ÆРДЗОН   ФЫДБЫЛЫЗТЫ   УАЦАРЫ

Цыма арвы бын фегом, уыйау æнæхъæн мæй къæвда йæ уарынæй нал æнцайы. Донласт фестад бæстæ. Ахæм уавæры ис Цæгат Ирыстон æмæ Уарæсейы регионтæн сæ фылдæр. Фæлæ дзы 20 – 21-æм  июнмæ æхсæв цы фыдбылызтæ æрхаста, афтæ арæх нæ вæййы. Уыцы хъаймæты æхсæв арв æмæ зæхх баиу сты. Метрмæ адæймаг ницыуал уыдта. Адæмæй фынæй кæнын ничиуал уæндыд, тарстхуызæй рудзгуытæй кастысты, цы уыдзæн, уымæ. Æмæ йæ кæнонтæ бакодта æмбисондæн хæссинаг тæрккъæвда. Дур-дурыл нал ныууагъта Змейкæйы, Ираны, Мичурины, Хъæдгæроны, Красногоры, Николаевскы хъæуты. Йæ хъомыс та фылдæр ныккалдта Алагиры районыл. Æмбисæхсæв уырдæм фæфæдис сты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджытæ æмæ æвæс-тиатæй бавнæлдтой сæ куыстмæ. Æвæрд дзы æрцыд æнæнхъæ-лæджы уавæрты режим. Тыхджын къæвда баиу цæугæдæттимæ, сæ фæрсты æфсæнбетон дамбæтæ атыдтой æмæ дон акалд Црау, Хæтæлдон, Суадаг  æмæ Бирæгъзæнгы хъæутыл. Фондз метры арфæн дон йæ разæй бумбулийау скъæфта æрмæст фос, бæлæстæ æмæ алыхуызон мигæнæнтæ нæ, фæлæ ма рог æмæ уæзласæн машинæтæ дæр. Дымгæхæццæ къæвда стыдта хæдзæртты сæртæ, ныппырх кодта рудзгуытæ, ныскъуыдтæ кодта электрон тыхдæттæн телтæ, адæм баззадысты æнæ рухс, газ æмæ донæй. Амынд хъæутæй иуран дæр хид нал баззад. Лæсæнтæ рацыдысты æмæ хъæутæм бацæуæн æмæ рацæуæн фæндæгтæ сæхгæдтой. Тыллæджы номыл иунæг хал дæр нал баззад цæхæрадæтты. Бирæгъзæнджы сæрмæ улæфæн тæлмы цы туристтæ уыд, уыдон иппæрдæй баззадысты, бацæуæн сæм ничердыгæй уал уыд, афтæмæй сæ министрады ирвæзынгæнджытæ уæлдæфон тындзгæ хидыл рахизын кодтой.

Райсомы фæдисы бынатмæ атындзыдтой республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав,  РЦИ-Аланийы Æрдзон ресурсты министр Мамиаты Чермен, фæндæгты хæдзарады комитеты сæр-дар Солиты Тариэль æмæ иннæ кусæг къорд. Уыдон районты разамонджытимæ бæстон бахыгътой æрдзы знаггад. Æртыццæджы сихормæ æввахс уæззау техникæ асыгъдæг кодта æхгæд фæндæгтæ, ранæй-рæтты фæзынд рухс, дон… Фæлæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнæг къорд нырмæ дæр йæ куыст нæ  фæцис.

Битарты Вячеслав бафæдзæхста цыбыр рæстæгмæ хидтæ æмæ хæлд коммуникацитæ саразын. Куыд загъта, афтæмæй æнæбары талф-тулф арæзтытæ æркæнынц ахæм фæстиуджытæм. Доны былтæ, куыд æмбæлы, афтæ фидаргонд куы уыдаиккой, ацы куыстмæ фаг æргом здæхт куы уыдаид, уæд ахæм зиантæ не ‘рцыдаид æмæ та республикæйы бюджетыл дæр ахæм уаргъ нæ рынцадаид.

Дарддæр Цæгат Ирыстоны гидрометцентр куыд хъусын кæны, афтæмæй нырма æнхъæлмæ кæсæн ис тыхджын къæвдатæ æмæ донивылдтæм. Æнæхъæн республикæйы кусæг техникæ аивылд цæугæдæтты былгæрæттæм æмæ фæдисæй кусынц се сфидар кæныныл. Уымæй уæлдай сæрмагонд ведомствоты патрулон службæтæ рад хæссынц цæугæдæтты былгæрæтты бахъуаджы сахат баххуыс кæныны тыххæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.