БАЙГОМ ТУРИСТОН ИНФОРМАЦИОН ЦЕНТР

Ацы бонты Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн, цалдæр азы ныхас кæуыл цæуы, фæлæ алы аххосæгтæм гæсгæ чи ныкъуылымпы, уыцы туристон агентад. Ахæм агентад советон дуджы дæр уыд, ныр та нæм комитет ис, фæлæ уæддæр æмæ ныр дæр сæ хæстæ æндæр сты. Ног агентад хуыйны Туристон информацион центр. Йæ хæс у, алырæттæй Республикæмæ цы туристтæ цæуы, уыдонæн хъæугæ информаци дæттын: Туристон картæ, улæфæн бынæттимæ базонгæ кæныны тыххæй литературæ, ресторанты, фысымуæтты, транспорты, хиирхæфсæн бынæтты тыххæй бæрæггæнæнтæ. Нырæй фæстæмæ туристты бон уыдзæн центры официалон æгъдауæй туроператор баххуырсын, республикæйы фенддаг бынæттæм сæ чи акæна. Нырмæ уыцы куыст кодтой хицæн адæймæгтæ стыр æхцатыл. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ нырмæ ахæм центр кæй нæ уыд, уый тыххæй туристтæ цыдысты зивæггæнгæ. Ахæм центртæ сыхаг регионты рагæй кусынц.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав Цæгат Ирыстоны туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Гæбуты Оль-гæимæ сæ фембæлды рæстæг ныхас кодтой туризмы абоны уавæрыл. Сæр-магондæй та ног центры куысты фидæны плантыл. Битары-фырт куыд банысан кодта, афтæмæй комитетæн йæ фыццаградон хæс у Цæгат Кавказы туроператортимæ хъуыддагон фембæлд саразын, байхъусын сæм, сæ фæлтæрддзинадæй сын спайда кæнын. Республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, центр куы байгом уа æмæ йын йæ куыст æмбæлгæ уагыл куы сæвæрай, уæд нæм туризмы къабазы æнхъæлмæ кæсы стыр æнтыстытæ.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.