ИРАН ÆМÆ ИРЫСТОН: ХÆЛАРДЗИНАДЫ ТÆГТÆ

 

Ирайнаг æмæ ирон æвзæгты бирæ æмхуызон дзырдтæ кæй ис, сæ уидаг иу кæй у, уый рагæй бæрæг у. Уый тыххæй Ирыстонæн хъарм ахастытæ ис Ираны республикæимæ. Æрæджы Цæгат Ирыстонмæ Иранæй æрцыд стыр делегаци зонадон-практикон конференцимæ.

Форумæн фадат саразыныл бацархайдтой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов æмæ йæ хæдивæг Хацъæты Олег, Къаспы регионы экономикон-гуманитарон фарстаты фæдыл æмгуыстады УФ-йы Президенты сæрмагонд минæвар Рамазан Абдулатипов, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан.

ЦИПУ-йы стыр залы адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Ардæм æрбацыдысты Цæгат Кавказы регионты разамонджытæ, ахуыргæндтæ, куыстуæтты разамонджытæ, бизнесы архайджытæ, студенттæ… Ираны стыр делегацийы сæргъ лæууыд сæ бæстæйы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Мехди Санаи.

Форум уагъд цыд дыууæ хайæ. Фыццаджы ныхас цыд Иран æмæ Цæгат Кавказы æхсæн историон æмæ культурон бастдзинæдтыл, æмгуыстадыл, дыккаджы та Уæрæсе æмæ евразиаг экономикон советы æмгуыстад пысылмон республикæ Иранимæ.

Битарты Вячеслав мадзал гом кæнгæйæ, зæрдиаг арфæ ракодта форумы архайджытæн, уазджытæн. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Иран Уæрæсейæн канд экономикон-базарадон хъуыддæгты нæу хорз партнер, фæлæ ма у Ирыстоны стыр хæлар дæр: “Махæн ирайнаг адæмимæ ис иумæйаг историон уидæгтæ. Бæттынц нæ нæ культурæ, не ‘взаджы æмхуызондзинæдтæ. Абоны конференци ноджыдæр равдыста, Иранимæ хæлардзинады тæгтæй баст кæй стæм, уый. Ирыстон æппæтæй дæр цæттæ у ирайнаг инвесторты æргом раздахынмæ æмæ æмгуыстадмæ. Ирон-ирайнаг ахастытæн ис стратегион ахадындзинад дæр, регионты дины æмæ алы конфесситы ‘хсæн сабырдзинад тауынæн. Махмæ кусы Ирайнаг культурæйы центр, студенттæ ахуыр кæнынц персаг æвзаг, арæзт нæм цæуынц алыхуызон культурон – рухсадон мадзæлттæ. Нырæй фæстæмæ та нæ бастдзинæдтæ хъуамæ уой уæрæхдæр. Ныфс мæ ис, Уæрæсе æмæ Ираны æмгуыстад æмæ æнгом ахастдзинæдтæм Цæгат Ирыстон дæр йæхи хайбавæрд кæй бахæсдзæн”, – загъта Битарты Вячеслав.

Æмгуыстады фарстаты фæдыл ма сæ хъуыдытæ загътой ирайнаг уазджытæ: сæудæджерад æмæ базарады министры хæдивæг Моджтаб Хосротадж, Фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл дунеон иртæстыты центры директоры хæдивæг Мортез Даманпак Джами, ирайнаг-уæрæсейаг хъуыддæгты фæдыл советы разамонæг Гадир Гияфе.

Уæрæсейы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойы номæй форумы архайджытæн арфæйы ныхæстæ загъта ацы советы уæнг Мамсыраты Таймураз. Куыд загъта, афтæмæй Федерацийы Совет цæттæ у Иранимæ алывæрсыг ахастытæ æмæ æмгуыстады фарстаты фæдыл баххуыс кæнынмæ.

Мехди Санаи зæрдиаг бузныг загъта фысымтæн сæ уазæгуарзондзинады тыххæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон у йæ уарзон республикæ, хионы зæрдæ йæм дарынц ирайнаг адæм, æмæ уый тыххæй стыр делегаци æхсызгонæй  æрцыд конференцимæ.

Форумы сæйрагдæр ныхас цыд базарадон-экономикон æмгуыстадыл, историон-культурон бастдзинæдтыл, нырыккон ахастытыл, бæрзонд технологитыл, хъæууон хæдзарад, транспорт, медицинæ æмæ хостæ уадзыны иумæйаг проекттыл, сæрмагондæй та – Тегеран æмæ Дзæуджыхъæуы ‘хсæн авиарейс бакæныныл.

Форумы фæлгæтты изæры Дзæуджыхъæуы филармонийы ирайнаг музыкалон къорд “Мунисан”, Дзанайты Ольгæ æмæ Ходы Оледжы сфæлдыстадон къордтимæ равдыстой иумæйаг концерт.

Форумы дыккаг бон уазджытæ хицауады хæдзары фембæлдысты республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Ныхас цыд сæйраджыдæр форумы æппæт фæндæттæ æмæ проекттæ царды рауадзыны тыххæй.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.