КОРРУПЦИЙЫ НЫХМÆ – ÆМЗОНДÆЙ

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав æй амыдта, афтæмæй æрæджы уыд коррупцийы ныхмæ тохгæнæг къамисы радон æмбырд. Уым æркастысты цалдæр ахсджиаг фарстамæ.

Фыццаджыдæр, равзæрстой, ацы азы марты мæйы æмбырды цы ныстуантæ бахастæуыд, уыдон куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый. Куыд рабæрæг, афтæмæй хорз бæрæггæнæнтæ равдыста республикæйы разамонæг амалхъомады æмæхсæнадимæ кæй фембæлд, уый. Уæд нысангонд æрцыдысты, амалхъомты размæ цы административон цæлхдуртæ лæууы, уыдон аиуварс кæныны тыххæй карз мадзæлттæ. Уымæй уæлдай ма уынаффæ хаст æрцыд скъолаты программæтæм ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Ома, хистæркъласонтæн амондзысты коррупцийы ныхмæ тохы мадзæлттæ.

Хорзæрдæм бæлвырд ивынддзинæдтæ æрцыд, паддзахадон æмæ муниципалон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ самал кæныны фæтк кæй аивтой, уымæ гæсгæ. Фыццаджыдæр, конкурстæ уагъд цæуынц æргомæй, æппæт архайджытæн дæр ис æмхуызон уавæртæ, ис электрон базарадон фæзуæттæ. Афтæмæй уый фæрцы уæлдай хæрдзтæ конд нал цæудзæн, цы товартæ æмæ лæггæдтæ æлхæной, уыдоны хæрзгъæд-дзинад дæр фæбæрзонддæр уыдзæн.

Æмбырды сфидар кодтой кусæг къорд. Йæ хæс уыдзæн, муниципалон лæггæдтæ кæнгæйæ, цы административон цæлхдуртæ сæвзæры, уыдон иуварс кæнын. Къамисы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хуызы хъуамæ кусой республикон хицауиуæгады æмæ бынæттон хиуынаффæйады органтæ дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.