Медицинæ куыд амоны, афтæмæй æрыскъæфы бирæ ис витаминтæ С,А,В, уымæ гæсгæ уый стыр ахъаз у адæймаджы æнæниздзинадæн. Гагадыргътæй æппæты тагъддæр æрыскъæф срæгъæд вæййы. Майы мæйы райдианты радты фыццаг тыллæг æмæ ма æрзайы сентябры дæр. Нæ горæты Джиоты Аланы уынгыл  цæрæг Саулохты Галинæ йæ чысыл зæххы фадыджы уыйбæрц æрыскъæфтæ æрзайын кæны æмæ вæййынц уæй кæныны фаг дæр. Уый нын радзырдта цы амæлттæй зилы æрыскъæфтæм.

«Ацы халсармæ æнцон зилæн нæу, ис ын сæрмагонд биологон миниуджытæ. Куынæ йæм зонай зилын, уæд дын куыд æмбæлы, ахæм тыллæг нæ ратдзæнис. Мæ ныййарджытæн дæр иу цæхæрадоны уыд æрыскъæфтæ сагъд, фæлæ уырдыгæй иу къусыдзагæй фылдæр никуы æртыдтой. Фæлæ нын Гуырдзыстоны хæстæджытæ уыд æмæ-иу уыдонæн сæ тыллæг тугыл аскъуыд. Иугæр махмæ задысты, уæд аскъуыддзаг кодтам, æвæццæгæн, дам, мах климатон уавæрты нæ зайы ацы гагадыргъ. Цалдæр азы размæ интернеты фæхæст дæн иу агрономы амындтытыл æрыскъæфы тыххæй. Бацымыдис æм кодтон, лæмбынæг сахуыр кодтон амындтытæ æмæ дыууæ азы размæ фæлварæнæн ныссагътон цалдæр бын. Специалист куыд амоны, афтæ арæзтон æмæ уыцы аз нæ æрыскъæфтæй мæ зæрдæ барухс. Дыккаг аз сæ фæфылдæр кодтон, иу цалдæр хуыз баисты. Уыйбæрц тыллæг æрцыд æмæ сæ фæуæй кодтон бынæттон базары», – радзырдта Саулохты Галинæ.

Æвзонг сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй æрыскъæфыл «рихитæ» куы разайы, уæд æм уæлдай хуыздæр зилын хъæуы. Арæх æй хъæуы рувын. «Рихитæй» ныууадзын хъæуы ставддæры, иннæты та сыскъуынын. Æртæ азæй фылдæр уадзын æй нæ хъæуы, стæй хъуамæ уыцы бын ногæй баивай. Ацы гагадыргъ бирæ уарзы хуры хъарм æмæ рухс. Уыцы иурæстæг æнæфæразон у хуры тæвдæн дæр, уæлдайдæр зæххы уымæлад цъус куы вæййы. Гæнæнуæвгæйæ сæ садзын нæ хъæуы, фаг рухс кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм рæтты. Бирæтæ афтæ æнхъæлынц, зæгъгæ, дыргътæ æмæ бирæазон гагадыргъты уалдзæг æмæ фæззæг  умæлад нæ хъæуы, фæлæ специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй уыдон дон хъæуы алы афон дæр. Зæгъæм æрыскъæфтæ кæм сагъд сты, уым апрелы мæйы æнæмæнг хъуамæ æрцæуа донхæр. Апрелы мæйы уæлдæфы хъæрмад æмæ уымæлад цас æмбæлы уыйбæрц куы уой, уæд тыллæг вæййы бирæ хæрзаддæр æмæ ставддæр. Хъæрмад хъуамæ уа 28 градусы, зæххы умæл та 85 проценты. Æрыскъæфæн йæ тыллæг æфснайыны афон къæвдатæ куы вæййы, уæд йæ гагатæ æнцонæй бамбийынц.

Галинæ зæгъы, зæгъгæ, æрыскъæфы сорттæ сты 200 бæрц. Фæлæ, дам, мах уавæрты хорз зайынц «Машук», «Выставочная», «Восток» æмæ «Королевская 100». Ацы куыстмæ ма йæ хъус аздахын кæй фæнды, уыдонæн амоны, цæмæй сæ садзой фæлмæн куыстгонд зæххыл. Раздæр  хъæдындз, памидор, джитритæ кæм сагъд уыд, ахæм зæххыл сæ не ‘мбæлы садзын. Иуæй-иутæ æрыскъæф садзынц августы мæйы, фæлæ уый раст нæу. Хуры хъарммæ ахус вæййынц æмæ æвзарæнтæ куы фæсахъат вæййынц, уæд рæстмæ нал æрзайынц. Зонын хъæуы уый дæр æмæ æппæты тæссагдæр æрыскъæфæн кæй у зулкъ. Йæ зæнг ын ахæры. Зиан ма йын хæссы даргъбырынкъ хъæндил дæр. Æрыскъæфмæ ма æмхиц у ахæм низ дæр куыд  зокъониз. Цæмæй йыл ма бахæца, уый тыххæй йæ рагуалдзæджы хъæуы нитрофинæй бапырх кæнын кæннод æндæр  химикаттæй.

Галинæ куыд загъта, афтæмæй уый хъавы фидæнмæ, горæтмæ хæстæг Ирыхъæуы зæххы фадыг арендæйы райсын, цæмæй дзы ныссадза æрыскъæфтæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.