Нæ горæты æмбæстæгты уарзондæр бынæттæй иу у, хуссар-хурыскæсæн районы цы цад ис, уый. Ам сæ рæстæг фервитынц канд æвзонг фæлтæр нæ, фæлæ кардзыд адæм дæр, сæхи дзы сæрдыгон тæвд бонты фæнайынц, фæлтæрынц спорты хуызтæй дæр æмæ сын уый ахъаз кæны се нæниздзинад фæхуыздæр æмæ сфидардæр кæнынæн. Æрмæст йæ былгæрæтты атезгъо кæнын дæр адæймагæн цас хъару, тых æмæ цæрдхъомдзинад дæтты, фæуæнгрогдæр вæййы. Гъе, æмæ афтæ кæй у, уымæн сси нæ горæты цæрджытæн уарзон бынат, æдзухдæр сæ фæфæнды сæ рæстæг уым æрвитын. Фæлæ йæ зæгъæм æргомæй: цы нæм вæййы хорзæй, уымæ хатт фæкæсæм куыдфæндыйы цæстæй, нæ йæ хъахъхъæнæм æмæ йыл нæ аудæм. Афтæмæй та нын æдзухдæр фæкæны йæ лæггады хай. Мæгуырау уавæрмæ æркæнæм ацы цады дæр канд иу хатт нæ, фæлæ æрвылаз дæр, йæ сыгъдæг кæнын æмæ йæ æмбæлон уавæрмæ æркæныныл æрвылаз дæр бацархайы æмбæлон службæ. Фæлæ та фæкæс, æмæ та дыккаг сезоны ноджы вæййы æвзæрдæр уавæры, вæййы дзы æвзæрдæр  антисанитари.

Йæ сыгъдæг кæныныл æрвылаз дæр чи кусы, уый у паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы коллектив. Йæ хистæр Хуыгаты Владимир куыд радзырдта, афтæмæй алы аз дæр цад сыгъдæг кæнынц дыууæ хаты. Æрæджы дæр та, ома, декабры мæйы фыццаг бонтæй бавнæлдтой ацы æнæмæнгхъæуæг куыстытæ æххæст кæнынмæ, цæмæй найæн сезоныл сæмбæлой æххæст цæттæйæ. Бакуыстой дзы дыууæ къуыри, стæй куыстытæ æрлæууыдысты, сæ техникæ кæй нал сбæззыд, уый аххосæй. Кусгæ та дзы кодта дыууæ экскаватор æмæ дыууæ уæзласæн машинæйы. Банысангонд рæстæгмæ дзы сыгъдæггонд æрцыд йæ иувæрсты цæуæг къанауы 200 метры. Куыстытæ æххæст кодтой Джиголаты Алыксандр, Хацырты Гиви æмæ Пæррæстаты Серги. Зæгъын хъæуы, нæ горæты иуæй-иу æмбæстæгтæ бынтон ницæйаг цæстæй кæй кæсынц ацы цады сыгъдæгдзинадмæ, калынц дзы сæ бырон æмæ вæййы антисанитарон уавæры. Бырон аластой æмбæлон бынатмæ, цы змис дзы сæвгæдтой, уый та йын æркалдтой йæ алфæмбылай.. Фæлæ цады бакæнинаг куыстытæ нырма дзæвгар ис æмæ уыдон та бакусдзысты уалдзæджы райдианы, куы фæхъæрмттæ уа, уæд.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.