Сбæрæг  сты  æвзæрстытæм партитæ

Цалдæр мæйы республикæйы Центрон æв-зарæн комитет йæхи активонæй цæттæ кæны 12 сентябры æвзæрстытæм. Парламенты уæлдай муниципалон æвзæрстытæ ацæудзысты Киров æмæ Мæздæджы районты. Æвзæрст ма цæу дзысты Алагиры, Мæздæджы, Æрыдоны, Беслæны, Цыколайы районты æмæ Суадаг æмæ Црауы хъæуты минæвæртты æмбырдмæ депутаттæ.

Парламенты æвзæрстыты архайынмæ сæ документтæ бавдыстой 13 парти æмæ дыууæ мæйы бæрц ацыд уыдон  аиппытæ сбæрæг кæ-ныныл. Куыд рабæрæг, афтæмæй цалдæр парти æвзæрстыты архайынмæ се ‘вварс хæцджытæй кæй æрæмбырд кодтой, уыцы къухфыстытæй  мæнг разынд бирæ. Уымæ гæсгæ,  æвзæрстыты архайынæй ахаудысты цыппар парти: “Российский общенациональный союз” (сæ къухфыстытæй хæлд разынд 35%), “Яблоко” (къуфыстытæ хæлд разындысты 20%), “Российская социалистическая Россия” (хæлд – 30%). “Партия ветеранов России” та хъæугæ хъæлæстæ нæ æрæмбырд кодта. Закъонмæ гæсгæ та хъæугæ документты аиппытæ æруадзæн ис 10% бæрц.

Æвзæрстыты архайынмæ цы партитæ бахаудтой, уыдонæй дæр ацух кодтой хицæн кандидаттæ Тебиаты Таймуразы (“Коммунисты Рос-сии”) æмæ Цориты Хъазбеджы (“Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон парти”) дыгай æмбæстагдзинады паспорттæ сæм кæй уыд, уымæ гæс-гæ. Альянс “зеленых” æмæ ЛДРП йæ дæр æрвыст æрцыдысты дыууæ кандидаты, тæрхонгонд кæй уыдысты кæддæр, уымæ гæсгæ.

Къухфыстытæ æмбырд кæнынæй сæрибар æрцыдысты Паддзахадон Думæ кæй бавдыста æмæ раздæр муниципалон æвзæрстыты рæстæг мандат чи райста, уыцы партитæ.

Центрон æвзарæн комитеты сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы хатт æнæпарламентон партитæн карз фæткы, закъоны  сæрты ахизын сæ бон нæ бацис, кæд сын алывæрсыг æххуыс кодтой, уæддæр.

Афтæмæй ма 13 партийæ 10 сентябры æв-зæрстыты архайдзысты фараст. Уыдон сты: «Единая Россия», ЛДПР, «Справедливая Россия», «Патриоты России», «Коммунисты России», КПРФ, «Партия Роста», «Альянс зеленых» æмæ «Родина».

Нæ   уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.