ÆМÆ ТА НОГÆЙ ТЫРСЫГОМЫ ФАРСТ…

Мæ зæрдыл арæх æрбалæууынц дзæнæтыбадинаг Джыккайты Шамил йæ иу уацы цы зæрдæрисгæ рæнхъытæ фыста, уыдон: “Тырсыгом æмæ Хъудыком арæнæй чердыгæй аззадысты, уый нал зонæм, фæлæ нæ катай, фынгыл сæр æмæ бæрзæй куыд рывæрæм, кæцы хъус хъуамæ алыг кæнæм, цал сидты рауадзæм, уыдон систы”. Зынгзæрдæ патриот фæдисы дзæнгæрджытæ бæргæ цагъта, фæлæ йæм йæ рæстæджы хъусæг нæ фæцис. Æмæ та уыдоныл дæр нæ сыхæгтæ æрхæцыдысты, фæхаудтой Ирыстоны картæйæ дæр.  Канд сæхи сæ нæ бакодтой, фæлæ ирон лæгæн уым йæ фыдæлты уæзгуытæ бабæрæг кæныны бар нал ис. Уыцы кæмтты цы ссæдз ирон хъæуы уыд, уыдон бынтондæр федзæрæг сты ивгъуыд æнусы 90 азты æмæ уыцы уавæрæй спайда кодта Гуырдзыстоны разамынд.

   Ныр цалдæр азы алы мадзæлттæй архайы Цæгат Ирыстоны разамынд, цæмæй ацы кæмтты цæрджытæн сæ раздæры бынæттæм рæстæгмæ бацæуæн уа. Кæй йæ фыдæлты уæлмæрдтæ абæрæг кæнын фæнды, кæй дзы йæ дзуары бон сбæрæг кæнын фæфæнды, фæлæ хъуыддаг размæ не ʻнкъуысы. Нæ сæ фæнды гуырдзиаг фарсы ацы кæмттæм уырыссаг æмбæстæгты уадзын.

Ацы хатт дæр та Цæгат Ирыстоны разамынд бацархайдта уавæрæй спайда кæныныл. Республикæйы кусæгон балцы уыд Швейцарийы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Ив Россье. Бæрæг куыд у, афтæмæй кадджын уазæг Ирыстоны бирæ уарзы, фæлæ йын Гуырдзыстон дæр æцæгæлон нæу, ис ын семæ дипломатон ахастытæ.

 Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав уазæгæн арфæ ракодта, Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн каджын мисси æххæст кæныны хæс йæхимæ кæй райста, амæй размæ дæр дыууæ хатты ацы фарсты фæдыл сидт кæй арвыста Гуырдзыстонмæ, уый тыххæй. Радзырдта йын амынд кæмтты хъæутæ кæй ныззаууат сты, рæстæгæй – рæстæгмæ адæмы кæй фæфæнды сæ бабæрæг кæнын, фæлæ сын Гуырдзыстоны хицауад сæ размæ цæлхдуртæ кæй æвæры, уый кæй у гуманитарон тыхстдзинад, адæмы бартæ халын.

Ив Россье ныфс бавæрдта ацы фарст алыг кæныныл ноджыдæр кæй бацархайдзæн, уымæй. Цæгат Ирыстонæй уазæг араст Гуырдзыстонмæ.    

НЫР ТА ДОНМАРÆНТÆ

Завод “Электроцинк”-ы хъæстæ хауæццæгтæ республикæйы территорийæ ласт нæма фесты, афтæ ныр та национ проект “Экологи”-йы фæлгæтты бавнæлдтой Уынал æмæ Фиййагдоны донмарæнтæ (хвостохранилище) скуынæг кæнынмæ. Адон æхсайæм азтæй баззадысты. Уырдæм цыдысты Садоны зды æмæ цинчы, стæй Фиййагдоны æмæ Мызуры куыст-уæтты зианхæссæг хауæццæгтæ. Уыдон сæ ставд хæтæлты доны æххуысæй уагътой бынмæ, æмæ дзы сырæзт хъæстæ цад. Адæм æй хонынц “мард денджыз”. Фæлæ уыцы куыстуæттæ рагæй нал кусынц, æрмæст уыцы рагон хъæстæтæ донмарæнты баззадысты. Эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæдты ис æхсæз мил-уан тоннæйы бæрц зианхæссæг хъацæны. Уый стыр зиан хæссы канд уым æввахс хъæуты нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйы экологийæн. 

Специалисттæ æрæвнæлдтой сæ куыстмæ, уый тыххæй бюджетæй радтой 500 милуаны бæрц. Сæ зæрды ис чъизи цады цалдæр фæлтæры сæрмагонд грунты бын фæкæнын æмæ йыл нæуу сæвæрын, уый фæстæ дзы республикæйы разамынды зæрды ис улæфæн парк саразын. Фæлæ, экологты хъуыдымæ гæсгæ, æрмæст рекультиваци фаг нæ уыдзæн. Куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй цады æхгæд сæр, гæнæн ис æмæ доны тых ма баурома. Дыууæ мæйы кусынц æмæ кæд сæ зæрдæ истæмæ фехсайа, уæд сæ куысты технологи аивдзысты.

   Уым æввахс хъæуты цæрджытæ стыр цинимæ сæмбæлдысты ацы хабарыл. Рагæй йæм æнхъæлмæ кастысты. Сæ зæрдæ дарынц, сæ дарæг зæхх зианхæссæг хъацæнтæй куы ссæрибар уа, уæд та сæ хæрзад дыргъты кой айхъуысдзæн дардыл. Куыстытæ хъуамæ фæуой ацы азы кæронмæ.                                                 Нæ уацх. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.