Санитарон  уавæр – æнæниздзинады  гуырæн

 

Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис сæрдариуæг кæм кодта, уыцы æмбырды, боны фæткы сæйраг фарст уыд, республикæйы социалон-экономикон рæзты сæйраг къабæзты тыххæй афтæ ма нæ адæмы царды хæрзгъæддзинадыл ахадæг сæйраг фарстатыл дæр.

– Йæ рæстæджы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав цы æрвылазон ныстуантимæ раныхас кодта, уый нымад у республикæйы рæзты проекты ахсджиагдæр документыл. Сæргълæууæг кæй фехъусын кодта, уыдон се ‘ппæт арæзт нæма æрцыдысты. Бацархайын хъæуы, цæмæй иннæ азы доклад-ныстуанмæ нæ горæтмæ бардарæг æппæт хæслæвæрдтæ дæр æххæстгонд æрцæуой, – загъта Æлбеджы  фырт.

Æмбырды рæстæджы горæты администрацийы структурон дæлхайæдтæн радтой сæрмагонд хæслæвæрдтæ, уæлдайдæр та ахуырады фарстаты: рæвдауæндæтты бынæтты кадавар, ахуыры процесс æппæт скъолаты дæр иу сменæйы æххæст кæнын, ахуырадон бæстыхæйтты æдзæллаг уавæр, стæй нæ мадæлон æвзаджы хъысмæт.

Æлбеджы фырт Фæсивæдон политикæйы, физикон культурæ æмæ спорты комитеты разамонæг Баситы Муратæн бафæдзæхста физкультурон – спортивон комплекс “Готов к труду и обороне” ахуырадон уагдæтты парахат кæнын. Уымæй уæлдай администрацийы сæргълæууæджы зæрды ис шахмæтты муниципалон клуб саразын.

Æмбырды архайджытæ ма се ‘ргом аздæхтой санитарон уавæрмæ дæр. Хорзыл банымадтой, Битарты Вячеслав, районтæ æмæ хъæуты администрациты разамонджытæй бирæты кæй фæивар кодта, сæ бæрны уæвæг æнæфснайд территориты тыххæй. Дзæуджыхъæуы хъæбæр цардуагон æппарæццæгты полигоны фарст алыг кæныны тыххæй республикæйы Сæргълæууæг æмæ Уæрæсейы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады рацарæзтæн æххуысы фонды разамонæг Константин Цицин бафыстой бадзырд. Документ фæахъаз уыдзæн цардуагон æппарæццæгтæй пайдагæнæг объекттæ нывыл кæныны инвестортæн æххуысæн.

Ныхас ма цыд, ацы бонты Михайловскы цы куыстуат “Экопромлайн”, зæгъгæ, байгом, ууыл. Уый у экономикæйы дæр æмæ экологийы цæстæй акæсгæйæ дæр стыр æнтыст. Рагæй бæрæг у, машинæйы зæронд цæлхытæ уæлдæфмæ концерогентæ æмæ токсинтæ кæй æппарынц, экологийæн стыр зиан кæй хæссынц. Ныр, зæронд цæлхытæ батайынгæнгæйæ, уыдонæй араздзысты сæрмагонд плиткæ тротуартæн.

Æлбегаты Барис Дзæуджыхъæуы администрацийы æппæт структурон дæлхайæдты разамонджытæн бафæдзæхста, цæмæй бацархайой æппæт тыхтæй æмæ нысангонд фарстытæ аскъуыддзаг кæной æвæстиатæй.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.