Рагон грекъаг философты хъуыдымæ гæсгæ, Хицауад, Парламент æмæ Тæрхондонон органты æнгом куыст  у бæстæйы стабилондзинады æмæ йæ территорийыл цæрæг адæмы фæрныгады бындур. Фæлæ ахæм сабырадон уæвынадæн гæнæн ис æрмæстдæр идеалон паддзахады, ахæм паддзахад та адæймагады историйы никуы  уыд. Уый уæвынад кодта æрмæстдæр философты хъуыдыты, кæцытæ сæ зонадон куыстыты æвдыстой, сæ хъуыдыйы цы бæстæ уыд, уый амондджын цæрджыты цард.

Абон РХИ-йы политикон царды сæвзæрд ахæм уавæр, хуымæтæджы кусæгон конфликт, кæцыйæн гæнæн уыд æнцонтæй аскъуыддзаг кæнын æппæт фæрстæн, республикæйы цæрджытæн æвдыст куы цæуы, куыд трагедийы масштаб, афтæ. РХИ-йы Хицауад æмæ Парламенты ‘хсæн быцæутæ кæй ис, уымæ гæсгæ 2017 азæн Паддзахадон бюджет ныры онг дæр ист нæма æрцыд. Комментаторты аххосæй, кæцытæ мидис нæ зонгæйæ, фæтæрхон кæнынц йæ аххосæгтæ æмæ фæстиуджытыл, адæм фæтарстысты. РХИ-йы хуымæтæджы цæрджытæ тæрсынц уымæй, æмæ куы баззайой цæрыны æнæ фæрæзтæй, æнæ льготон хостæй, рынчынтæ æрвыст куынæ уал цæуой хоскæнынмæ. Фæн-ды нæ, катайы чи бахауд, уыцы æмбæстæгты æрсабыр кæнын,  иуæй-иу чиновниктæ, æгæрыстæмæй, депутаттæ дæр (уыдон та хъуамæ зоной закъондæттынад) афтæ кæй фехъусын кодтой, зæгъгæ, финанстæй ифтонг нал цæудзысты организацитæ æмæ, зæгъ, адæм баззайдзысты æнæ куыстмыздтæй, уыцы ныхæстæн æцæгдзинадимæ иумиагæй ницы ис.

Хъахъхъæдгонд статьятæ, кæцытæм хауынц куыстмызд, стипендитæ, сывæл-лæтты пособитæ, хæлцад, медикаменттæ æмæ бæттæн  фæрæзтæм æвналыны бар никæмæн ис æмæ уыдон финанстæй ифтонг цæудзысты æххæст гуырахстæй Паддзахадон бюджеты цæугæ хæрдзты хъахъхъæдгонд статьяты номхыгъдмæ гæсгæ. Финансты ми-нистрадæн бар ис бюджетон фæрæзты Сæйраг бардарджыты (распорядитель) онг хæццæ кæнын, бюджетон фæрæзты æмæ бюджетон хæсты лимитты бюджетон фæрæзты æмæ бюджетон хæсты лимитты 1/12 хайы бæрц хыгъдон фи-нансон азы, ома, аивгъуыйгæ 2016 азы. Дарддæр, Æнæниздзинад хъахъхъæ-ныны министр Григори Кулиджанов, Ахуырады министр Гасситы Натали, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир дзыллон информацийы фæрæзты цы бæрзонд-технологон хоскæныны æмæ хæлцад-мæ хауæг финанскæнынады тыххæй дзырдтой, уымæн ис РХИ-йы Парламентимæ министрадтæ æмæ ведомствотæ æхцайы фæрæзты хардз кæныныл иумæ æруынаффæ кæныны бæрæг фæтк, бюджетон фæрæзты хардз кæнын фæхуымæтæгдæр кæныны нысæнттæн, кæцытæ хаст не сты хъахъхъæдгонд статьяты номхыгъдмæ.

Афтæмæй, гæнæн ис ахæм хатдзæг саразын, зæгъгæ, депутатты-чиновникты раныхæстæ, кæцытæ афтæ тынг тыхсынц адæмы тыххæй, сты РХИ-йы Парламенты Сæрдары негативон хуызы равдисыны бафæлвæрдтытæ, уымæн æмæ уый карзæй лæууы РХИ-йы закъондæттынад бахъахъхъæныны позицитыл.

«2017 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Закъоны хæрдзты ведомствойон структурæйы бюджетон фæрæзты сæйраг бардарæгæй (030) цæуы Уæлдæр Арбитражон тæрхондон, ома, де-юре чи нæ уæвынад кæны, бюджетон фæрæзты уыцы бардарæг. Ацы æнæмбæлондзинадмæ  иу æмæ дыууæ хатты нæ бацамыдтой Парламенты депутаттæ бюджетон закъондæттынадмæ æркæсы-ны рæстæджы, куыд Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты рабадтыты, афтæ РХИ-йы Парламенты сесситы дæр. Уыи-мæ сæвзæргæ уавæрмæ алы-гъуызон æмвæзадыл хъусдард здæхта РХИ-йы Парламенты спикер Бибылты Анатоли. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр «2017 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджеты тыххæй»  æрбавдисгæ проекты формулировкæ баззад раздæрау  Уæлдæр Арбитражон тæрхондон, кæцы ис æнæмбæлон хъуыддæгты архайгæ юридикон уавæры.  Паддзахадон бюджет афоныл ист кæй не ‘рцыд, уый фыццаг хатт нæу Хуссар Ирыстоны историйы. 2009 азы бюджет ист æрцыд уыцы азы ноябры мæйы, 2010 азы бюджет фидар æрцыд 2010 азы майы мæйы.

РХИ-йы цæрджыты уыдон тæрсын кæнынц, зæгъгæ, æнæсфидаргонд паддзахадон бюджеты уавæрты уагъд не ‘рцæудзысты РХИ-йы Президенты бы-натмæ æвзæрстытæ. Фæлæ, «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзарæн барты æмæ референдумы хайад райсыны барты сæйраг гарантиты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион Закъоны 45-æм статья амоны, ахæм уавæры цы саразын хъæуы, уый: «Кæд æмæ æвзæрстыты, референдумы финанскæнынад æххæст не ‘рцæуа æмбæлон бюджеты фæ-рæзты хыгъдæй, афтæ ма æвзарæн къамисæн, референдумы къамисæн афоныл фæрæзтæ хынцыд куынæ æрцæуой, кæцыйыл Республикæ Хуссар  Ирыстоны Конституцион Закъон кæнæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æндæр закъон сæвæрдта æвзарæн къамисы, референдумы къамисыл бацæттæ кæныны æмæ æмбæлон æвзæрстытæ, референдум ауадзыны  архайды къухдариуæгадæн, ацы хæрдзтæ фыст цæуынц бангты кредитты хыгъдæй, кæцытæ лæвæрд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзарæн къамис, референдумы къамисæн фæстæмæ раздахгæ бындурыл. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад, бынæттон хицауиуæгады æххæстбарджын орган хæсджын у, æмбæлон æвзарæн къамис, референдумы къамис æм цы бон бахата, уымæй дæс боны æмгъуыдмæ, уымæн паддзахадон гаранти радтын кæнæ бынæттон хицауиуæгады органты гаранти кредитон фæрæзтæ раздахыны хæстæ сæххæст кæныны, уыцы нымæцы сæ проценттæ дæр». Хъуыды кæнæм афтæ, æмæ дарддæры комментаритæ уæлдай сты…

РХИ-йы  Парламенты

Информацион-аналитикон Управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.