НÆУÆДЗ АЗЫ – КУЫРЫХОН КАР

Цæгат Ирыстоны бирæ ис, йæ куырыхон кармæ чи бахызт, мидисджын истори кæмæн ис, республикæйы царды стыр фæд чи ныууагъта, ахæм культурæ æмæ ахуырадон уагдæттæ.

Уыдонæй иу у Дзæуджыхъæуы зындгонд 4-æм скъола – гимназ. Уый байгом 1927 азы. Уæдæй нырмæ, нæуæдз азы дæргъы, бирæ диссæгтæ федта ацы скъола, бирæ цæлхдурты сæрты рахызт, фæлæ уæддæр æвидигæ сты йæ лæггæдтæ, бирæ зындгонд адæймæгтæ балæвар кодта Ирыстонæн.

Æрæджы скъола – юбиляр йæ нæуæдз азы бæрæгбон банысан кодта ирон театры. Уырдæм æрбацыдысты скъолайы коллектив æмæ ахуыргæнинæгтæ, республикæйы разамонджытæ, нæ интеллигенцийы минæвæрттæ, алы азты рауагъдонтæ… Изæр амонæг Æлбегаты Алан æрдзырдта скъолайы историйыл, йæ фидæны плантыл.

Скъолайæн алы азты разамынд лæвæрдтой курдиатджын специалисттæ. Йæ фыццаг директор уыд Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг, адæмон ахуырады отличник Ситохаты Георги, уый фæстæ уыцы хæстæ адарддæр кодтой Цæгæраты Кларæ, Гæбысаты Заремæ, Æхболатты Людмилæ æмæ Бутаты Давид.

Уыдон се ‘ппæт дæр стыр бавæрæн бахастой скъолайы куыстмæ. Зæгъæм, Цæгæраты Кларæйы рæстæджы скъолайы арæзт æрцыд революцийы хъæбатырты музей, Гæбысаты Заремæйы рæстæджы – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты музей, педагогон наукæты кандидат, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Æхболатты Людмилæйы рæстæджы скъола ссис акмеологон зонæдты гимназ æмæ афтæ дарддæр. Ныртæккæ гимназæн æнтыстджынæй разамынд дæтты æрыгон директор Цуциты Сослан. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ ног директоры рæстæджы стыр æргом здæхт цæуы ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ.

Скъолайы алы азты рауагъдонтæй бирæтæ кад æмæ ном кæнынц Ирыстон, стæй æнæхъæн бæстæйæн. Уыдон сты: Цæгат Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Дзанайты Барис, Пенсион фонды разамонæг Таболты Сергей, зындгонд нейрохирург Дедегкаты Азæмæт, ГТРК-“Россия”-йы журналист Къуындыхаты Алыксандр, зынгæ спортсментæ Танделаты Георги, Чихавиты Сæрмæт, Мулдарты Давид æмæ бирæ æндæртæ.

Мадзалы æндæр æмæ æндæр ведомствоты Кады грамотæтæй хорзæхджын æрцыдысты, рæзгæ фæлтæры хъомылад æмæ ахуырадмæ скъолайы кусджытæй стыр бавæрæн чи бахаста, уыдон. Цæвиттон, Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Ирина Азимова Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта Гасситы Фатимæ, Тиникашвили Шота, Цирианиди Элинæ, Гатеты Ларисæ, Гæбæраты Еленæ æмæ Вартанян Элеонорæйы.

Кæронбæттæны гимназы фыццаг къласы ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ.

Сæ аивадæй та кадджын юбилейы срæсугъд кодтой ансамблтæ “Маленький джигит”, “Уацамонгæ”, зарæггæнæг Челдыты Вадим æмæ бирæ æндæртæ.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.