ÆНÆБЫНДУР ФИДДОНТÆН БЫНАТ НÆЙ

27 марты æнæхъæн Уæрæсейы уæзласæн машинæты шофыртæ цы протестон акци ауагътой, система «Платон», зæгъгæ, уым архайдтой РЦИ-Аланийы  шофыртæ дæр. Кавказы Федералон трассæйыл республикæмæ æрбахизæны, Кæрдзыны хъæуы фарсмæ азмæлæн нал уыд адæм æмæ машинæтæй. Ардæм æрбацыдысты   республикæйы алы къуымтæй шофыртæ алыхуызон уæзласæн машинæтыл. Протесты сæйраг нысан уыд, шофырты алыхуызон фиддонтæй куыд бафæллайын кодтой, уый. Уæлдай маст сын æрхаста, ивгъуыд къуыри Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевы раныхас. Уый фехъусын кодта йæ ныстуан, цæмæй, дард рæттæм цæуæг уæзласæн машинæты шофыртæ нырмæ иу километр ацæуæггаг цы сом æмæ æрдæг фыстой, уый суа æртæ сомы. Æцæг ивд æрцыд уыцы нымæц æмæ раздæры аргъмæ бафтыд 25%. Ныр фидын хъæудзæн алы километр ацæуæггаг иу сом æмæ 91 къапеччы. Уый стыр маст равзæрын кодта стыр машинæты хицæуттæм.

Куыд зонæм, афтæмæй ивгъуыд аз рацыд ног закон дард фæндæгтыл рейсгæнæг уæзласæн машинæты тыххæй. Уый амоны алы километр ацæуæггаг дæр æхца бафидын. Закъон райс-джытæ куыд бамбарын кодтой, афтæмæй стыр, уæззау машинæтæ фæндæгтæ тынг халынц, æмæ уыдон аразынæн та шофыртæ сæхæдæг хъуамæ фидой. Уæд дæр бирæ протестон акцитæ фæкодтой, стæй сæ хъысмæтимæ сразы сты, райдыдтой фидын, фæлæ сæ ууыл дæр нæ уа-дзынц, алыхуызон фиддонтæ сын æрхъуыды кæнынц.

Акцийы архайджытæм ацыдысты Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб, амалхъомты хъуыддæгты фæдыл æххæстбарджын Медойты Тимур æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Уыдонæн сæ хъæстытæ фæкодтой шофыртæ. «Фæндæгты арæзтадæн нын фидын кæнынц, аразгæ та сæ нæ кæнынц, нæ машинæтыл нын æвæрын кæнынц тахографтæ, кæцытæ сты 40 мин сомæй уæлæмæ, уыцы закъон та мах йеддæмæ никуы ис, Уæллаг Ларсыл хизгæйæ нын цалдæр хатты скæнын кæнынц рентген нæхицæн æмæ нæ товарæн, æмæ уый æнæниздзинадæн цы зиан хæссы, уый зонæм, ныфс нын æвæрдтой хъалонты сæрмæ æртаджы аргъ фæкъаддæр кæнынæй, æмæ 2 сомæй 8 соммæ сгæпп кодта, алыхуызон диспетчертæ нын нæ бирæ хъалонтыл æфтауынц, нæ машинæтыл æвæрд товар сæм бирæ куы фæкæсы, уæд. Æмæ ныл нырмæ цы уаргъ сæвæрдтой, уыдонæн тыхамæлттæй быхстам, фæлæ та ныл ног хæрдзтæ ныххуырстой», – дзырдта шофыртæй иу – Мурат, зæгъгæ.

Хицауады разамонджытæ бæстон байхъуыстой протесты архайджытæм. Мæхъиты Зураб хæстæг бонты йæхимæ фæхуыдта активистты аныхас кæнынмæ. Куыд загъта, афтæмæй уыдон хъуамæ бæлвырд домæнтæ ныффыссой æмæ йын сæ йæ исæн уатмæ æрбахæссой.

«Уæ домæнтæ уын фæхæццæ кæндзынæн парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ хицауады разамонджытæм. Кæд æмæ цæттæ уат рæстагæй кусынмæ, уæд хицауады хæс у ацы хъуыддаг лæмбынæг равзарын æмæ уын аккаг уавæртæ скæнын», – банысан кодта Мæхъиты Зураб.

 

БЕСЛÆНЫ РИС – ÆНУСТÆМ

Беслæны фыццæгæм скъолайы арæзт террористон фыдракæнды рæстæджы хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмæн цæрæнуæттæ раттыны фарстайы фæдыл æрæджы фембæлдысты, алы ведомствотæ кæм кусынц, уыцы къамисы уæнгтæ. Æмбырды сæрдариуæг кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Архайдтой дзы Хицауады Администрацийы разамонæджы хæдивæг Ортабайты Виктор, арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Бититы Раман, Рахизфарсы районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Акъоты Тимур, организаци «Беслæны мæдтæ»-йы уæнгтæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Ацы фембæлд арæзт æрцыд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы амынддзинадмæ гæсгæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æрæджы Рахизфарсы районы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы организаци «Беслæны мæдтæ»-йы уæнгтæ бахатыдысты республикæйы разамонæгмæ, цæмæй теракты хъыгдардбаййафæг адæмæй республикон программæмæ кæй нæ бахастой, уыдонæн радих кæной цæрæнуæттæ кæнæ компенсацитæ.

Къамисы уæнгтæ æркастысты, хъыгдардбаййафæг адæмы номхыгъдмæ раздæр кæй нæ бахастой, уыдоны куырдиæттæм. Ныридæгæн уал фидаргонд æрцыдысты хъыгдардбаййафæг адæмы рагагъоммæ номхыгъдтæ, стæй компенсациты бæрцытæ. Теракты чи фæмард, уыдоны бинонтæй цæрæнуæттæ райсыны фæдыл номхыгъдмæ бахастой 142 адæймаджы, æдæппæт та сты 200 бæрц. Ацы адæмæн сæ рæстæджы радтой цæрæнуатон сертификаттæ, фæлæ сын æхца дихгонд не ‘рцыд.

Ацы ахсджиаг фарсты фæдыл уыд йæ ныхас Битарты Вячеславæн, æрæджы Мæскуыйы кусæ-гон балцы уæвгæйæ, Дмитрий Медведевимæ йæ фембæлды рæстæджы. Битары фырт куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйæн йæ бон нæ бауыдзæн йæхимæ ахæм стыр уаргъ райсын йе стыр хæстимæ, Мæскуы йын куынæ баххуыс кæна, уæд.

Дмитрий Медведев бахæс кодта æмбæлгæ ведомствотæн ацы хъуыддаг равзарын æмæ баххуыс кæныны тыххæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.