ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ БАЙГОМ УЫДЗÆН САНКТ-ПЕТЕРБУРДЖЫ МАРИИНАГ ТЕАТРЫ ФИЛИАЛ

Санкт-Петербурджы Мариинаг театры филиал Дзæуджыхъæуы байгом кæнынæн УФ-йы Хицауады фæстауæрцы фондæй радих кæндзысты 400 милуан сомы бæрц. Ахæм уынаффæ УФ-йы Хицауад рахаста йæ æмбырды.

Хицауады æмбырды фæстæ УФ-йы культурæйы министр Владимир Мединский куыд ра-дзырдта, афтæмæй петербургаг театры филиал фарон байгом горæт Владивостокы, ныр та ахæм филиал байгом уыдзæн Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты.

«Абон УФ-йы Хицауад йе ‘мбырды цы уынаффæ рахаста, уымæ гæсгæ Дзæуджы-хъæуы байгом уыдзæн Мариинаг театры филиал. Уыцы æууæл, кæй зæгъын æй хъæуы, фæхъомысджындæр кæндзæн республикæйы культурæйы къабаз, аивадуарзджытæн ноджы фылдæр фадæттæ уыдзæн хуыздæр спектакльтæ фенынæн, дæсныдæр артисттимæ базонгæ уæвынæн. Нæ зæрдæ дарæм, уыцы уынаффæ æрмæст культурæйы рæзтыл кæй нæ фæзындзæн, фæлæ нæ бæстæйы кавказаг регионты ‘рдæм инвестортæ фылдæр æргом кæй аздахдзысты, ууыл дæр», – бафиппайдта Владимир Мединский.

Федералон Хицауады уынаффæйы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг – УФ-йы Президенты цур Цæгат Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис дæр. «Санкт Петербурджы Мариинаг театры филиал Дзæуджыхъæуы кæй фæзындзæн, уымæн ис стыр ахадындзинад. Не ‘мзæххонтæ зонгæ кæндзысты зындгонддæр оперон æмæ балетон спектакльтимæ, хъусдзысты номдзыддæр оркестртæм. Ахæм аивад цымыдисаг уыдзæн æрмæст республикæйы цæрджытæн нæ, фæлæ ма сыхаг регионтæ æмæ суанг фæсарæйнаг минæвæрттæн дæр”,  – банысан кодта Дзанайты Барис.

УФ-йы Хицауады æмбырды куыд загъдæуыд, афтæмæй Мариинаг театры дзæуджыхъæуккаг филиалы сконды уыдзысты стыр театралон сценæ, филармони æмæ камерон залтæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармони бындурон рацарæзты фæстæ ногæй байгом 2016 азы декабры. Уыцы цауы фæдыл кадджын мадзæлтты архайдтой бирæ уазджытæ. Уыдоны нымæцы – УФ-йы Хицауады вице-премьер Ольга Голодец. Уыимæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав иу æмæ дыууæ хатты нæ ныхас кодта Марияйы театры филиал республикæйы байгом кæныны фарстайыл.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийæ уæлдай, Марияйы театры филиал суыдзæн Оперæ æмæ балеты паддзахадон театр дæр, фæстæдæр та – Гергиты Валерийы номыл кавказаг культурон центр дæр.

 

ОГЪУАТЫ АЛАН – ЦИПУ-ЙЫ РЕКТОР

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректорæй равзæрстой Огъуаты Аланы. Ректоры æвзæрстытæ цыдысты 11 апрелы ЦИПУ-йы коллективы уæнгты конференцийы.

Конференцийы архайæг 106 делегатæй 101 схъæлæс кодтой Огъуайы-фырты кандидатурæйыл. Ныр УФ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады Огъуаты Аланимæ бафысдзысты фæллойадон бадзырд фондз азы æмгъуыдмæ.

Раздæр УФ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады аттестацион къамис ректоры бынатмæ æвзæрстытæм снысан кодта дыууæ кандидатурæйы – ЦИПУ-йы ректоры хæстæ æххæстгæнæг Огъуаты Алан æмæ ЦИПУ-йы зонадон фарстаты фæдыл проректор, историон зонæдты доктор Туаты Бертæйы. Уыцы-иу рæстæг университеты структурон дæлхайæдты та æвзæрст æрцыдысты, ректоры кæм æвзæрстой, уыцы конференцийы делегаттæ.

Æвзæрстыты бæрæггæнæнтæ куы фехъусын кодтой, уæд Огъуаты Алан се ‘ууæнчы тыххæй бузныг загъта æмбырды архайджытæн, университеты æппæт коллективæн дæр æмæ зæрдæ бавæрдта, йе ‘ппæт зонындзинæдтæ æмæ хъарутæ университет хъомысджындæр кæнынмæ кæй сараздзæн, уымæй. «Университеты райрæзты хъуыддаджы нæ размæ бирæ хæстæ ис. Ахуырад æмæ зонады федералон министрад æмæ республикæйы разамынды æххуысæй уыцы нысæнттæ къухы кæй бафтдзысты, уымæй мæ ныфс ис”, – йæ раныхасы фæбæрæг кодта Огъуайы-фырт.

Цæгат Ирыстоны разамонæджы номæй ног æвзæрст ректорæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы разамонæг Челæх-саты Рустем. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Огъуаты Аланмæ ис зонадон, ахуырадон æмæ административон куысты хорз фæлтæрддзинад. Уыцы æууæл ахъаз уыдзæн университеты дарддæры райрæзтæн, йæ коллективы æнтыстджындæр архайдæн.

Огъуаты Алан йæ рæстæджы каст фæци ЦИПУ-йы экономикон факультет, 2002 азы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци, 2010 азы та – докторон диссертаци. 2008 азы каст фæци УФ-йы Хицауады цур Финансон академи.

2004 азæй фæстæмæ уыд ЦИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг, кафедрæйы доцент æмæ профессор, 2009 азæй фæстæмæ – университеты проректор. 2008 азы йæ равзæрстой РЦИ-Апанийы Парламенты депутатæй. 2011 азæй фæстæмæ – РЦИ Аланийы ахуырад æмæ зонады министр. 2015 азы октябры нысан æрцыд республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæгæй. 2016 азы июлæй фæстæмæ æххæст кодта ЦИПУ-йы ректоры хæстæ.

 

Ныййарæджы капитал – Интернеты фæрцы

Уæрæсейы Пенсион фонды Цæгат Ирыстоны хайад адæмы зæрдыл лæууын кæны: ныййарæджы капиталы сертификат райсыны фæдыл куырдиат бадæттæн ис Интернеты фæрцы дæр.

Уый тыххæй Пенсион фонды официалон сайты байгом кæнын хъæуы «хи кабинет». Ахæм «хи кабинет» кæмæн ис, уыдонæн сæ бон у электронон хуызы бæрæг кæной ныййарæджы капиталы фæрæзты бæрц. Æмæ кæд электронон лæггады фæрцы адæймаг бирæ къаддæр рæстæг хардз кæны, стæй йæ Пенсион фонды дæлхайады дæр рады лæууын нæ хъæуы, уæддæр не ‘мзæххонтæй нырма бирæтæ уыцы фадатæй не спайда кодтой. Афтæ, ныййарæджы капиталы сертификаты хицæуттæй æрмæстдæр 5 проценты спайда кодтой электронон хуызы лæггæдтæй.

Пенсион фонды лæггæдты тыххæй ма информаци райсæн ис «комкоммæ бастдзинады» хаххы фæрцы дæр (йæ номыр – (8 672) 51-80-92).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.