ПАРЛАМЕНТЫ НОГ ЗАКЪÆТТÆ

Æмбæхсинаг нæу, Парламентмæ æвзæрстыты рæстæг адæм кæуыл схъæлæс кæнынц, кæуыл баууæндынц, уыдоны арæх уынгæ дæр никуыуал фæкæнынц. Ахæм депутатты вæййы æрмæстдæр сæхи мæт, алчидæр дзы фендзары йæхи гуылы бын. Уæдæ æмбырдты æмæ сесситы рæстæг дæр зал вæййы фылдæр афтид.

Ныр уыдæттæн кæрон сæвæрдта Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Алексей Мачнев. Уый ног æвзæрст парламенты раз сæвæрдта ног хæстæ. Цы регионалон закъон сфидар кодта, уый дыууæ пунктимæ: “Закон о пропусках” æмæ “Депутатский день”, зæгъгæ, уыдонимæ базонгæ кодта депутатты. Ног закъонмæ гæсгæ, нырæй фæстæмæ æмбырдтæм цы депутаттæ нæ цæуой, уыдон фыццаг хатт райсдзысты административон æфхæрд, дыккаг хатт æрвыст цæудзысты парламентæй. Сæ мандаттæ та лæвæрд цæудзысты, æвзæрстыты рæстæджы хъæлæстæ кæмæн не сфаг æмæ резервы чи баззадысты, уыцы кандидаттæн.

Дыккаг пункт – “Депутатский день”, амоны æрвылмæй æвзарджытимæ æмбæлын. Депутат кæмфæнды цæрæд, цыфæнды ахсджиаг хъуыддæгтæ йын уæт, уæддæр мæй иу хатт хъуамæ фембæла йæ æвзарджытимæ, хъуамæ сæм лæмбынæг байхъуса æмæ сын баххуыс кæна сæ лыггæнинаг фарстаты. Ацы пункты амынддзинæдтæ чи не ‘ххæст кæна, уыдонмæ дæр æнхъæлмæ кæсы ахæм æфхæрд.

Алексей Мачнев куыд загъта, афтæмæй ахæм мадзал фадат ратдзæн куыст æмбæлгæ уагыл рацаразынмæ. “Иунæг депутаты дæр тыххæй ничи бакодта, се ‘ппæт дæр бацыдысты барвæндонæй, адæмæн стыр ныфсытæ февæрдтой æмæ ныр сæ куыст æххæст кæнæд. Алчидæр дзы хъуамæ иу бæлвырд бон снысан кæна æвзарджытимæ фембæлынмæ, цæмæй йæ зоной æмæ сæ чи тыхсын кæ-ны, уыцы фарстытæ бацæттæ кæной”, – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Ног закъон тынг хорзыл банымадта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Парламенты ис цыппар партийы: “Иугонд Уæрæсе”, “Уæрæсейы патриоттæ”, “Рæстаг Уæрæсе” æмæ КПРФ.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.