СЫРÆЗДЗÆН НАЦИОН ТЕЛЕУЫНЫНАД

 

Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг  Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы арæзт æрцæудзæн национ телеканал. Цæмæй уый тыххæй ифтонггæрзтæ самал чындæуа, уый тыххæй баххуыс кæндзысты республикæйы æддейæ цæрæг фæрæзджын цæгатирыстойнæгтæ, кæцытæ цæрынц Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр регионты.

«Хицауады раз æвæрд æрцыд хæс, цæмæй нын азы фæудмæ уа нæхи национ телеуынынад. Уый тыххæй нын ис æууæлтæ. Равзæрстам бæстыхай дæр.  Ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ ныридæгæн цалцæг кæнынц уыцы бæстыхай. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ бæстыхай цалцæг æрцæудзæн æнæ бюджетон фæрæзтæй», – загъта Битарты Вячеслав.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ма ис ахæм адæймæгтæ дæр, уыцы нымæцы республикæйæн æддейæ не ‘мбæстæгтæй, кæцытæ цæттæ сты ифтонггæрзтæ æлхæнынмæ, уыдонæн та хъæуы 100 милуан сомæй фылдæр.

«Уый фæстæ мах хиздзыстæм спутникмæ æмæ уый фæрцы нæ телеалæвæрдтæ хæццæ кæндзысты дунейы алы къуымтæм дæр, цæмæй не ‘мбæстæгтæн сæ бон уа нæ национ телеуынынадмæ кæсын», – банысан кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.

Куыд ма фехъусын кодта, афтæмæй ныридæгæн бæрæг у йæ къухдариуæггæнæг дæр. Уый ныридæгæн кусын райдыдта организаторон фарстатæ скъуыддзаг кæныныл, уыцы нымæцы кадртæ æмбырд кæныныл дæр.

«Æнæмæнгæй мах сараздзыстæм национ телеуынынад», – йæ ныхасы кæрон банысан кодта Битарты Вячеслав.

 

КАНДИДАТТÆН – ÆМДЗÆВГÆТÆ

Æнахуыр мадзал æрхъуыды кодтой, ирон æвзагыл зæрдæйæ чи риссы, уыдон. Цæмæй нæ чиновниктæ, уæлдайдæр Паддзахадон Думæмæ кандидаттæ сæ мадæлон æвзаг зоной, уый тыххæй хъуамæ радзурой… фæйнæ æмдзæвгæйы ирон æвзагыл. Уый у фæлварæны хуызы, йæ адæмы бæрны бацæуынмæ чи хъавы, уыцы чиновниктæн. Уый тыххæй Æхсæнадон палатæ æмæ хистæрты советы минæвæрттæ бирæ хæттыты систой фарст, цæмæй республикæйы æмвæзадыл, æвзаг зоныны домæнтæ карз кæм уой, ахæм закъон хаст æрцæуа æмæ паддзахадон службæмæ чи бырсы, уыдонæй дæр æй бадомдæуа. Ныр уал ахæм закъоны бæсты арæзт æрцыд сæрмагонд сайт “Æмдзæвгæ”, кæцы нымад æрцыд хуыздæр проектыл Цæгат Кавказы. Сайтмæ хаст æрцыдысты ирон поэтты æмдзæвгæтæ Къостайæ абоны онг.

Цымыдисаг мадзалы сæ курдиат бафæлварын бафæндыд зындгонд дохтырты, юристты, спортсменты, артистты, политикты… Фæлæ уал, фыццаджыдæр, проекты сæ хъару хъуамæ бафæлварой Паддзахадон Думæмæ кандидаттæ. Уыдонæй уал разыйы дзуапп радтой Æгъуызарты Мурат, Мæхъиты Зураб æмæ Таймазты Артур. Проекты автор Гæззаты Давиды уырны, Паддзахадон Думæмæ иннæ кандидаттæ: Тайсауты Хъазыбег, Кучиты Гари, Гæззаты Валери æмæ Фадзайты Арсен дæр разыйы дзуапп кæй ратдзысты. Æцæг, æмдзæвгæтæ кæд æмæ кæм радзурдзысты, уый бæрæг нæма у.

 

БИНОНТÆ – ЦАРДЫ БЫНДУР

Нæ республикæйы дæсæм июлы фыццаг хатт уæрæх нысан æрцыд Бинонты æппæтуæрæсейон бон. Организатортæ администрацийы культурæйы управленийы хицау Кокайты Аланы разамындæй бацæттæ кодтой диссаджы программæ. Йæ сæйраг нысан уыд, цæмæй Бинонты боны кадæн курдиатджын бинонтæ сæ арæхстдзинад равдисой аивады æмæ спорты. Архайдтой дзы Плиты, Къуымæллæгаты, Цæрикъаты, Хуыбаты, Мецъаты, Дзатиаты æмæ иннæ мыггæгты бинонтæ, æдæппæт иуæндæсæй. Кафт, зард æмæ спортивон ерыстæй уæлдай ма дзы æвдыстой инсценировкæтæ, дзырдтой æмдзæвгæтæ. Бæрæгбоны архайджытæ хорзæхджын æрцыдысты Кады дипломтæй.

Фæлæ бæрæгбон ууыл нæ ахицæн. Уыцы бон нæ горæты ЗАГС æрбынат кодта Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы. Уым сæ цард баиу кæнын официалон æгъдауæй сфидар кæнын сфæнд кодтой фондз бинонтæ. Зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ сын дидинджытимæ, бирæ æвдисæнты раз радтой къайад сфидар кæныны тыххæй документтæ. Ахæм мадзал ацы бинонтæ бахъуыды кæндзысты цæрæнбонтæм.

Уыцы бон ма парчы уыд сывæллæтты нывты равдыст. Жюрийы аргъмæ гæсгæ, æртæ хуыздæр нывы конд æрцæудзысты горæты баннертыл, фынддæс нывы та мыхуыр æрцæудзысты журнал “Ногдзау”-ы.

“Махмæ ис бирæ курдиатджын бинонтæ æмæ нæ хæс у уыцы курдиæттæ раргом кæнын. Фæлæ, хъыгагæн, нæ программæ кæронмæ сæххæст кæнын нæ къухы нæ бафтыд къæвдайы аххосæй. Бирæ цыдæртæ аивын бахъуыд. Уырны мæ, иннæ азмæ нæ фæлтæрддзинад дæр кæй фæфылдæр уыдзæн æмæ æппæтдæр нæ къухы кæй бафтдзæн”, – загъта Кокайты Алан.

Æхсызгон уыд ахæм хъæлдзæг бæрæгбонмæ кæсын. Фыццаг хатт æхсæнадон организацитæ, хъæппæрисджын цæрджытæ æмæ бизнесы минæвæрттæ баиу сты æмæ æнæ хицауады æмæ бюджеты æххуысæй сæхи фæрæзтæй иумæ скодтой хъæлдзæг бæрæгбон. Бæрæгбоны чи архайдта, уыцы бинонтæ та равдыстой адджын бинонты æнгомдзинад æмæ бындур уарзын, фæбарын, кæрæдзи æмбарын, хистæртæн аргъ кæнын æмæ нæ традтицитæ нымайын кæй у.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.