ЭКОЛОГИ – НÆ САГЪÆСТЫ СÆР

Республикæйы   æрдзон  фæрæзтæй  хæдзардзинæй пайда æмæ экологион æдасдзинад фидардæр кæныны фарстатыл сæ фæмбæлды рæстæджы æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгы цур адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл советы уæнгтæ сæ уæрæхдæргонд æмбырды. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев. Архайдтой дзы уазджытæ – Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур граждайнаг æхсæнад æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл советы уæнгтæ Александр Мукомолов, Сергей Цыпленков, Максим Шевченко, Уæрæсейы Президенты уынаффæгæнæг Михаил Федотов, нæ республикæйы Парламенты Сæрдары хæдивæг Къесаты Станислав, Æх-сæнадон палатæйы сæрдар Бокоты Эльбрус æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Фысымтæн дæр æмæ уазджытæн дæр сæ сагъæсы сæр уыд республикæйы экологон уавæр. Ныхасы рæстæджы æркастæуыд бирæ фарстатæм, уыдоны æхсæн куыстуæтты хауæццæгтæ кæм æфснайд сты, уыцы бынæтты хъысмæт дæр. Куыд зонæм, афтæмæй æрзæткъахæн куыстуæтты, стæй завод “Электроцинк”-ы хауæццæгтæ дæсгай азтæ лæу-уынц обæуттæй алы рæтты æмæ хъæстæ кæнынц уæлдæф. Экологийæн ма стыр зиан хæссынц цалдæр заводы, æгæрон бырæтты кæритæ æмæ, сæйраджыдæр, транспорты хъæстæ газтæ. Транспорт та кæны фылдæрæй-фылдæр.

Экологон цæстдарды управленийы хицау Тобойты Алан куыд загъта, афтæмæй “Электроцинк”-ы здыйы цех кæд æхгæд æрцыд, уæддæр уæлдæфы хъæстæ нæ фæкъаддæр. Æмæ нырмæ уыдон кæд заводы аххос уыдысты, уæддæр уæлдæф чъизи кæнынмæ фæстæ нæ лæууынц автотранспорт æмæ хъармдæттæн хæдзарæдтæ.

Иннæ ахсджиаг фарста – Терчы цæугæдоны уавæр. Уый ма 20-30 азы размæ дæр сыгъдæгæй уади, фæлæ йын ныр йæ хъысмæтыл ничиуал тыхсы. Алы ран дзы калынц брæттæ. Куыстуæттæ æмæ йæм канализацион системæйæ цы хауæццæгтæ баппарынц, уыдоны бæрц у тынг бирæ. Уый у тæссаг уавæр.

Тобойты Алан ма æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, цалдæр азы размæ УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонин нæ республикæйы уæвгæйæ экологион фарстаты фæдыл сæрмагондæй æмбырд кæй сарæзта. Уæд арæзт æрцыд экспертизæ экологийæн тас объекттæй. Уый фæдыл уæд арæзт æрцыд сæрмагонд проект сæ аиуварс кæнынæн, фæлæ домы стыр æхцатæ, уыимæ федералон бюджетæй дæр.

“Ног полигон та саразæм брæттæ калынæн, махмæ уыййас зæххытæ нæй, уымæ гæсгæ хуыздæр у ног бронкуыстгæнæг куыстуат саразын, уый у экологон æгъдауæй пайдадæр”,- загъта Тобойы фырт.

Советы уæнг Сергей Цыпленков йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй нысанмæ-здæхт программæтæ республикæйы арæх саразынц, фæлæ гæххæттыл фыстæй баззайынц. Уый ма радзырдта фидæны проекттæм йæ цæстæнгасы тыххæй.

Æмбырды архайджытæ радзырдтой республикæйы экологион уавæры тыххæй сæ хъуыдытæ. Алексей Мачнев куыд банысан кодта, афтæмæй Ирыстон кæддæриддæр зындгонд уыд йæ сыгъдæг уæлдæф æмæ рæ-сугъд æрдзæй æмæ уыцы хæзнатæ хъæуы хъахъхъæнын.

Кæронбæттæны арæзт æрцыд æмбæлгæ документтæ хицаудиуæгады органтæм экологион фарстаты фæдыл баххуыс кæныны тыххæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.