«МАШУК»-мæ ЦÆТТÆ КÆНГÆЙÆ

Æрвылазон форум «Машук – 2016» цæттæ кæныны мадзæлттæ райдыдтой суанг зымæгæй. Уым æрвылаз дæр фæархайы Цæгат æмæ Хуссар Ирæй бирæ фæсивæд. Ацы форум стыр ахъаз у сæ патриотон æмæ интеллектуалон рæзтæн. Æрæджы оргкомитетæн цы фыццаг æмбырд уыд, уым Цæгат Кавказы федералон зылды УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Сергей Меликов йæ хъуыдытæ загъта форуммæ æмбæлгæ хуызы бацæттæ кæныны тыххæй. «Ныртæккæ экстремисттæ сæ ных сарæзтой фæсивæды ‘рдæм, экономикон зындзинæдтæй пайда кæнгæйæ, фыдгæнæг тыхтæ архайынц æрыгæтты раст фæндагæй фæиппæрд кæныныл, сæ сæры сын экстремизм æмæ терроризмы идеологи бауадзын. Мах хъуамæ форум «Машук»-ы фадæттæй спайда кæнæм ахæм идеологийы ныхмæ тохы хъуыддаджы, хъуамæ сын скæнæм пайдайаг бастдзинæдтæ»,- йæ раныхасы фæнысан кодта Президенты минæвар.

Сергей Меликовы хъуыдымæ гæсгæ, фидæны форумы архайджытæ æвзаргæйæ, фылдæр æргом аздахын хъæуы хъæууон цæрджытæм. Хъæууон фæсивæдæн къаддæр фадæттæ ис сæ хъæппæристæ раргом кæнынæн. Уымæ гæсгæ архайын хъæуы, цæмæй уыдоны проекттæ æмæ бæллицтæн дæр фæндаг уа «Машук»-мæ.
Оргкомитеты æмбырды рæстæджы ма куыд загъдæуыд, афтæмæй «Машук»-ы уыдзысты, æрвылхаттау, алыхуызон спортивон ерыстæ, зонадон конференцитæ, брейн-рингтæ, лекцитæ сын кæсдзысты Каказы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæнджытæ, ерыс кæндзысты сæ зонындзинæдтæй. Сæйрагдæр дзы уыдзысты экстремизмæй хи бахъахъхъæныны тыххæй сæрмагонд лекцитæ. Форумы архайджытæн ма равдисдзысты, ивгъуыд азы инновацион проектты уæлахиздзауты равдыст, цæмæй фæсивæд ахæм уæлахизтæм тырной. Фæлæ экономикон аххосæгтæ хынцгæйæ, ацы хатт бæлвырд фæкъаддæр уыдзысты, форуммæ кæй æрбахонынц, уыцы эксперттæ æмæ специалистты ны-мæц, фæлæ уый æвзæрырдæм нæ фæзындзæн форумы куыстыл. Форуммæ бацæттæ кæныны хæс сæхимæ райстой фæсивæды активисттæ-волонтертæ.
Нæ уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.