Ирыстоны ирон газет хъуамæ цæра

 

Газет “Рæстдзинад”-æн традицион ссис, газеткæсджытимæ æмбæлын, газеты нысаныл нæ царды, не ‘взаджы уавæрыл иумæ асагъæс кæнын. Ахæм мадза-лæн йæ фæстиуджытæ æвзæр нæ вæййынц.

Ахæм ахсджиаг фембæлд уыд æрæджы Заводы поселочы 31 æмæ 34-æм скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ, стæй поселочы цæрджытæн газет “Рæстдзинад”-ы кусджытимæ. Мадзал саразыныл бацархайдта газеты иузæрдион хæлар, æхсæнадон архайæг Гуылæрты Барис.

Фембæлдмæ æрбацыдысты “Рæстдзинад”-ы сæйраг редакторы хæдивæг Бутаты Эльзæ, хайады сæргълæууæг Цгъойты Хазби, уацхæссæг Саутæты Тамилæ, Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы директор Дзеранты Æхсар, “Рæстдзинад”-ы æхсæнадон уацхæсджытæ Хозиты Хъуыдæберд, Бырнацты Барон æмæ бирæ æндæртæ.

Сæйраджыдæр ныхас цыд газеты абоны æмæ фидæны уавæрыл. Ныртæккæ иууыл риссагдæр фарста канд нæ мадæлон æвзаг нал у, фæлæ газет рафыссын дæр. Республикæйы нæ иунæг ирон газетæн йæ рафыссыны аргъ ссис мин сомы бæрц. Уыдонæй газетæн зайы сæдæ сомæй чысыл фылдæр, иннæтæ цæуынц посты лæггæдтæн. Уæрæсейы постæн паддзахад æхца нал фиды æмæ  архайы йæ адæмæй  растъигъыныл. Уæдæ сæдæ сомæй куыд ис газет дарæн? Хъæуы гæххæтт æлхæнын, кусджытæн мызд, стæй коммуналон лæггæдтæ фидын… Афтæмæй газет зынаргъæй чи фыссы, уыдонæй хуыздæр уавæры нæй редакци йæхæдæг дæр. Йæ тираж бынмæ дæр уымæн хауы. Дæс азы размæ дæр ма ссæдз минæй фылдæр чи уыд, уый тираж æрхауд фондз минмæ. Ахæм уавæры сты республикæйы иннæ газеттæ дæр.

Æппæт уыцы катайаг фарстатæ рæгъмæ рахастой фембæлды архайджытæ. Бутаты Эльзæ куыд бафиппайдта, афтæмæй газетты тираж æрхауд посты аххосæй. “Раст зæгъгæйæ, “Рæстдзинад” чи уарзы, уыдон нырма бирæ сты, фæлæ йæ сæ бон рафыссын нал у. Киоскты йæ рафыссæн уыд 500 сомæй, уыдонæн дæр сæ фылдæр сæхгæдтой. Уæддæр ма хистæр фæлтæр æнæ газет нæ фæразынц, хатын сæм нæ хъæуы йæ рафыссыны тыххæй, фæлæ цы уыдзæн райсом. Нæ бирæ куырдиæтты руаджы уал нын æй æрыппæрстой 825 соммæ, фæлæ уый рæстæгмæ у. Республикæйы разамынд фæстаг рæстæг йе ‘ргом тынг аздæхта культурæмæ, ирон æвзагмæ, æмæ нæ ныфс ис газеттæм дæр се ‘ргом кæй раздахдзысты”,- загъта Бутаты Эльзæ.

Цгъойты Хазби фйæ раныхасы сæйраг æргом аздæхта газеты историмæ: “Нæ дзырддзæугæ лæгтæ Коцойты Арсен, Гæдиаты Цомахъ, Барахъты Гино, Къосираты Сæрмæт, Æмбалты Цоцкъо æмæ иннæтæ æппæт хъарутæй архайдтой адæмы ‘хсæн рухстауæн куыст кæныныл, Сæ уд хъардтой, цæмæй “Рæстдзинад” цæуа, мидисджын уа. Уыдон мах фидæныл хъуыды кодтой. Уымæн æмæ адæймаг æрмæст кæрдзынæй нæ цæры. Газет куы рацыд, уæд йæ номыл нывæндтæ æмæ куывдтæ кодтой. Уæдæ ахæм зын фæндæгтыл чи рацыд, уый мах куыд хъуамæ фесафæм. Зын цæрæн у, зонын æй, адæм нал æххæссынц, фæлæ куыд фæнды-йæ дæр нæ газет бахъахъхъæнинаг у. Уымæн æмæ уым ис не ‘взаг, не ‘гъдау, нæ фарн, нæ цард æнæхъæнæй дæр. Ахуыргæнджытæй курæг дæн æмæ сывæллæтты æхсæн парахат кæной ирон мыхуырмæ уарзондзинад”.

Цгъойты Хазби ма фæсидт скъоладзаутæм, кæд сæ исчи радзырдтæ, æмдзæвгæтæ фыссы, уæд сæ газетмæ æрбахæссой. Уыдонæн уым ис сæрмагонд рубрикæ “Нæ Иры фæсивæд”. Мыхуыр дзы кæнынц æрыгон фæсивæд, скъолаты ахуыргæнинæгты уацтæ.

Газеты æхсæнадон уацхæссæг Хозиты Хъуыдæберд радзырдта газеты ахадындзинадыл йæ царды. Йе ‘фсымæр, поэт Макаримæ йæ æфсадмæ дæр куыд истой, æнæ “Рæстдзинад” цæрын куыд нæ бафæраздзæн. Куыд загъта, афтæмæй фылдæр фыссын хъæуы фæллойгæнæг адæмыл, раздахын хъæуы, нозтуарзджытæ, гæртамхортæ æмæ магусатыл чи худт, уыцы рубрикæ “Цæхæрцæст”.

Гуылæрты Барис фæндон бахаста, цæмæй газеты кусджытæ арæхдæр кæной ахæм фембæлдтытæ. Сæ фиппаинæгтæ загътой Дзеранты Æхсар æмæ Саутæты Тамилæ дæр газеты куыст фæхуыздæр кæныны фæдыл, фæндæттæ бахастой, цы ис аивæн газеты фæрстыл, цавæр рубрикæтæ æмæ æрмæджытæ хъæуы равзарын.

Фембæлды ирон поэтты æмдзæвгæтæ бакастысты скъоладзаутæ. Газеты кусджытæ та дзуаппытæ радтой бирæ фарстытæн.

Фембæлды архайджытæн се ‘ппæтæн дæр сæ ра-ныхас здæхт уыд иу нысанмæ: Ирыстоны ирон газет хъуамæ цæра цыфæнды уавæрты дæр. Уый та у не ‘ппæтæй аразгæ…

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.