ХЪÆБАТЫРТЫ НОМ АРЫНÆН

1769 азы 9-æм декабры паддзахы хъæбатыр хæстонтæн фыццаг хатт лæвæрд æрцыд Сыгъдæг Георгийы ордентæ æмæ лентæтæ. Ног хæрзиуæг рацыд паддзах Екатеринæ-дыккаджы бардзырдæй. Уæдæй фæстæмæ уый ссис хъæбатырдзинады, кады, намысы хæрзиуæг. Йæ кавалертæ систы бирæ зындгонд æфсæддон разамонджытæ æмæ хæстонтæ.

Ацы цауы кадæн 2007 азæй фæстæмæ Уæрæсейы цæрджытæ официалон æгъдауæй æрвыл 9 декабры бæрæг кæнынц ацы бон. Ссарынц Уæлахизхæссæг Георгийы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, Уæрæсейы Хъæбатырты, Намысы Ордены кавалерты нæмттæ.

Ацы акцимæ æрбаиу вæйы Цæгат Ирыстон дæр, куыд Хæстон Намысы Горæт, афтæ. Ныр дæр Намысы мемориалмæ æрбацыд бирæ адæм: Ветеранты Советы æмæ 58-æм æфсады минæвæрттæ, мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, æх-сæнадон организацитæ, ахуырдзау фæсивæд… Уыдон иу минут æмырæй алæу-гæйæ, ссардтой хъæбатырты ном, стæй дидинджытæ сæвæрдтой, Намысы мемориалы дзы йе ‘нусон бынат чи ссардта, уыдоны ингæнтыл.

“Хъæбатырдзинад кæцыфæнды дуджы, цыфæнды хъуыддаджы равдис, уæддæр адæмæн хæрзиуæг хъуыддаг у. Мах хæсджын стæм, сабырдзинад нын чи æрхаста æмæ нæ абон дæр чи хъахъхъæны, сабыр арвы бын кæй руаджы цæрæм, уыдоны нæмттæ хъуыды кæнын. Мæ сæ-рæй сын ныллæг кувын”, – загъта Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьяна Днепровская.

ПЛАСТИКÆ – ÆРДЗЫ ЗНАГ

Фæстаг азты адæм æрдзæн цас зиан хæссынц, уый ныхæстæй зæгъæн нæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, пластикон мигæ-нæнтæ, дзæкъултæ тынг удæнцой сты, адæймаг сыл сахуыр æмæ нын æнæ уыдон тынг фæзын уыдзæн, фæлæ уыдонæн стыр у сæ зиан дæр. Куыд зонæм, афтæмæй пластикæ зæххы бын дæр не ‘мбийы ссæдзгай азтæ, уыимæ зæронд пластикæ уадзы хъæстæ уæлдæф. Уыдон хæрынц кæнæ баууилынц фос дæр быдыры æмæ арæх амæлынц.

Æппæт уыдæттæ йæ зонадон куысты бахынцыдта æрыгон ахуыргонд, Хæххон металлургион институты рауагъдон Мари-на Залигалиева. Уый республикон инновацион конкурсмæ бавдыста диссаджы проект “Разработка технологии по изготовлению биоразлагаемой упоковки на основе полисахаридов яблочного жмыха” æмæ бацахста фыццаг бынат. Проект царды рауадзынæн Марина Залигаилевайæн лæ-вæрд æрцыд æхца. Йæ нысан у полиэтиленæй пакетты раивын биоæрмæгæй конд пакеттæй. Ахуыргонд полиэтилены æрмæгмæ æфтауы дыргътæ æмæ халсæртты лæмарæнтæ. Ахæм пластикæ æмбийы афæдзмæ. Зиан та æрдзæн æппындæр нæ кæны. Æдтейæ бакæсгæйæ полиэтилен æмæ биопакеттæ кæрæдзийæ ницæмæй хицæн кæнынц.

Ныридæгæн ног пакеттæ фæзындысты стыр фæлхасадон центртæ “Метро” æмæ “М-Видео”-йы, уадзынц сæ товаримæ. Цæгат Ирыстоны æрдзхъахъхъæнынады министрад фæсидт иннæ базарадон куыстуæттæм дæр, цæмæй æвæстиатæй рахизой ногдзинадмæ.

Ахуыргондæн йæ дарддæры плантæ ноджы цымыдисон дæр сты. Йæ зæрды ис ног биоæрмæгæй ныр та мигæнæнтæ уадзыныл бакусын. Уымæй стыр удæнцой æрхæссид æрдз æмæ адæмæн. Уырны нæ йæ фæндтæ йæ къухы кæй бафтдзысты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.