынгыл равӕрдтой, цырагъ-иу ахуыссын кодтой ӕмӕ-иу талынг уатӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ рацыдысты ӕддӕмӕ. Фынг-иу бамбӕрзтой нымӕтӕй ӕмӕ-иу хӕдзарӕй ахизгӕйӕ, ӕдде дзӕвгар рӕстӕг ныффӕстиат сты. Рацæуыны размæ-иу хистæр скуывта Бынатыхицауæн.

Бынатыхицау у адӕймаджы ныстуантӕ дӕлимонтӕм хӕццӕгӕнӕг тых. Кусарт акӕныны размӕ балӕгъстӕ кӕнынц иблисӕн ӕмӕ, Хуыцау бахизӕд, фӕлӕ мыййаг кувӕг лӕг Хуыцау кӕнӕ дзуӕрттӕй искӕйы ном срӕдыд, уӕд ӕгас бинонтӕ дӕр сагъӕссаг фӕуыдаиккой: “хӕйрӕг сӕ афӕдзы дӕргъы йӕ маст исдзӕн, кӕй йӕ бафхӕрдтой, уый тыххӕй.”

Ивгъуыд æнусы райдианы æбæрæг автор уый тыххæй хъусын кодта, зæгъгæ: “Кусæрттаг сæгъы хæйттæй æппарæн ницæмæн ис. Йæ сыкъатæ, тъæнгтæ æмæ йын йæ хуылфы-дзаумæттæ ахæссынц æмæ сæ баныгæнынц зæххы. Иннæ уæнгты иууылдæр сфыцынц. Сæгъы фых дзидза-иу фынгыл биноныг æвæрд скодтой, æрæвæрдтой-иу фынгыл къусы дзаг хохаг бæгæны æмæ дыууæ чъирийы”.

Уӕдӕ ацы ӕгъдауӕн ис ахӕм ахадындзинад: алы хӕдзары дӕр ис хӕрзаудӕг зӕд ӕмӕ хӕйрӕг; фысым, хӕдзары хицау хъуамӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр балӕгъстӕ кӕна, батабу кӕна, нывондаг сын аргӕвда. Зӕдӕн, хӕдзар фыдбылызӕй кӕй хизы, бинонтӕн ӕнӕниздзинад кӕй дӕтты ӕмӕ хӕдзарыл рӕстмӕ кӕй ауды, уый тыххӕй. Хӕйрӕгӕн та уый тыххӕй, цӕмӕй сӕ хӕдзармӕ ӕввахс ма цӕуа, хинтӕ сын ма кӕна. Хӕйрӕгӕн сӕгъ адджын кӕй фӕци – йӕхӕдӕг ӕй сфӕлдыста – уый тыххӕй йын нывондӕн ӕрхӕссынц сӕгъ, ӕндӕр нывондаг ӕй нӕ хъӕуы, ӕндӕр искӕйы дзидза хӕргӕ дӕр нӕ кӕны ӕмӕ йӕ сӕгъы фыдӕй куынӕ бахынцай, уӕд сӕм фӕфыдӕх уыдзӕн. Ӕмбисондӕн фӕдзурынц: “Хӕйрӕгӕй дын цы тас у, зӕдӕй афтӕ ма фӕтӕрс”. Хӕйрӕг минас куы фӕкӕны, уӕд йӕ разы мачи хъуамӕ уа, ӕмӕ уый тыххӕй бинонтӕ рахизынц ӕддӕмӕ.

Дуармӕ цасдӕр алӕууыны фӕстӕ бинонтӕ ӕрбахизынц агъуыстмӕ ӕмӕ фынгыл сбадыны размӕ акӕстытӕ кӕнынц фынгмӕ. Афтӕ нымадтой: кувинӕгтӕй иу комдзаг, иу хъуыртт дӕр хъуамӕ ма фесӕфа, науӕд, зӕгъгӕ, афӕдзы дӕргъы бинонтӕй иу фӕхъӕудзӕн. Бӕрӕгбон афтӕ домдта, ӕмӕ, цы хойраг сцӕттӕ кодтой, уый хъуамӕ бахордтаиккой бинонтӕ ӕрмӕстдӕр сӕхӕдӕг. Ӕцӕгӕлон сӕ фынгмӕ нæ хуыдтой. Суанг ма-иу кусартӕн йӕ туг ӕмӕ йе стджытӕ дӕр иу мур, иу ӕртахы онг ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ-иу бӕстон баныгӕдтой, цӕмӕй сӕм мацы фӕхӕццӕ уа. Уыцы ӕхсӕв-иу уынгты сӕндзӕрстой хъӕмпын ӕртытӕ ӕмӕ-иу ын йӕ цӕхӕр фӕйнӕрдӕм пырх кодтой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.