ПОЛИТИКОН  ПАРТИТЫ  ТОХ  ÆВЗÆРСТЫТЫ АГЪОММÆ

Йæ кульминацимæ схæццæ Цæгат Ирыстоны Парламентмæ æвзæрстытæм цæттæ кæныны хъуыддаг. 10 сентябрмæ ма нымад бонтæ баззад, фæлæ политикон тох нæма æрсабыр. Парламенты сæ бынат бацахсыныл фылдæр тох кæнынц, иу идеологи кæмæн ис, уыцы дыууæ “æфсымæрон” партийы: “Уæрæсейы коммунисттæ” æмæ “Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон парти”. Куыд зонæм, афтæмæй парти “Уæрæсейы коммунисттæ” фæзынд хæрзæрæджы, фæлæ йыл бирæтæ зæрдæрайæ нæ сæмбæлдысты. Центрон æвзарæн къамис партиты æвзæрстыты архайынмæ куы срегистраци кодта, уæд Уæрæсейы Федерацийы Коммунистты парти Цæгат Ирыстоны Сæйраг тæрхондонмæ хъаст балæвæрдта “Уæрæсейы коммунисттыл”, цæмæй ацы регистраци ма банымайой æмæ йæ æвзæрстыты архайынæй сисой. Йæ аххосаг ын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй амынд парти æвзарæн къамисмæ кæй æрбалæвæрдта, уыцы къухфыстытæн сæ фылдæр уыдысты кæнгæ. Уый сбæлвырд кодта экспертизæ дæр.

Хъаст æрвыст æрцыд Ставрополы Уæрæсейы Сæйраг тæрхондонмæ. Йæ хæдфæстæ ахæм хъаст балæвæрдта ныр та “Уæрæсейы коммунисттæ” Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон партийыл. Уыдон дæр сыл ахæм азым сæвæрдтой. Ацы хъаст дæр та Ставрополы тæрхондонмæ æрвыст æрцыд.

Ставрополы Сæйраг тæрхондон æркаст дыууæ хъастмæ дæр æмæ сæ растыл банымадта, ома, дыууæйы партийы дæр фæаххосджын кодта.  Афтæмæй дыууæ коммунистон партийы дæр æвзæрстыты архайынæй ист æрцыдысты. Тæрхоны уынаффæ йæ тыхы нæма бацыд, афтæмæй йæ ныхмæ ног хъæстытæ балæвæрдтой дыууæ партийы дæр. Уымæй уæлдай сæ рæстдзинад рабæрæг кæныны охыл митинг ауагътой “Уæрæсейы коммунисттæ”, партийы уæнгтæй та бирæтæ расидтысты политикон æххормагдзинад, цалынмæ тæрхондон раст уынаффæ нæ рахæсса, уæдмæ.

“Мах дæр нæ куырдиат балæвæрдтам слестгæнæг комитетмæ, цæмæй уыдон уавæр равзарой закъоны бындурыл æмæ рæстдзинад тагъддæр раргом уа. Æвзарæн къамисы куыстæн цæлхдуртæ чи æвæра, уыдон дзуапп дæтдзысты УФ-йы уголовон кодексы 141 статьямæ гæсгæ”, – загъта Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ.

Цымæ бирæ “патриоттæ” Парламентмæ афтæ цæмæн фæбырсынц? Адæмы мæт сæ ис æви сæхи? Сæдæ азы чи уæвынад кæны, уыцы “Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон парти”-йы  фарсмæ ма æндæр “Коммунистон парти” ацаразын цæмæн бахъуыд, сæ интерестæ, сæ идеологи иу куы у, уæд?

Нæ  уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.