НОМДЗЫД ЛÆДЖЫ НОМ –  ÆНУСОН

Æхсызгон хъуыддаг у, нæ разагъды лæг, дзæнæтыбадинаг Джыгкайты Шамилы ном сæнусон кæныныл Ирыстоны дзыллæтæ зæрдиагæй кæй архайынц, уый. Бæргæ, ахæм лæггад-иу сын сæ удæгасæй куы кæниккам, фæлæ…

Зындгонд куыд у, афтæмæй Дзæуджыхъæуы ног уынгтæй иуæн лæвæрд æрцыд зындгонд поэт, ахуыргонд Джыгкайты Шамилы ном йæ мæлæты фæстæ. Уыцы хъæппæрис ныр та бафæзмыдтой, Шамилæн йæ ныййарджытæ, стæй йæхæдæг æрыгонæй кæм цард, уыцы хъæу Камбилеевкæйы цæр-джытæ. Уыдон дыууæ азы дæргъы бирæ куырдиæттæ фæфыстой хицауады органтæм, цæмæй сын сæ номдзыд æмхъæуккаджы ном сæнусон кæной, хъæуы уынгтæй йын иуы ном радтой æмæ уый сæ къухы бафтыд. Зæрдиагæй йыл бацархайдтой Горæтгæрон районы раздæры сæргълæууæг Джиоты Георги æмæ ныры сæргълæууæг Гаглойты Алан.

Камбилеевкæйы ног цалцæг Заводы уынджы рафæлгæсыд Шамилы мемориалон къæй, амынд уынг та нырæй фæстæмæ хæсдзæн йæ ном. Къæй сарæзта йæ кæстæр æфсымæр, зынгæ нывгæнæг Джыгкайты Мурат.

Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты районы разамонджытæ Гаглойты Алан, Деметы Станислав, Табуты Тамарæ, РЦИ- Аланийы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан, фысджытæ Агънаты Гæстæн, Цгъойты Хазби, Хозиты Барис, хъæуы цæрджытæ, Джыгкайты мыггаджы минæвæрттæ, скъолаты ахуырдзаутæ…

Бирæ хорз ныхæстæ загъд æрцыд уыцы бон Шамилы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй ацы уынджы цæрджытæ æмæ хъæубæстæ иууылдæр сæрыстыр уыдзысты, нырæй фæстæмæ уынг Джыгкайты Шамилы ном    кæй хæсдзæнис, уымæй: “Абон мах æрбамбырд кодта Шамилы фарн. Шамил уыдис Ирыстоны кады лæг, стыр патриот. Бахаста Ирыстоны истори æмæ литературæмæ стыр бавæрæн. Уый архайдта  æрмæст  ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй дæр. Ахæмæн та йæ хъысмæт афтæ вæййы, æмæ хъуамæ хæсса бинонты, мыггаджы, Ирыстоны фарн, фæцудын æй ма бауадза, йæ удæй цырагъ дара.  Уый уымæн йæ къухы бафтыд æмæ йын ирон адæм йæ хæрзтæ никуы ферох кæндзысты. Ныфс мæ ис, ацы арфæйаг хъæппæрис ма кæй бафæзмдзысты æндæр рæтты”, – загъта Хозиты Барис.

Шамилæн ирон адæм стыр кад кæй кæнынц, ахæм хъæппæрис кæй равдыстой, уый тыххæй мадзалы архайджытæн мыггаджы номæй арфæ ракодтой Джыгкайты Мурат æмæ Зауыр.

Уый фæстæ скъолайы ахуырдзаутæ бакастысты Шамилы фыст диссаджы æм-дзæвгæтæ.

Стыр хъыгаг у, Шамилы хуызæн лæгтæ æнæрæстæджы цардæй куы ацæуынц. Шамил рæстдзинадимæ райгуырд, рæстдзинадимæ цард, йæ мæлæты бонмæ дæр ууыл хъуыды кодта:

Хæрзбон, Рæстдзинад æмæ Намыс,

Уæ хур уыл баталынг, – хæрзбон!…

Мæ зæрдæ, фарны бонтæ ма мыс,

Мæрдырох саст лæгæн – фæндон…

Хæрзбон, Нæртон Зарæг! – зындоны

Нæ зæлы уаз мыртæй фæндыр.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.