ФÆСИВÆДЫ БАХИЗЫНÆН

Кальян наркотиктæй къаддæр зиан кæй нæ хæссы, уый медицинон æгъдауæй раджы рабæрæг кодтой, фæлæ уый тыххæй юридикон æгъдауæй абоны онг закъон хаст нæма æрцыд. Уымæ гæсгæ, чи йæ уарзы, уыдон афтæ æнхъæлынц, уый ницы зиан хæссы, зæгъгæ. Æмæ дзы парахатæй пайда кæнынц кафетæ æмæ ресторанты. Хæрздæфгæнаг кæрдæджы фæздæг улæфынц чызгæй лæппуйæ. Уый сын дæтты, нозт æмæ наркотиктæй цы хъæлдзæг эмоцитæ райсынц, уыдон. Уымæй канд се ‘нæниздзинад нæ халынц, фæлæ ма хъыг дарынц иннæ адæмы.

Уый тыххæй бирæ хъæстытæ цæуы республикæйы разамындмæ, фæлæ закъонмæ гæсгæ кафетæ æмæ ресторанты фæивар кæнын, кæнæ сын бар ма раттын никæйы бон у. Уый нымайгæйæ, ацы аз январы йæ пресс-конференцийы рæстæджы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фæсидт амынд уагдæтты разамындмæ, цæмæй адæмы хъæс-тытæн аргъ скæной, фæсивæды æнæниздзинадыл ахъуыды кæной æмæ сæ менютæй кальян сисой. Уыцы хъуыддаджы стыр куыст бакодтой Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ æмæ Фæсивæды парламенты депутаттæ, сæ сæргъ йæ сæрдар Гаглойты Азæмæт, афтæмæй. Уыдон цыдысты ресторантæ æмæ кафеты разамонджытæм, семæ æмбарынгæнæн куыст кодтой. Æмæ сæм фехъуыст. Бамбæрстой, адæмы фарн тыхджындæр кæй у, уый æмæ ахæм пайдайы гуырæныл сæ къух систой.

Уый фæдыл Битарты Вячеслав йæхимæ фæхуыдта ресторантæ æмæ кафетæ “Премьер Крю”, “Къона”, “12 футов”, “Меркада групп” æмæ иннæты разамонджыты æмæ сын зæрдиаг арфæтæ фæкодта, йæ куырдиатæн ын аргъ кæй скодтой, уый тыххæй.

“Æз уын бардзырд нæ радтон, фæлæ уæм фæсидтæн, сымах мæ бамбæрстат. Ахъуыды кодтат, кальян нæ фæсивæдæн сæ зондахаст æмæ æнæниздзинад куыд халы, ууыл. Цалынмæ уый фесафынæн сæрмагонд закъон рацæуа, уæдмæ байрæджы уыдзæн. Зонын æй, фæцух стут бирæ клиенттæй æмæ пайдайæ, фæлæ пайдайæ уæлдæр сæвæрдтат уæ адæймагдзинад æмæ уын стыр бузныг уый тыххæй. Æз кæддæриддæр цæттæ дæн сымах хуызæн амалхъомтæн баххуыс кæнынмæ. Бизнес æмæ хицауад хъуамæ кусой иумæ”, – загъта Битарты Вячеслав.

Дыууæ фарсы баныхас кодтой дарддæры æмгуыстады æмæ социалон æххуысы фарстатыл.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.