Хуссар Ирыстоны лыжæтæ æмæ сноуборды Федерацийы сæргълæууæг Тедеты Лери 26-æм февралы, республикæйы кæстæр фæлтæрæй лыжæтыл бырынæй цы спортивон командæ сырæзт, уыдон акодта Цæгат Ирыстон-Аланийы Цъæйы коммæ.  Ам уыдонæн уагъд æрцæудзæн мастер-кълæстæ.

Цъæйы ком уарзон у канд туристтæн æмæ альпинисттæн нæ, фæлæ ма, зымæджы æрдзы хъæбысы улæфын чи уарзы, æппæт уыдонæн дæр. Æрдз у æнахуыр рæсугъд, уымæ гæсгæ ам сæрдæй-зымæгæй баулæфынц Уæрæсейы алы къуымтæй æрцæуæг туристтæ. Бынтон уарзондæр бынат та у спортсментæн. «Комы ис, улæфджыты хохмæ чи ласы, ахæм канатон фæндаг. Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма лыжæтыл бырынæн фæндаг тæссаг у, æрæджы ацы хуызы спортæй архайын чи райдыдта, уыдонæн, фæлæ ам алцы дæр хынцыд æрцыд адæймаджы æдасдзинады тыххæй», – зæгъы Тедеты Лери.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй цы спортивон къорд сырæзт, уыдон фыццаг хатт нæ кæны Цъæймæ. Сывæллæттæ уым арæх вæййынц, цæмæй нæ республикæйы спорты ацы хуыз райтынг уа. Уыцы нысанæн  нæхимæ, Цъоны дæр, бæргæ сырæзт трассæ, фæлæ ам нырма дзæвгар хъæуы бакусын. Уый тыххæй та Тедеты Лери куыд зæгъы, афтæмæй агурын хъæуы фæрæзтæ. Тренер зæгъы, зæгъгæ, ис цалдæр спонсоры, кæцытæ цымыдис кæнынц Цъоны дæр Цъæйы хуызæн курорт саразынмæ. Уæд нæхимæ дæр сæрибарæй уыдзæн ерыстæ аразæн ацы хуызы спортæй. «Цалынмæ Цъоны æмбæлон уавæртæ арæзт æрцæуа, уæдмæ æз архайдзæн сывæллæттимæ кусыныл. Кæд æнцон нæу, уæддæр спорты ацы хуызæй командæ сырæздзæнис. Ныридæгæн мæ зæрдæ дарын цалдæр спортсменыл. Уыдон кæд лыжæтыл бырын æрæджы базыдтой, уæддæр сын ис иттæг хорз фердæхт. Мæн уырны, уыдонæй чидæртæ дарддæр дæр куы архайой, уæд сын æнтыстытæ кæй уыдзæн».

Тедеты Лери куыд зæгъы, афтæмæй марты мæйы Цъæймæ акæндзæн интернаты сывæллæтты дæр. Уыдонæн финансон æххуыс бакæндзæн Президент йæхи сæрмагонд фондæй. Ивгъуыд аз та Цъæйы комы Бибылты Анатолийы æххуысæй баулæфыдысты Дзауы скъола-интернаты сывæллæтты къорд.

Федерацийы сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй Цъæйы цы сывæллæттæ баулæфы, уыдон æрвылхатт дæр фæстæмæ æрыздæхынц райгондæй. Тренеры дисы æфтауы сабитæ лыжæтыл бырыны сусæгдзинæдтыл уадид кæй фæхæст вæййынц. Зæгъы, зæгъгæ, цалынмæ Цъоны сырæза бырæн трассæ, уæдмæ махæн уыдзæн фидар командæ, кæцытæн сæрибарæй сæ бон уыдзæнис хайад райсын алыгъуызон ерысты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.