АДÆМ  РАВЗÆРСТОЙ  ПАРЛАМЕНТЫ  НОГ  СКОНД

Ахицæн сты, республикæ цалдæр мæйы кæмæ цæттæ кодта, уыцы æв-зæрстытæ. Уæлдæр закъондæттæг органмæ бахауыныл цы бирæ политикон партитæ тох кодтой, уыдонæй æвзæрстыты архайыны бар æрхауд фараст партимæ. Уыдонæй дыууæ: “Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон парти” æмæ йæ “æфсымæрон” парти “Уæрæсейы коммунисттæ” кæрæдзимæ дæргъвæтин тох æмæ тæрхондоны процессты фæстæ æвзæрстыты архайынæй систой “Уæрæсейы коммунистты”. Цы аст парти ма дзы баззад, уыдоны кандидатты нымæц уыд 365.

Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, куыд æрвылхатт, афтæ фæуæлахиз “Иугонд Уæрæсе” (57. 05 %);  Ныр дыккаг хатт дыккаг бынат æрхаудта “Уæрæсейы патриоттæм” (16. 32%); Ацы хатт коммунистты æртыккаг бынат бацахста “Рæстагон Уæрæсе” (11. 37%);  Цыппæрæм бынат æрхауд “Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон парти”-мæ (5. 62%).

Ацы цыппар партийы закъæттæ æвæрдзысты Цæгат Ирыстоны Парламенты. Иннæ цыппар парти: ЛДПР, “Родина”, “Альянс зеленых” æмæ “Партия Роста”-йæн сæ бæрæггæнæнтæ не схызтысты 3% уæлæмæ.

 

ФÆНДÆГТЫЛ –  ИНФОРМАЦИОН ФÆЙНÆДЖЫТÆ

Æмбæхсинаг нæу, бирæтæ сæ куыстмæ куыд æбæрнон цæстæй кæсынц, уый. Ахæмтæ сæ размæ æвæрд хæстæм кæсынц æрмæстдæр пайдайы цæстæй. Афтæ у нæ фæндæгты уавæр дæр. Стыр æхцатæ ивылы уыдон арæзтадмæ, аразгæ дæр сæ кæнынц, фæлæ цалдæр мæймæ къуыппытæ-дзыхъхъытæ фестынц. Афтæ цæмæн у, уый алчидæр зоны. Фæндæгтæ аразæн æрмæг чи уæй кæны, уыдон ын йæ технологи куыд æмбæлы, афтæ не скæнынц, цæмæй та тагъд рæстæджы балхæнай. Уæдæ фæндæгтæ чи аразы, чи сæ æмпъузы, уыдонæн дæр цас фылдæр куыст уа, уыйас – хуыздæр…

Республикæйы разамынд рахаста фæндон нырæй фæстæмæ ахæм æбæрнон ахастæн кæрон сæвæрын. Регионалон æмæ муниципалон нысаниуæг кæмæн ис, æмæ РЦИ-Аланийы фæндæгты хæдзарады бæрны чи ис, уыцы автомобилон фæндæгты былгæрæттыл æвæрд цæуы информацион фæйнæджытæ. Уыцы фæйнæджытыл фыст ис фæндаджы маршрут, йæ заказгæнæг, фæндæгты хæдзарад æмæ йæм йæ хъус чи дары, уыцы организациты нæмттæ æмæ телефонтæ, стæй директоры ном, мыггаг æмæ телефон. Уый у шофыртæн, бæлцæттæн бастдзинады фæрæз. Фæндаджы асфальт уæлцъар хæлдтытæ куы уа, люкы дзыхъхъ куы байгом уа, æнæфснайд, йæ алфæмблай æнæкарст куы уа, уæд сæ бон у æвæстиатæй фехъусын кæной амынд телефонæй. Ног закъонмæ гæсгæ уыцы куырдиæттæ æвæстиатæй æххæстгонд хъуамæ цæуой. Бæрæг ма цæудзысты ног арæзт фæндаг цыбыр рæстæгмæ цæй аххосæй фехæлд, уый æууæлтæ дæр.

Республикæйы фæндæгтыл ныридæгæн ахæм фæйнæджытæ æвæрд æрцыд цыппоры бæрц, куыст дарддæр цæуы. Æппæт куыстытæм йæ цæст дары Фæндæгты арæзтады комитет.

МАЯКОВСКИЙЫ НОМЫЛ ТЕАТР – ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ

Уӕрӕсейы Федерацийы Культурӕйы министрады программӕ «Большие гастроли – 2017»-ы фӕлгӕтты  Цæгат Ирыстонмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы ӕппӕты рагондӕр ӕмӕ зындгонддӕр театртӕй иу – Мӕскуыйы Владимир Маяковскийы номыл академион театры артисттӕ. Ирыстоны цӕрджытӕн равдисдзысты театры репертуары спектаклтӕй фондз.

Ацы аз театрӕн у юбилейон. Йӕ байгомӕй йыл ӕххӕст кӕны 95 азы. Уал азмӕ, ӕнусмӕ хӕстӕг рӕстӕгмӕ, Ирыстонмӕ ссыдысты фыццаг хатт.

Театры директор Леонид Ошарин дзыллон информацион фӕрӕзты минӕ-вӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы куыд банысан кодта, афтӕмӕй Ирыстоны театралон аивадуарзджытӕм сæхи цӕттӕ кодтой ӕхсӕз мæйы бӕрц. Ӕдӕппӕт ӕрцыдысты сæдӕйӕ. Ахӕм стыр программӕимæ фыццаг хатт рабалц кодтой сӕхи.

Ирыстонмӕ ӕрцӕугӕйӕ, уазджытӕ фыццаг бабӕрӕг кодтой Беслӕны фыц-цӕгӕм скъола ӕмӕ, фыдбӕллӕхы чи фӕмард, уыдоны уӕлмӕрд, сӕвӕрдтой дзы дидинджытӕ. Базонгæ уыдзысты Ирыстоны ӕрдзы рӕсугъддӕр бынӕт-тимӕ, историон цыртдзӕвӕнтимӕ, ирон адӕмы культурӕимӕ.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.