Ног 2017 азыл бæстæ сæмбæлд æнæ сфидаргонд паддзахадон бюджетимæ. Ныхдур ссис, бюджеты  хицæн рæнхъæй  Арбитражон тæрхондоны финанскæнынад хаст кæй æрцыд, уыцы уавæр. Арбитражон тæрхондон дефакто нырма нæй, уымæн æмæ нырма ликвидаци не ‘рцыд Уæлдæр арбитражон тæрхондон. Парламентаритæ банымадтой, зæгъгæ, хъуамæ ауагъдæуа тæрхондонон реформæ, уый фæстæ та хъуамæ райст æрцæуа бæстæйы сæйраг финансон документ, уымæн æмæ сырæзт юридикон коллизи. Бюджет кæй нæ райстæуыд, уый та уадиссаг нæ бандавдзæн паддзахады куыстыл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Парламенты уый тыххæй ис æндæр хъуыдытæ. «Æз афтæ нымайын, æмæ нæ паддзахадæн ис приоритетон фарстатæ, кæцытæй иу у, кæй зæгъын æй хъæуы, бюджеты райст. Уым æмбарын хъæуы уый, æмæ ацы документ республикæйæн у ахсджиаг, уымæн æмæ райст куынæ æрцæуа, уæд зындзинæдтæ сараздзæн æххæстгæнæг хицауиуæгадæн йæ архайд æххæст гуырахстæй сæххæст кæныны хъуыддаджы», – зæгъы парти «Ныхас»-æй Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат  Бесаты Зитæ.

Абон дзырд цæуы ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, куыстмыздтæ æмæ медицинон фадыджы финанскæнынад нæ бафæстиат уыдзæн. Уый æцæгæйдæр афтæ у, уымæн æмæ Хицауад æппæт дæр аразы, цæмæй хуымæтæг адæмыл ма бандавой вазыгджындзинæдтæ, кæцытæ сæвзæрдысты, парламентаритæ бюджет кæй не сфидар кодтой, уый аххосæй. Фæлæ проблемæтæ ис æмæ сты ахадæн. Уыдоны тыххæй бирæ хæттыты дзырдта РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ.

«Проблемæтыл куы дзурæм, уæд уыдон сæвзæрдысты, 2017 азæн сæйраг экономикон закъон кæй нæ райстæуыд, уый аххосæй, фыццаджы фыццаг, финансон æххуыс кæй цæуы, уый нысан цы документы ис, уый закъоны сконды кæй нæй, уый проблемæтæ æвзæрын кæны Уæрæсейæн дæр, кæцы нын кæны финансон æххуыс», – бахахх кодта уый.

Дыккаг вазыгджын проблемæйыл Хæбæлаты Азæ нымайы бюджеты уæвынад æмæ йæ реализаци.

Министр æрхаста (бюджеты рæстæгмæ управлени) «Бюджеты арæзтад æмæ бюджеты процессы бындурты тыххæй» Закъоны  107-æм статья.

Уыцы статьямæ гæсгæ Финансты министрадæн йæ бон у æрвылмæй дæр бюджетон фæрæзты сæйраг уагдарджытæн хъусын кæна  бюджетон ассигновацитæ æмæ лимиттæ ахæм бæрцæй, кæцы нæ ахиздзæн ацы азы хæслæвæрдты 1/12 хайæ», – банысан кодта уый æмæ бамбарын кодта, цы зындзинæдтимæ баст у ахæм схемæмæ гæсгæ финанскæнынад.

«Алы мæй дæр алкæцы бюджетон уагдон дæр араздзæн ног бадзырдтæ электроэнерги, газ, донифтонгад, канализаци, интернеты лæггæдтæ фидыны тыххæй. Хосгæнæн уагдæттæн уый нысан кæны, алы мæй дæр кæй араздзысты ног бадзырдтæ хæлцадон продукттæ, хосгæнæн препараттæ æлхæныны тыххæй, афтæ уыдзæн ахуыргæнæн уагдæтты хъуыддаг дæр», – радзырдта уый.

Хæбæлаты Азæйы ныхæстæм гæсгæ, лæггæдтæ чи æххæст кæны, уыдон дæр æмæ лæггæдтæ кæй хъæуынц, уыцы организациты ахæм схемæйы тыххæй хъæуы стыр гуырахстон куыст кæнын.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстиат кæндзæн финанскæнынад, уымæн æмæ æрвылмæй дæр Финансты министрад дæтдзæн лимиттæ радон мæйæн æмæ уыцы лимитты райсты фæстæ райдайдзæн бадзырдтæ аразыны радон этап».

Депутаттæ цы дзурынц, уыцы оптимизммæ нæ кæсгæйæ, сæвзæрдзысты зындзи-нæдтæ президентон æвзæрстыты финанскæныны тыххæй дæр. «Æвзæрстыты тыххæй дæр проблемæтæ уыдзæн финанскæнынады. Банчы кредит райсын ЦÆК-æн йæ бон нæу, уымæн æмæ бюджетон закъондæттынады бындурты тыххæй закъонмæ гæсгæ, бюджетон уагдонæн нæй кредиттæ исыны бар. Уый фæстиуæгæн нæхæдæг нæхи æппарæм цъыссымы. Ацы уавæрæй иунæг æмæ раст рахизæн у бюджет райсын», – бамбарын кодта Хæбæлаты Азæ.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзарыны барты сæйраг гарантитæ æмæ референдумы хайад райсыны барты тыххæй закъоны фыст ис: «æвзæрстыты, референдумы финанскæнынад æмбæлон бюджеты фæрæзты хыгъдæй æххæст куынæ æрцæуа, афтæ ма æвзарæн къамисæн финансон фæрæзтæ рæстæгыл хынцыд куынæ æрцæуой, уæд уыцы хæрдзтæ фыст цæуынц бангты кредитты хыгъдæй».

Парламенты депутатты иу хай афтæ æнхъæлы, зæгъгæ, тæрхондонон реформæйы тыххæй паддзахадон бюджет фидар кæй не ‘рцыд, уый фæстиуæгæн цы кризис сæвзæрд, уый барæй арæзт у.

«Мах æй фехъусын кодтам, бюджет сæйраг финансон документ кæй у,  уый, æмæ тæрхондонон реформæйæ бюджеты райст приоритетондæр у», – загъта Парламенты сессийы депутат Бесаты Зитæ.

«Ахæм бюджетон кризис, цæмæдæр гæсгæ, махмæ барæй аразгæ кæсы, зæгъы депутат, –  уымæн æмæ Арбитражон тæрхондоны фæдыл уыцы быцæуаг фарстатæ аскъуыддзаг кæнын хъуыд бюджетыл уынаффæйы размæ, ома, ивгъуыд азы дæргъы уыцы фарст скъуыддзаг не ‘рцыд. «Уый скъуыддзаг æрцыдаид Парламенты инициативæйæ æмбæлон къамисы сырæзты æххуысæй, Президентмæ йæ куырдиатæй, фæлæ ахæмæй арæзт ницы æрцыд, æмæ махæн æмбæрст-гонд нæу ацы фарст ныр, бюджет райсын куы хъæуы, уæд кæй сæвзæрд, уый, – загъта Бесаты Зитæ.  Мах афтæ нымайæм, æмæ  барæй уавæр æндыгъд цæуы, бюджет ист кæй не ‘рцыд, уый фæстиуæгæн, уымæн æмæ бюджет цæй тыххæй не ‘рцыд ист, уый аххосаг мах нæ зонæм».

Уыимæ разы у «Адæмон парти»-йы сæрдар дæр.

«Сессийы боны фæтк Президиумы куысты фæстиуджытæм гæсгæ фидар куы уа, уæд бюджеты фарст сессимæ ма рахæссынæн ницы бындур ис, – банысан кодта Плиты Алыксандр. – Бюджет райсынæн ныхдуртæ æвæрын  баст у тæрхондонон реформæимæ. Ноджыдæр æй зæгъдзынæн, спикеры позици æмбæрстгонд у, фæлæ ацы этапыл уымæн бынат нæй тæрхондонон ситемæйыл уынаффæ кæнынæн. Тæрхондонон системæ æндæр фадыг у, бюджет та –  бынтон æндæр.

Махæн зæгъынц, цæмæй ма тыхсæм, бюджет ист кæй не ‘рцыд, уый сæраппонд, зæгъгæ, дам, ахæм ситуаци фыццаг хатт нæу. Æцæгæй дæр, 2009 азы бюджет ист æрцыд уыцы азы ноябры, 2010 азы бюджет  фидар æрцыд 2010 азы майы. Фæлæ рох нæ хъæуы, уыцы азтæ финансон æмæ социалон æвæткдзинады азтæ кæй уыдысты, уый. Гæнæн ис, æмæ æвæрццаг прецедент хисабыргæнæн уа? Æвæццæгæн  –  нæ.

Остъаты О.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.