ЖУРНАЛИСТТЫ НОГ ÆНТЫСТ

  Фæстаг азты цардуаджы алы къабазы дæр сарæх сты алыхуызон конкурстæ, форумтæ, равдыстытæ æмæ бирæ æндæр мадзæлттæ. Уыдонæн сæ нысан у курдиæттæ сбæрæг кæнын æмæ фæсивæды æнтыстытæм разæнгард кæнын. Уыимæ ахæм мадзæлтты архайджыты проекттæ арæх райсынц æхцайы премитæ. Уыдон хардз æрцæуынц проект царды рауадзынмæ, уый та нысан кæны ног куыстуат бакæнын, куысты бынæттæй цалдæр адæймаджы сифтонг кæнын.

   Ныр дыккаг аз Цæгат Ирыстоны журналистты делегаци республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы æххуысæй архайы журналистты æрвылазон форум “Вся Россия”-йы. Форумы экспертты нысан у, цы сфæлдыстадон проекттæ бавдисынц, уыдон æвзарын. Нæ дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ цы проекттæ бавдыстой, уыдонæй хуыздæртыл нымад æрцыдысты дыууæ. Фыццаг у сайт, “15 регион” кæй бавдыста, “Аудирование новостей”, зæгъгæ, уый. Уымæн йæ нысан у, ацы сайтыл цы ног хабæрттæ фыст ис, уыдон аудиофыстæй дæр радæттын. Уый у, цæстæй æвзæр чи уыны, уыдонæн æххуысæн. Проект тынг фæцыд экспертты зæрдæмæ.

   Дыккаг проект бавдыста телекомпани “Осетия – Ирыстон”. Цæгат Кавказы регионтæй фыццагдæр уый ахызт нымæцон телеуынынадмæ ацы аз апрелы. Уымæй канд йæ хæрзхъæддзинад нæ фæхуыздæр ис, фæлæ цыбыр рæстæгмæ сси адæмы уарзон йæ мидисджын равдыстытæй, ног хабæрттæй ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Ныр дæр та телекомпани бавдыста, сæ куыстæн чи бабæздзæн, йæ хæрзхъæддзинад ын ноджы чи фæхуыздæр кæндзæн, ахæм ног технологиты проекттæ.

   Нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты куыстытæн стыр аргъ скодта Уæрæсейы журналистты Цæдисы Сæрдар Владимир Соловьев. Куыд бафиппайдта, афтæмæй нæ журналистты куыстытæ ныр дыккаг аз дисы бафтауынц экспертты.

   Цæгат Ирыстоны журналисттæ ма форумы архайджытæн равдыстой ирон царды уаг. Æртæ чъири æмæ бæгæныйы кæхцы уæлхъус ракуывтой Ирыстоны зæдтæ æмæ дауджытæн, æрдзырдтой ирон æгъдау æмæ традицитыл, уыд дзы ирон зарджытæ, кæфтытæ. Форумы архайджытæ баззадысты тынг разыйæ. Æппæт уыцы хиирхæфсæн мадзæлттæ та уыдысты Сочийы ирæтты æхсæнады сæрдар Мæргъиты Анатолийы руаджы.

   Абон ахицæн форум “Вся Россия – 2019”-ы куыст. Проектты тыххæй бæрæггæнæнтæ æмæ хæрзиуджытæ бæрæг уыдзысты хæстæгдæр рæстæджы.

ФÆНДÆГТÆ – БЫНДУРОН ЦАЛЦÆГ

  Ацы аз республикæйы разамынд æрæвнæлдтой фæндæгтæ бындуронæй сцалцæг кæнынмæ. Раст зæгъгæйæ, цалцæг арæх æрцæуынц, фæлæ-иу хæрзхъæд кæй нæ уыд, йæ технологимæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ арæзт кæй не ‘рцæуы, уымæ гæсгæ уайтагъд схауы, ныппырх вæййы фæндаджы бетон уæлцъар. Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы раздæры Сæргълæууæг Æлбегаты Барис сфæнд кодта ахæм æбæрнон архайдæн кæрон сæвæрын. Ныр цалдæр мæйы бындурон цалцæг цæуынц Дзæуджыхъæуы æртын уынджы бæрц. Фæндаджы уæлцъар ивынæй дарддæр ивд цæуынц трамвайты рельсытæ. Администрацийæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй баихсыдысты 80 проценты бæрц æмæ сыл тас у аваритæ æрцæуынæй. Рæстæгмæ фæндаджы змæлд, машинæты маршруттæ ивд æрцыдысты. Æмæ кæд адæм рæстæгмæ зындзинæдтæ æвзарынц, уæддæр куыстытæй сæ зæрдæ рухс кæны. Республи-кæйы разамынд æдзух бæрæг кæнынц куыстытæ, цæмæй мацы згъуыдтæ æруадзой.

   Бафиппайын хъæуы уый, æмæ горæты разамынд адæмæн фыццаг хатт фадат кæй радтой сæ хъуыдытæ фехъусын кæнынмæ. Цæрджытæн сæ бон у, фæндæгты арæзтады исты аиппытæ куы феной, исты сæ зæрдæмæ куынæ фæцæуа, уæд администрацимæ кæнæ бригадæйы хицаумæ фæдзурын. Уый тыххæй алы участокы дæр ис фæйнæг конд, фæндаг чи аразы, уыцы арæзтадон компанийы, бригадиры ном æмæ мыггаг, стæй -телефонимæ.

   Рæхджы фыццæгæм октябрмæ ног цалцæггонд фæндæгтæй байгом уыдзæн цалдæр.

                                                                                           Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.