Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав рыуылдаргæ нысан «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы кадджын гражданин»-æй схорзæхджын кодта Уæрæсейы Федералон хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы, куыд Ирыстоны стыр хæлар, афтæ. Республикæйы разамонæг куыд банысан кодта, афтæмæй ирон адæм Шойгуйæ сты арфæйаг, æдзухдæр нæ тыхст заман нæ фарсмæ кæй æрбалæууы, уымæй.

     Сергей Шойгу йæхи хъæппæрисæй алкæддæр хорз æххуыс кодта Ирыстоны цæрджытæн. Стыр бавæрæн бахаста 90-æм азты гуырдзы æмæ ирæтты ‘хсæн быцæу банывыл кæныны хъуыддагмæ, уыимæ Цæгат Ирыстоны æфсæддон инфраструктурайы рæзтмæ æмæ æфсæддон – патриотон хъомылады фарстатæм.

*     *    *

Цæгат Ирыстоны разамынд федералон программæ «Исторические поселения и малые города»-мæ  конкурсы архайынмæ бавдыста Къостайы райгуырæн хъæу Нары. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хъæуæн ис æппæт гæнæнтæ дæр историон статус райсынмæ.

Конкурсы нысан у историон объекттæ сбæрæг кæнын, æхсæнадон бынæттæм базилын, туристтæн дзы улæфыны фадæттæ саразын, историон æмæ архитектурон объекттæ бахъахъхъæнын.

Нары хъæу официалон æгъдауæй кæд историон бынаты статус райса, уæд æй йæхимæ райсдзæн федералон хицауад æмæ уыдзæн йæ армдарды бын, кæм хъæуа, уым æххуыс кæндзæн фæрæзтæй.

Ныртæккæ цæттæ цæуы æппæт документаци конкурсы архайынмæ.

* * *

Цæгат Ирыстоны зарæггæнджыты паддзахадон камерон хор «Алани» йæ равзæрды 40 азы юбилейы кадæн Дзæуджыхъæуы равдыста концерт. Зарæггæнджыты репертуары сты рагзамантæй абоны онг алы рæстæджыты фыдыбæстон æмæ фæсарæйнаг зарджытæ.  Сæ концерттыл сын зæрдиагæй сæмбæлынц канд уæрæсейаг горæтты нæ, фæлæ Турчы, Германы, Швецийы, Англисы, Бельгийы æмæ бирæ æндæр паддзахæдтæ æмæ республикæты.   Сфæлдыстадон коллективæн йæ сырæзтæй абонмæ разамынд дæтты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Кокойты Агуындæ.

*      *      *

Сылгоймæгты Дунеон бон 8 марты кадæн республикæйы Сæргълæууæг  Битарты Вячеслав алыхуызон хæрзиуджытæ æмæ Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта, цардуаджы алы къабазы хуыздæр кусæг сылгоймæгтæй иу къорды.

«Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ! Сымах стыр æвæрæн хæссут республикæйы экономикон æмæ социалон нывылдзинадмæ, æхсæнадон фарстатæм, бинонты фæрныгад æмæ Ирыстоны хуыздæр традицитæ хъахъхъæнынмæ.

Бузныг, кæй нын стут. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæнт, Ирыстоны сылгоймæгтæ! Амондджын æмæ фæрнæйдзаг ут уе ʻппæт хъуыддæгты!», – загъта Битарты Вячеслав.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.