Цæгат Ирыстоны карз нозт уадзæг куыстуæттæ цы акцизон фиддонтæ кæнынц, уыдоны бæрц ацы аз бирæ фæфылдæр уыдзæн. Уый фæрцы республикæйы бюджеты æфтиæгтыл дæр зынгæ бафтдзæн. Уый фæдыл ныхас цыд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав цы фембæлд сарæзта, уым. Архайдтой дзы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, йæ хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег, республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Гулуты Олег, экономикон рæзты министр Томайты Хъазбег æмæ иннæ бæрнон адæймæгтæ.

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй карз нозты рауагъд стыр пайда хæссы республикæйы бюджетмæ. Уымæ гæсгæ йæ рауадзыны тыххæй сæвæрын хъæуы бæлвырд нысантæ азы райдайæны.

«Ивгъуыд аз карз нозты пайда рауад иу миллиард æмæ æрдæджы бæрц, фæлæ ацы аз нæ архайд хъуамæ фæтыхджындæр кæнæм. Карз нозты акцизты фиддонты бæрц хъуамæ схиза 2 миллиарды æмæ 831 милуан соммæ. Уыдон нæ чысыл бюджетæн стыр æхцатæ сты æмæ ацы хъуыддагыл хъæуы бакусын. Æрмæст карз нозт уадзынæй ныл уыййас ницы бафтдзæн, фæлæ хъæуы алкоголон продукци уадзын. Зæгъæм, сæн, бæгæны, ликер, шампайнаг æмæ афтæ дарддæр»,- загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Республикæйы премьер – министр Тускъаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, акцизон фиддонты бæрц кæй фæфылдæр уыдзæн, уымæн, фыццаджы-дæр, фæахъаз, карз нозтуадзæг куыстуæтты къабазмæ паддзахадон цæстард кæй фæтыхджындæр, уый руаджы.

«Арæзт æрцыд сæрмагонд хицауадон къамис, уыцы къамисы уæнгтæ хъалонты службæ æмæ иннæ ведомствотимæ æнгом æмархайд кæнын райдыдтой карз нозт уадзджытимæ. Æмæ къабазы куыстыл уый уайтагъддæр фæзынд», – загъта Хицауады Сæрдар.

Карз нозтуадзæг куыстуæттæн сæ куыст хорз кæй цæуы, фылдæр хъалонтæ фидын кæй райдыдтой, уый хорзæрдæм фæзынд республикæйы бюджетыл. Уыцы уæлæмхасæн æфтиæгты фæрцы къухы бафтыд социалон политикæ æмæ капиталон арæзтады къабæзты цалдæр ахсджиаг мадзалы сæххæст кæнын.

Тускъаты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ,  ацы фарстмæ дарддæр дæр уыдзæн бæстон цæстдард. Уымæй уæлдай куыст цæуы, цæмæй иуæй-иу карз нозт-уадзæг куыстуæттæ лæвæрд æрцæуой паддзахадон исбонадмæ. Ацы æмæ иннæ мадзæлттæ ахъаз уыдзысты карз нозты рауагъд æмæ зилдухмæ паддзахадон цæстдарды къæпхæн фæбæрзонддæр кæнынæн. Уыцы æууæл та, кæй зæгъын æй хъæуы, фадат ратдзæн, цæмæй республикæйы бюджеты социалон нысантæ афойнадыл æххæстгонд цæуой.

Фембæлды кæрон æмбырды архайджытæ фæндон рахастой, цæмæй нырæй фæстæмæ æрвылмæй дæр карз нозты базарадмæ йæ цæст дара хъалонты службæ, бæрæг кæной, акцизон фиддонтæ бюджетмæ куыд æрвыст цæуынц, уый.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.