ЗÆРДÆ ÆМÆ ФÆНДЫРЫ ЗАРÆГ

 

Фæндыр

Зæрдæ, зарæг ‘мæ фæндыр

Цардысты хохрæбын.

Зæрдæ зарыдис зарæг

Фæндыримæ цадæг.

 

Зарыдис зæрдæ цардыл,

Фæндыр уд ‘мæ уарзт уыд.

‘Нæ фæндыр нæ фæрæзта,

Арф æй уды нывæрдта.

 

Хурыскастæй рад зæрдæ,

Алрайсом каст хæхтæм.

Райхæлд-иу хур йæ тынтæй –

Зарæг-иу стахти тæнтæй.

 

 

Мæ фыд

(Бызыккаты Ладойæн)

Ирон уæздан ныхас цы хистæртæй хъуыстон,

Фыццаг уарзтæн йæ ад цы сыхы бавзæрстон,

Сæууон æртæхты зынг цы цъæх нæууыл уыдтон,

Æз бирæ фæндæгтæ цы хæдзарæй суыдтон,

Уый у мæ уарзон кæрт, мæ кадджын хъæу Елхот!

Мæ фыды урс, фæлмæн къухтыл хæцгæ,

Хъæздыг быдыртæм фæндæгтыл цыдтæн,

Сæууон хуры скастмæ куыд цингæнгæ лыгъдтæн…

Йæ фæдыл мæн хуыдтæ фæллойуарзаг – мæ фыд,

Дзырдта: – Уарз чиныг, кусын уарз, мæ чызг!

Нæ даргъ уынджы цы нарæг къанау цыд,

Сæрдæй-зымæгæй уый былгæрон сых

Изæрдæлынгтæм бадтысты фæскуыст,

Нæ фæсивæды фæндырцагъд, сæ зард

Хъуыст Уæллæг æмæ Фаллаг сыхмæ дард…

Нæ аив уынгты цъæхсыфтæр бæлæстæ,

Сæ аууæтты дæргъæццон конд бандæттæ,

Нæ сыхбæсты æгъдауыл хæст адæм,

Сæ номхæссæн, сæ хъæбулты фарсмæ

Уыдысты хистæртæ, уæд кæстæртæн – Хуыцауттæ!

Сæ зондамынд сын – царды рухс фæндаг,

Йæ рухсæй ради кæстæртæн сæ цард…

Цы уыдис дуджы уымæй ма хуыздæр:

Сабыр цард, уарзт ‘мæ фидæнмæ – æхсар,

Уыд алкæмæн йæ райгуырæн зынаргъ,

У алкæмæн зынаргъ йæ комбæстæ, кæстæр,

Мæнæн сты арф мæ удрæбын æвæрд

Мæ сонты бонты уарзт, мæ фынты кæй уынын,

Нæ сырх хæдзар, мæ сусæг уарзт, мæ хъæу,

Мæ рагбонты цъæх нæу, мæ уæлмонцты ирд таг…

Мæ фыды сомыйаг хæлæрттæ ‘мæ æрдхæрттæ:

Сослан, Батырбег, Онез, Шота, Джандер,

Лади, Сопрон, Гадзыкко, Хъыбыдзо…

Шакри, Шариман, Гено, Ефим, Мæхæмæт …

Нымад нæ фæдæн се ‘ппæты нырма, нæ сыхæгтæ –

Сахъат, хæствæллад, диссаджы кар-лæгтæ!

Æмгарджын уыд мæ кадджын фыд мæнæн,

Уæд сабийæ нырма цы ‘мбæрстон, цæ?..

Кæй ис знаг, кæй ис кæмдæр паддзах,

Кæй ис æдзæстуарзон-æвзæртæ,

Дыдзæсгæмттæ, дывзагæттæ, æндæртæ…

Мæнмæ та касти Хурдзастæй нæ Бæстæ!

 

 

Нывмæ кæсгæйæ

(Хетæгкаты Къостайæн)

Олгъа Къостайыл куыдта нывы…

Йæ табæты уæлхъус лæууыд,

Мæ зæрдæ-иу скъуыдтæ кодта,

Æркуыдтон-иу хæкъуырццæй тынг.

 

Цæмæн, цæмæн у цард рæстæггай?..

Цæмæн аскъуыд æрдæг фæндаг?

Фæлæ нæ амардис йæ хъуыды,

Дун-дунетыл нæры йæ фарн.

 

Цæрдзæн зæххыл, цалынмæ зара

Гуырахст, нæртон зæрдæ – Ирон,

Цæрдзæн йæ хъайтартимæ иумæ,

Нæхи Къоста – нæ Куырыхон!

 

Нæ фæлтæртæн æмвæнд, æмзондæй

Йæ цыт, йæ ном – фыдызæххыл,

Ирон намысы ирддæр сурæт,

Йæ номыцырт – уæлбæрзондыл!

 

Нæ фæцарди зæрдæйы фæндон,

Нæ федта амонд, фæлæ уый

Йæ зæрдæйы тæгтæй ныффыста

Алæмæттаг «Ирон фæндыр»!

 

Æдзухæй удаист фæвæййын

Дæуыл, хæрзуд, æнамонд Лæг…

Мæ зæрдæ риссы, тоны, тоны…

Цæмæн дæ базыдтон, цæмæн?!

 

 

Цхинвалы адæмæн

Иумæ куы фæбадæм

Исты циндзинады,

Хъазты уа, науæд куывды –

Æнæмæнг, ссарæм

Æдзард лæгты рухс нæмттæ,

Чи нал ис ацы бæстыл.

 

Уæдæ-ма, хорз адæм,

Сисæм нуазæнтæ,

Иры хъæбатыр дзыллæ!

Хуссайраг ирæттæ,

Иры æдзард лæгтæ,

Абон уæ фарнæй цæрæм!..

 

Баназæм, хорз адæм,

Ныр та цæрæнбонтæ,

Чи кодта знæгтимæ тох,

Чи цæры абон

Йæ кæстæрты рухс фарнæн,

Чи у æхсарджын, нæртон.

 

Цæйут-ма, хорз адæм,

Сисут нуазæнтæ,

Иры хъæбатыр дзыллæ!

Хуссайраг ирæттæ,

Иры хъæбатыртæ,

Бирæ уæ цæрæнбон уæд!

 

 

Мæ райгуырæн

Кæй не ‘фтауы дисы, уæлвонгриу, Кавказ!

Нæ диссаджы адæм, нæ диссаджы зард!

Нæ рæсугъд фæсивæд, нæ мадæлон ‘взаг,

Нæ уæздан æгъдæуттæ, æфсарм æмæ кафт!

 

Æвзыгъд уæнгты ахаст – нæ сагсурты «Симд»,

Сæ уындæй мæ риуы нæртон арт ссыгъд.

Цæргæстау куы сисынц сæ базыртæ дард,

Æрымысы зæрдæ йæ уалдзыгон цард!

 

Нæ уæйыг цъæх хæхтæ, нæ зад быдыртæ…

Нæ фынкалгæ дæттæ, нæ райдзаст уынгтæ.

Æгъдаухæссæг гуырдтæ, нæртон лæппутæ,

Уæлахизæй исут нæ дуджы хæрзтæ!

 

Мæ райгуырæн сой-зæхх – ирон фæндырдзагъд,

Нæ нæртон хистæртæ, алайнаг хæдзар!

Æртæкъахыг фынгыл – цæхх æмæ кæрдзын –

Цы ма ис рæсугъддæр Аланты зæххыл!

 

 

Мæ Мад

(Багиан-Мариайæн)

Мæ Мад йæ къухтæй цас нартхор фæтыдта,

О, цас фæрывта, цас фæкарста, цас фезгъæлста…

Мæ Мад йæ къухтæй цас хойраг фæиста,

Нæ сыхбæстæн-иу алкæмæн дæр уæрста.

 

Мæ мад ссинаг цас фæласта куыроймæ

Змейкæмæ, Кæрдзынмæ къухуæрдонæй.

Уый йе ‘ккой хаста дзаг голджытæ, цас,

Йæ рæстæг уыд мæгуыр, æвадат цард.

 

Мæ мад йæ уæхсчытыл Елхотæй горæтмæ

Æккойæ хаста хоры пут уæймæ…

Уæд боныцъæхтыл горæтмæ-иу араст

Стыр базармæ, фистæгæй-иу ысфардæг.

 

Уæд уыцы бонты йе ‘рыгон уæхсчытыл

Уый хаста сугтæ, йе ‘рагъыл хъæмæ,

Цæмæй нæ каубыд къонайы арт судза,

Йæ хъæбултæн хæринаг-иу фыхта…

 

О, ма уой ‘ххормаг, æнцой нæ зыдта Мад!

О, цал хатты-иу æхсæвыгон дæр стад

Йæ сабитæм – йæ гыццыл зæрдæтæм,

Кæй кодта æмбæрзгæ, кæуыл æвæрдта арм.

 

Ма суазал уой, ма ахауой, зæгъгæ,

Алкæуыл тыхстис уæд йе ‘нæнцой зæрдæ.

Улæфт нæ зыдта, дысвæлтæхæтæй куыста

Йæ аст чызгæн, йæ буц хъæбултæн Мад!

 

 

Иудзинады фæндæгтæм

Цæмæн хæссыс мылазон,

Мæхи зæрдæ, Ирыстон!

Цард дын фестон, дæ удæн:

Дæ хæрзæбон, дæ тухæн…

 

Макуы рахау дæ бæхæй,

Стæры ма цæудзыстæм,

Мах Алантæн – сæ фæдон,

Нырма бирæ уыдзыстæм.

 

Фæлæ, уæддæр цы кæнæм?

Зæрин къæрттау æрттивæм.

Хорзæй бирæ нæ вæййы,

Фæрнæй цæрат мæ Иры!

 

Адæмты ‘хсæн нæ нымæц,

Кæд цыфæнды чысыл у,

Уæддæр хъуыстгонд хъайтартæй –

Сæрмæттæ ‘мæ алантæй.

 

Алчи размæ куы цæуы,

Мах нæ фæндаг нæ ивæм,

Нæ тых æмæ нæ зондæй

Хуыздæр цардмæ – нæ фидæн!

 

Уалдзæг-та дæм æрцæуы,

Дидинæгджын – сой рæгътæ!

Скæн, Ирон, дæ æргом

Иудзинады фæндæгтæм!

 

 

Фæдис

Нал тагъд кæнын дзурынмæ,

Кæд, мыййаг, мæ фыны дæн…

Фесæфтис нæ Ирон фарн…

Нал ис, нал ис иу æгъдау.

Кæд, мыййаг, хъæддæгтæ стæм,

Нал ыстæм Ирæттæ дæр?

Кæд ма мах Ирæттæ стæм,

Уæд, цымæ, цы хуызæттæ?!

Уыдис-иу нæ бинонтæм –

Хистæр-кæстæр, æфсармдзинад.

Ыстадыстæм хистæртæн,

Нæ ныхасæн уыд пълан.

Уыд æфсæрмдзаст чындзытæ,

Тынг æгъдауджын чызджытæ,

Сæрбæттæнтæ-иу бабастой,

Кæртытæ-иу рамарзтой,

Æз ныр нал, нæ тагъд кæнын,

Абон нал, нæ – никуыдæм,

Зæрдæ риссы, сфæдис ис:

Ай цæй цард у? Диссæгтæ!..

Цом-ма, ‘мæ ныхъхъæр кæнон

Иу бæрзонд ран, искуыцæй:

Мæнæ ‘рцыд «Фæдисы цард!»

Дун-Дуне ныл рафæлдæхт!

Мæнæ-ма цы фыдфын у,

Кæдæмты ма фæлидзон?

Ай нæ цард, нæ Зæхх куы у…

Мæнæ мын куыд адджын у!

 

 

Хуым кодта пъеройы цыргъ фындзæй

(Багаты Аврамæн)

Мæ уд куыд баризы, мæ уд…

Мæ зæрдæ байдзаг и дæ мастæй.

Кæдæм фæцыдтæ не ‘хсæнæй,

Цы дæм фæкомкоммæ ис, цы афтæ?

Куыстдзагъд зæрдæ, æнæхин лæг,

Лæггад кæнын ды бирæ уарзтай,

Фыдæлты ном, ирон æгъдау

Бæрзонд, тырысайау, ды хастай.

Хуыцауысконд, æгъдаухæссæг нæртон,

Хуым кодта пъеройы цыргъ фындзæй,

Йæ гæххæттыл зынг рæнхъытæй

Хæстон лæджы сурæт-фæлгонцæй.

Æнæрай дуг, æнæрай бонтæ…

Нæ уæлдæфы цыдæр марг пырх,

Ыскъуыйынц амæй-ай хæрзконддæр,

Лæджы хъæстæ йæ ныхмæ – æдых.

Мæгуырыл дур хæрдмæ фæтулы,

Балсæджы цалх, æрлæуу, æгъгъæд!

Цæй диссæг дæ, рæсугъд дæ, Дуне,

Фæлæ фыддæр кæны нæ цард…

Йæхи ма рынчындонæй уæд

Ивæзта ‘ппæт хъарутæй куыстмæ,

Æгъатыр вирус ыл фæтых…

Йæхи йыл цъаммар низ ныххуырста.

Мæ уд куыд баризы, мæ уд…

Куыд тынг дæ ‘рымысы мæ зæрдæ…

О, ма амæл, рæстзæрдæ туг,

Дæ тæригъæдæй ризынц уæнгтæ.

Дæ мæлæт афæлдæхта уд,

Мæ бон мын бафхæрдта, мæ сæнттæ …

Куыд риссы а цардæй нæ дуг…

Цы ныл æрцыд, æви нæ бæззæм?

 

Уарзтон мæйрухс

Арвыл – мигъты рæдзагъд,

Дуне – æгæрон тыгъдад.

Талынг, рухсы цъыртт нæй,

Сау мигъты фæстæ – мæй.

 

Ехх, куыд уарзтон мæйрухс…

Арвыл стъалыты дзуг.

Æз дæ цуры лæууын,

Æз æфсæрмы кæнын.

 

Ды стъæлфыс… лæууыс…

Сабыр, хъавгæ дæ дзырд.

Дуне фесты æдзæм,

Мах дыууæйæ лæууæм.

 

Арф ысулæфы зæхх,

Хъусын зæрдæйы цæф,

Зæрдæ уарзтæй цæры,

Дун-дунетыл тæхы.

2016 аз, 2 июнь

 

Нал ис æфсарм

Мæнæ сæфты заман,

Нал ис, нал ис æфсарм.

Хистæр – кæстæр кæм и?

Бæстæ сæмтъеры и…

 

Дзыхтæ дарынц хæлиу,

Зондæй – мæгъзтæ æргъиу.

Мад ‘мæ фыдæн æгъдау

Чи ма дæтдзæн, Хуыцау!

 

Абон циу хæрзæбон?

Æгъдауæй цуды фæдон…

Нуæзт сафы бындар,

Сугтæ йыл ма æндзар!

 

Дуне рæсугъд у, æгæрон,

Адæймаг, змæл æмæ цæр!

Адæймаг – æппæтæй тыхджындæр,

Диссæгтæ аразæг – Лæг!

 

 

Архайут, адæм!

Царды диссæгтæй зæрдæ рæдувы,

Ныр цы фæуа, цы ми кæна лæг?

Ацы тæссаг дуджы дуне тыгъдады,

Чидæртæ æмбæхсынц нæ ирд хуры цæг.

 

Рухсы цъыртт искуы куы ‘ркæсид, тæхуды,

Ехх, Украинæ, куыд зын у дæ уаг…

Ацы Америкæ сахуыр ис змæнтын,

Иу ран ма ‘руадзæд адæмы цард.

 

Архай, Уæрæсе! Архайут, адæм!

Ма кæла æнæаххос дзыллæты туг,

Æххуысмæ фæцæудзæн ирон лæг фæдисы,

Æфсымæры фарсмæ æфсымæр лæудзæн!

 

Царды æмтъерыйæ зæрдæ рæсийы,

Адæмы æмбу, æнахуыр – сæ уаг…

Æнæрайы дугæй адæм фæлмæцы,

Чидæртæ æхгæнынц уæларвон цырагъ.

 

 

Кусæг лæджы цардæй

Дзурынц, цард бæлвырд фæхуыздæр,

Ис, дам, алкæмæ йæ фаг,

Фæлæ хорз кæм у æппæтæн,

Адæм цух æййафынц, – хъуаг.

 

Чи кусы бæрнон бынаты,

Уымæн цард у парахат,

Алкæйыдæр тынг фæфæнды,

Цæмæй уа хуыздæр фадат.

 

Адæм иухуызон нæ цæрынц –

Бонджын лæг йæ цардæй –  хъал,

Уыдонæн фылдæр сæ нымæц,

Кусæг лæг сын нæу æмбар…

 

Чи бады йæ тыхстæй уынджы,

Уæй кæны кæрдæджы баст,

Чи æркъахы давон хъæды,…

Цардыуаг хуыздæр хъуаг.

 

Афтæ, байхъус ма, цæрæг лæг,

Бамбар кусæг тыхы ды,

Куы уаис, ахæм ран дæхæдæг,

Банкъарис уæд иннæты…

 

Зæхкусæгмæ нæй милуантæ,

Бонджын у хуыснæг, æндæр…

Кæм ын вæййы бирæ ‘хцатæ?

Кусæгæн йæ уд – сыгъдæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.