ПАСПОРТ – НАЦИ  ÆВДИСÆГ

Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ ныр дыууæ азы тох кæнынц уæрæсейаг паспорттæн сæ раздæры хуыз раздахыныл, фæлæ хъуыддагæй ницыма уайы. Куыд зонæм, афтæмæй Советон дуджы паспортты амынд уыд адæймагæн йæ нацийы æвдисæн йæ мадæлон æвзагыл, фæлæ йæ нæуæдзæм азты мæнг демократтæ аивын кодтой, уый национализм у, зæгъгæ.

Паспорты адæймагæн йæхи фæндонмæ гæсгæ йæ наци йæ мадæлон æвзагыл фæбæрæг кæнын кæй хъæуы, ууыл тынгдæр архайы Парламенты Сæрдары хæдивæг Кесаты Станислав. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй паспортты раздæры хуыз чи аивын кодта, уыдон не ‘мбарынц, уырыссаг æмæ уæрæсейаг кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц, уый. Уæрæсейы ис дæсгай субъекттæ алыхуызон адæ-мыхæттытимæ æмæ сæхи уырыссæгтæ цæй тыххæй хъуамæ хоной?

Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ æнцой кæнынц Уæрæсейы Федерацийы конституцийыл. Уым куыд амынд ис, афтæмæй адæймаджы ничи хæсджын кæны йæ паспорты йæ наци бацамонынæй, фæлæ йæ ныхмæ дæр ничи у. Æрмæст, кæй зæгъын æй хъæуы, уый иугай адæймæгтæй аразгæ нæу, фæлæ æнæхъæн субъекты политикон фæндондзинадæй. Уый тыххæй, зæгъæм, хъæуы референдум ауадзын. Фæлæ уал фыццаджыдæр бар хъуамæ радта Мæскуы. Нæ республикæйы мидхъуыддæгты министрад федералон министрады дæлбар кæй ис, уымæ гæсгæ парламентæн бамбарын кодтой, уыцы фæндон кæй домы стыр хæрдзтæ, уыдон та не сты федералон бюджеты.

Фæлæ Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæн сæ ныфс нæ сæтты. Уырны сæ, сæ фæндоны æвварс искуы кæй рахæцдзысты. Уымæн æмæ ма сæ паспорттæ раивыныл архайынц Уæрæсейы субъекттæй бирæтæ…

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.