КУЧИТЫ ЮРИЙЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 100 АЗЫ

26-æм августы 100 азы сæххæст легендарон арктикон капитан Кучиты Юрийы райгуырдыл. Не ‘мтуг ирон лæг, адæймаг-легендæ ихсæттæг атомон нау «Арктика»-йыл дунейы фыццаг хатт басаста Цæгат полюс æмæ афтæмæй бæрзонд систа ирон лæджы ном, скад кодта йæ радтæг Ирыстонæн æнæхъæн дунейы.

Кучиты Юри райгуырд Цæгат Ирыстоны Тибы хъæуы 1919 азы 26-æм августы. Уый йæ царды азтæй 56 снывонд кодта денджызон флоты службæйæн. Уыцы 56 азæй 40 лæвæрд уыдысты Цæгат денджызон фæндаджы ихты активонæй наутыл ленк кæнынæн. 1941 азы бацыд матросæй Диксоны порты буксир «Василий Молоков»-мæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уыд Цæгат флоты къанвойты сконды, уый фæстæ, суанг 60 азты райдианмæ уыд ихсæтджытæ «Ермак», «Малыгин», «Сибиряков», «Илья Муромец», «Красин»-ы капитаны æххуыс-гæнæг. 1964 азы ссис атомон ихсæттæг «Ленин»-ы капитан, 1971 азæй та – атомон их-сæттæг «Арктика»-йы капитан. 1977 азы 17-æм августы дунейы фыццаг хатт цалынмæ  Цæгат полюсмæ не слæгæрста, уæдмæ дæр йæ ном хъуыстгонд уыд æнæхъæн Советон Цæдисы.

1977 азы сæрды Юри йæ фæллад уагъта санатори «Дзау»-ы. Уыцы хабар фехъусгæйæ, зындгонд капитаны редакцимæ фæхуыдта йæ хæлар, газет «Советон Ирыстон»-ы уæды редактор Тедеты Павел.  Фембæлд рауад тынг цымыдисон. Кучийы фырт редакцийы кусджытæн цыбыртæй ра-дзырдта йæ цардвæндаджы тыххæй. Рап-пæлыд, йемæ  науыл цы хъæбатыр ирон лæппутæ фæллой кæнынц, уыдонæй. Хæрз-бон зæгъыны размæ ацы уацы авторы цардæмбал Хуриты Гивийы блокноты ныу-уагъта автограф дæр. Фысгæ та йæ ныккодта, не ‘мкусæг Бабаты Виктор ын цы ручкæ балæвар кодта, уымæй.

Дыккаг бон редакцимæ æрбайхъуыст, зæгъгæ, «Арктикæ»-йы капитан Кучиты Юримæ фæсидтысты Мæскуымæ, фæлæ цæй тыххæй, уый бæрæг нæ уыд.

«ДЕНДЖЫЗОН БИРÆГЪ»

Уыцы фембæлдæй цалдæр къуырийы размæ газет «Советон Ирыстон»-ы редакторы раздæры хæдивæг Джиоты Къоста газет «Вечерний Ленинград»-ы бакаст уац «Морской волк», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Уацы дзырд цыд науы капитан, ирон лæппу, фыццаг ранджы капитан Хетæгкаты Хъазбеджы хъæбатырдзинады тыххæй. Къоста ссардта Хъазбеджы адрес æмæ йæм арвыста фыстæг. Дзуаппмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Дыууæ къуырийы фæстæ æрцыд фыстæг, цыран уый салæмттæ æрвыста редакцийы кусджытæн, ныффыста цыбыр зонæнтæ йæхи тыххæй дæр. Уый ма ныфс бавæрдта, гæнæн уæвгæйæ, газет «Советон Ирыстон»-ы журналистты куырдиат кæй сæххæст кæндзæн æмæ сæм кæй æрцæудзæн уазæгуаты, уымæй. Дзырд дардыл у, фæлæ Кучиты Юри Дзауæй Мæскуы-мæ куы атахт, уымæй дыууæ-æртæ боны фæстæ редакцийы кусджытæн радон æмбырд уыд редакторы кабинеты. Æрхаудта сæм  Кучийы фырты кой дæр, уæддæр, зæгъ  æм цæмæн фæсидтысты Мæскуымæ, кæронмæ йæ аулæфын дæр куынæ бауагътой, уæд. Уыцы рæстæджы редакторы кабинеты дуар æрбахостæуыд. Дуар байгом æмæ,  бар ракургæйæ, мидæмæ æрбахызт бæрзонд, уæйгуытæконд, сау-сауид рихи-джын лæппулæг. Йæхи сын бацамыдта, зæгъгæ, æз дæн, сымах Ленинградмæ фыс-тæг кæмæ арвыстат æмæ кæй фæхуыдтат, уый – Хетæгкаты Хъазбег.

Уыцы æнæнхъæлæджы хабар фехъусгæйæ, редакцийы кусджытæ сæ бынæт-тæй фестадысты æмæ йæ æрбахуыдтой мидæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уайтагъд фæивта æмбырды боны фæтк, зæгъгæ  нæм мæнæ Хуыцауы уазæг куы æрцыд. Уазæгимæ ма уыдысты йæ цардæмбал Фатимæ (медицинон зонæдты кандидат) æмæ йæ дыууæ рæсугъд скъоладзау чызджы. Денджызы былмæ, зæгъ, улæфынмæ цæуæм, фæлæ, дам, уæ хуындмæ гæсгæ нæ фæндаг Цхинвалыл ракодтам. Иудзырдæй, ацы уазæг дæр та редакцийы кусджытæн радзырдта йæ цард æмæ службæйы тыххæй. Журналисттæ дæр ын радзырдтой, номдзыд капитан Кучиты Юриимæ куыд базонгæ сты, уый тыххæй. «Ноджы æхсызгондæр хабар фехъусдзыстут Мæскуыйæ», – загъта сын уазæг. Фæлæ йæ куы афарстой, зæгъгæ цы хабар уыдзæн, уæд сын Хъазбег загъта, зæгъгæ, дам, журналисттæ сæ дзыхы ницы уромынц, адзурдзыстут, зæгъ  æй рагацау æмæ афтæ нæма æмбæлы. Хъазбег ма сын куыд загъта, уымæ гæсгæ номдзыд капитан Кучиты Юри кæд ра-зынд йæ хойы лæппу, ома, йæ хæрæфырт. Ацы хабар ноджы тынгдæр сцыбæл кодта фысымты. Уазджытæ уыцы бон изæрæй хъавыдысты денджызы былмæ ацæуын, фæлæ сын фысымтæ тынг куы балæгъстæ кодтой, уæд аивтой сæ фæнд. Алкæй  дæр фæндыд ахæм кадджын уазджыты сбуц кæнын, фæлæ уæд ахæм амонд æрхаудта журналист Багаты Барисмæ. Уыцы изæр уазджытæ æмæ фысымты иу къорд журналисты, уыцы нымæцы Джиоты Къоста, Хуриты Гиви, фысджытæ Хъазиты Мелитон, Асаты Реуаз æмæ иннæтæн суанг æхсæвы фыццаг сахатмæ сæ хъæлдзæг ныхас хъуыст Баристы тыргъæй, сæнæфсир-беседкæйы бынæй. Сæ ныхæс-тæм гæсгæ, Хъазбег тынг дæсны разынд фынгыл бадынмæ, ирон æгъдæуттæм. Бæ-рæг уыд, бирæ кæй бакаст æрмæст уырыссаг нæ, фæлæ ирон литературæ дæр. Иронау тынг хорз дзырдтой йæ цардæмбал æмæ йæ дыууæ чызджы дæр.

Дыккаг бон райсомæй раджы фысымтæ афæндæраст кодтой сæ уазджыты, фæлæ уæддæр сæ зæрдæ дзырдта, Хъазбег сын Мæскуыйæ цы æхсызгон хабар фехъусынæй ныфс æвæрдта, уыимæ.

ДЗАУÆЙ  –  ЦÆГАТ ПОЛЮСМÆ

    Хетæгкаты Хъазбег æмæ газет «Советон Ирыстон»-ы кусджыты фембæлдæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ, иу дзæбæх бон, 1977 азы 17-æм августы Мæскуыйæ Ирыстонмæ æрæхъуыст æхсызгон хабар: «Тибаг ирон лæппу Кучиты Юри дунейы фыццаг хатт йæ атомон нау «Арктика»-йыл слæгæрста Цæгат полюсмæ. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Социалистон куысты Хъайтары кадджын ном…». Æмæ та иу бон куы уыд, уæд та айхъуыст, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ йæ дард балцæй æрæздæхт номдзыд лæг Кучиты Юри æмæ йын обкомы æмбырдгæнæн залы фембæлд уыдзæн адæмимæ. Фем-бæлдмæ та ацы хатт дæр уыйбæрц адæм æрбацыд, æмæ залы къухбакæнæн дæр нал уыд, алчи дæр цин кодта Арктикæйы хъайтарыл. Уый дæр сын радзырдта йæ балцы тыххæй: æнæнхъæлæджы йæм, Дзауы улæфгæйæ,  куыд фæсидтысты æмæ Цæгат полюсмæ историйы фыццаг хатт фæндаг куыд айгæрста, æмæ йын  газет «Советон Ирыстон»-ы коллектив цы ручкæ балæвар кодта, уымæй зæрдылдарæн фыст куыд ныууагъта полюсы (ручкæ сдардта хæрдмæ). Кучиты Юри йæ раныхасы сæрыстырæй куыд банысан кодта, афтæмæй йын Цæгат полюсмæ слæгæрдынæн стыр ахъаз фæци Ирыстоны уæлдæф, йæ уазæгуарзаг адæ-мимæ фембæлд.  Полюсмæ цæуын, дам, æнцон нæ уыд, фæлæ æппынæдзух мæ зæрдыл лæууыдысты «Советон Ирыстон»-ы коллектив, дзауаг фæллойгæнджытæ æмæ мын мæ тыхмæ æфтыдтой ноджыдæр тых. Афтæ, дам  мæм каст, цыма уыдон се ‘ппæт дæр науыл мæ фарсмæ уыдысты æмæ иумæ уæлахиз кодтам зындзинæдтыл, иумæ лæгæрстам уæлахизы бæрзæндтæм! ..  Денджызонтыл бæстæ æмбæлд куыд хъайтартыл, афтæ. Кучийы фырты уæд барстой йе ‘мном Юрий Гагаринимæ. Ацы балц фенын кодта атомон ихсæттæг флоты æгæрон гæнæнты тыххæй. Ирон лæджы фæстæ Цæгат полюсмæ фæсарæйнаг нау бацыд æрмæстдæр 15 азы фæстæ.

Уый ма, сæрмагондæй, йæ хæлар Мæргъиты Алексийæн афтæ радзырдта: «Цæгат полюсмæ экспедицийы организаторты фæндыд, цæмæй атомон нау «Арктика»-йы капитан уыдаид ирон нæ, фæлæ уырыссаг, цæмæй Уæрæсейы æнусон бæллиц сæххæст кодтаид уырыссаг лæг. Цæгат полюсмæ экспедицийы организатортæ куы фæсидтысты атомон науы экипажмæ, æмæ уыдон куы федтой, «Арктика»-йы капитан Кучиты Юри нæ уыд, фæлæ бынтон æндæр адæймаг, уæд экипажы уæнгтæ не сразы сты Цæгат полюсмæ аленк кæныныл æмæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Уæд экспедицийы организаторты бахъуыд мæнмæ фæдзурын. Æз æвæстиатæй æрæздæхтæн Мæскуымæ. Æмæ атомон нау йæ курс сарæзта Цæгат полюсмæ Ног Зæххыл, цæмæй уырдыгæй рахастаиккам уыцы тырысайы хъæд, кæцыйы 1914 азы Цæгат полюсыл æрсадзын фæндыд Арктикæйы зынгæ иртасæг Георгий Седов. Фæлæ Рудольфы сакъадахы ахуыргонд фæрынчын цингайæ æмæ амард. Уымæ гæсгæ йæ бон нал ссис Уæрæсейы историон бæллиц сæх-хæст кæнын. Цæгат полюсы тырысайы хъæд куы æрсагътон, уæд фырцинæй мæ цæссыгтæ æркал-дысты æмæ ахъуыды кодтон, зæгъын, Уæ-рæсейы æнусон историон бæллиц сæххæст кодта ирон лæг. Æз мæ сæр иннæрдæм азылд-тон, цæмæй мын экипажы уæнгтæ мæ цæс-сыгтæ ма федтаиккой æмæ ма ахъуыды кодтаиккой, зæгъгæ, иро-нæн дæр йæ бон у кæ-уын».

1977 азы Кучиты Юримæ Дзауы санаторийæ Мæскуымæ куы фæсидтысты, уæд фæдзырдта Мæргъиты Алексимæ æмæ йын загъта: «Æз цæуын, уымæн æмæ мæм Цæгат полюсмæ экспедицийы организатортæ фæдзырдтой тагъдыл». Алекси йын загъта, зæгъгæ, дам  дæм иу сахаты фæстæ бацæудзæн. Мæргъийы фырт йемæ ахаста æртæ авджы коньяк æмæ бахатыд Юри Сергейы фыртмæ, цæмæй сæ бакодтаид, æрмæстдæр йæ царды ахсджиаг цау куы æрцыдаид, уæд. Кучийы фырт, дисгæнгæйæ, бакаст Алексимæ, æмæ йæхины-мæры ахъуыды кодта, зæгъгæ, æвæц-цæгæн, Алекси базыдта, Мæскуымæ йæм тагъдыл цæмæн фæдзырдтой, уыцы су-сæгдзинады тыххæй. Фæлæ уый раст нæ уыд, Алекси уыцы ныхæстæ загъта бынтон æнæнхъæлæджы, йæ уды фæсидтмæ гæсгæ.Кучиты Юри Цæгат полюсæй куы æрæздæхт, уæд Алексийæн загъта, зæгъгæ, уыцы æртæ авджы уыдон банызтой экипажы уæнгтимæ, тырыса Цæгат полюсыл куы æрсагътой, уый фæстæ. Ракуывтой Хуыцау æмæ Уастырджийæн, кæцытæ сын ахъаз кодтой экспедици æнтыстджынæй сæххæст кæнынæн.

ФÆСТАГ БАЛЦ

Кучийы фырт Хуссар Ирыстонмæ фæстаг хатт æрцыд 2003 азы.  Цхинвалы кинотеатр «Чермен»-ы йын  сорганизаци кодтой кадджын фембæлд Ирыстоны æхсæнадон минæвæрттимæ. Æрмæст уæд отставкæйы уыд, «Арктика»-йы «рохтыл» нал хæцыд. Бирæ хъарм ныхæстæ загъдæуыд йæ адресыл. Раныхас дзы кодта Хуриты Гиви, мæ лæппу Батрадз та мадзаламонæг уыд. Тынг хъарм ныхæстæ йын загъта йæ раныхасы Дзауы скъола-интернаты раздæры директор Магкоты Эльвирæ дæр. Æппæт уыцы хъарм ныхæстæм хъусгæйæ, Кучиты Юри йæ цæссыгтæ нæ баурæдта, уæлдайдæр та йын РХИ-йы Президенты Барамындæй йæ риуыл республикæйы уæлдæр хорзæх куы бакодтой, уæд.

Кучийы фырт та уым дæр бахауд журналистты ахæсты. Уый дæр сын лæмбынæг дзуаппытæ лæвæрдта сæ бирæнымæц фарстытæн. Уый уыд йæ фæстаг балц Хуссар Ирмæ. Фæзиан 2005 азы 14 декабры Санкт-Петербурджы. Ацыд ацы дунейæ стыр лæг, фæлæ йе стыр рухс ном цæргæйæ баззад уæлæуыл. Уый уыд удæгас легендæ æмæ ахæмæй баззади дзыл-лæтæн æмæ йын уый тыххæй нæ хъæуы йæ рухс ном рох кæнын. Йе стыр номæй йын хъуамæ пайда кæнæм фæсивæды хъомыладон куысты. Уымæн æмæ уый стыр Лæг уыд канд Ирæн нæ, фæлæ æнæхъæн дунейæн дæр йæ хъуыддаджы уыд фыццаг.

Йæ цардæмбал Неллийы амæлæты фæстæ Кучиты Юри сарæзта фæдзæхст (завещание), цыран уый йæ хæлæрттæ æмæ атомон ихсæттæг флоты фæдыл æмтохгæнджытæй домдта, цæ-мæй йын сæххæст кодтаиккой йæ фæстаг фæндон йæ цардæй куы ахицæн уа, уæд – йæхи æмæ йæ цардæмбалы мард буарты æртхутæгимæ урнæтæ радтой Цæгат полюсы районы Ихджын океаны дæттæн. Мурманскы денджызон науады къухдариуæгад æмæ коллектив банымадтой сæ хæсыл капитаны фæстаг фæндон сæххæст кæныны тыххæй, уымæн æмæ йæ ном хаст æрцыд Уæрæсейы зынгæ адæймæгты сыгъзæрин фондмæ. 2006 азы 19-æм августы мард буарты æртхутæгимæ урнæтæ æрластой Цæгат полюсмæ атомон ихсæттæг «Ямал»-ы бортыл æмæ цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыдысты денджызы дæттæн йæ фæдзæхстмæ гæсгæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.