Хурбоныгъæд æмæ тынг хорз зæрдæйыуаг: Цæгат Ирыстон цытджын æгъдауæй банысан кодта Горæты бон. Адæм тезгъо кодтой Къесайы фырты уынджы донбылгæрон территорийыл, районты фæзуæтты бæрæгбоны цытæн мадзæлттæ уагъд не ‘рцыдысты коронавирусон инфекцийы пандемийы тыххæй. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæ ракодта республикæйы цæрджытæн бæрæгбоны цытæн.

«Фæнды мæ уе ‘ппæтæн дæр арфæ ракæнын Горæты боны цытæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, план ӕй кодтам уæрæхдæрæй, фæлæ нын пандеми фехæлдта нæ плæнттæ. Фæлæ мах уæддæр аскъуыддзаг кодтам бæрæгбон чысыл форматы банысан кæнын. Бæрæгбон рауад, адæм цин кæнынц, уый тынг хорз у, уæлдайдæр, адæм хиизоляцийы рæстæджы цы стресс бавзæрстой, уый фæстæ. Алцы дæр сараздзыстæм, цæмæй пандеми урæд æрцæуа æмæ нæ бон уа бæрæгбонтæ уæрæхдæр форматы уадзын», – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Цæгат Ирыстон банысан кодта Горæты бон

Битарты Вячеслав хицауады минæвæрттимæ иумæ бацыд бæрæгбонмӕ бацæттæгонд фæзуæттæм: ирон уæливыхты, фæткъуыты, плӕуы фестивалтæ, æрмгуыстгæнæн æрмадзтæ, æфсæддон-патриотон хъомылады центры равдыст æмæ æндæртæ. Адæмон кæртыты фæдыл экскурсийы ирддæр моменттæй иу уыд куырд Цориты Маркленимæ фембæлд.

«Абон бавдыст æрцыд куырды лыстæг продукци, кæцыйæ пайда кодтой хъæууон хæдзарады. Æхсызгон мын уыд, республикæйы Сæргълæууæг мæм йæ хъусдард кæй аздæхта, уый, афтæ ма мæ бафарста, цы æххуыс мæ хъæуы, уымæй», – банысан кодта Цорийы фырт.

Цæгат Ирыстон банысан кодта Горæты бон

Бæрæгбонмæ горæты администраци бацæттæ кодта бындуронæй: сорганизаци кодтой фотозонæтæ, мастер-къластæ, алыгъуызон хъæзтытæ æмæ афтæ дарддæр. Горæт Дзæуджыхъæуы бынæттон хæдразамынды управленийы культурæйы хайады хистæр Мæрзойты Русланы ныхæстæм гæсгæ фæззæджы бæрæгбон бацæттæ кæнын сæ къухы бафтыд.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, ауадзгæ цытджын мадзæлттæ баст кæй уыдысты Уæрæсейы скондмæ Ирыстоны бацыдыл 246 азы æмæ горæт Дзæуджыхъæуыл та 236 азы кæй сæххæст, уыимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.