Фосдарæджы хæстæ дзæвгар сты, уый æдзухдæр архайы æмæ тырны, цæмæй йæ бæрны уæвæг фос æрвитой æдыхст зымæгиуат, хизой дзадджын сæрвæтты, сæ продуктивондзинад уа бæрзонд. Фосы æнæниздзинад æмæ продуктивондзинады рæзтмæ къаддæр нæу йæ хайбавæрд ветеринарон кусæгæн дæр. Йæ сæйраг хæс у, цæмæй æхсæнадон хæдзарадтæ æмæ хисæрмагонд цæрджыты фос алыгъуызон низтæй уой хызт. Фосы дохтыры дæсныйад райсын йе скъолайон азты сфæнд кодта Дудайты Ефим æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Сæрмагонд уæлдæр ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта ветеринарийы хаххыл æмæ кусы, цæмæй фос зæфцы фыдæй ма рынчын кæной, сæ нымæц та кæна фылдæрæй фылдæр. Дудайы фырт йæ дæсныйады фæдыл намысджынæй фæллой кæны 40 азæй фылдæр. Йæ æнæзæрдæхудт æмæ намысджын куысты тыххæй йын ивгъуыд аз апрелы мæйы лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы кадджын ном. Ефим, Цхинвалы районы сæйраг ветдохтырæй кусгæйæ, кæддæриддæр æнкъа-ры бæрндзинад, афтæ домы йæ дæлбар уæвæг кусджытæй дæр. Æрæджы фембæлдтæн йемæ æмæ мын радзырдта, районæн фосдарды къабазы сæ къухты цахæм æнтыстытæ æфты, цахæм профилактикон мадзæлттæ исынц фосы низты ныхмæ, уыдæтты тыххæй.

Дудайы фырт куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæм ивгъуыд аз иууыл тæссагдæр низтæ уыдысты сыбыраг хъæдгом, фадниз æмæ æрраниз. Уыдоны ныхмæ истой æмбæлон мадзæлттæ, ветфельдшертæ цыдысты бынæттæм, цæмæй низтæ тынг ма аппарахат уыдаид, æмæ куыст та уыдаиккой фæстиуæгджын. Цæвиттон, фаднизы ныхмæ вакцинацитæ скодтой 28050 стурæн, сыбыраг хъæдгомы ныхмæ 716 стурæн. Тынг тæссаг у, куыйтæ æрранизæй куы фæрынчын вæййынц, уæд уый, уымæн æмæ адæймагыл куы фæхæцы, уæд æрцæуы æнамонд цаутæ дæр. «Цæмæй адæм æдас уой, уый тыххæй стыр хъусдард здахæм, æмæ æрранизы ныхмæ куыйтæн кæнæм вакцинацитæ, æмæ нын бантыст 481 куыдзæн вакцинацитæ саразын. Хуыниз дæр тæссаг низ у, афæдз уыцы низы тыххæй судзинтæ аразын фæхъæуы дыууæ хатты æмæ уыцы хъуыддагыл дæр зæрдиагæй бацархайæм – æдæппæт судзинтæ сарæзтам 2594 хуыйæн. Къаддæр тæссаг низ нæу бруцеллез дæр, – дарддæр банысан кодта Дудайы фырт, уымæ гæсгæ 288 стурæй систам туджы анализ. Хъыгагæн, ацы низæй дыууæ стуры Тъбеты хъæуы разындысты рынчынтæ æмæ куынæг æрцыдысты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм низтæ, куыд сыбыраг хъæдгом, æрраниз, фадниз æмæ хуынизы ныхмæ вакцинацитæ арæзтæуы лæвар, фосы иннæ низтæн вакцинацитæ аразынц аргъыл, ома хосы аргъ хъуамæ бафида фосы хицау æмæ йын æй аразгæ та кæны районы ветеринарийы кусæг. Уыцы хъуыддаг иуæй-иу æмбæстæгтæ нæ фæзонынц æмæ фæдомынц, цæмæй сын уыдон ныхмæ дæр вакцинацитæ аразой лæвар».

Районы ис ветеринарийы хайадтæ цыппар, уыдон сты Къостайыхъæу, Джер, Сатихъар æмæ Громы ветеринарон фадгуыты. Сæ хæстæ дзы æххæст кæнынц Хаситы Бабули, Дзу-къаты Аннæ, Тадтаты Ахмæт, Кобесты Земæ, Биазырты Валодя, Танделаты Заирæ, Уалыты Фатимæ, Ренатæ, Хацырты Алан, Дудайты Лев æмæ Тедеты Руслан. Стуртæ иууыл фылдæр дарынц Къостайыхъæуы – 741, Зары – 403, Бихъары – 357, Джеры – 262, Громы – 232, Арцеуы – 273, Дампъалеты – 232, Тъбеты – 222, Дменисы – 175 æмæ афтæ дарддæр. Хуы-ты нымæц дæр фылдæр у Къостайыхъæуы – 353, Дменисы – 108, Тъбеты – 87 æмæ æндæртæ, фыстæ районы æдæппæт нымадæуы 667, дзæвгар сты мыдычыр-            гъæдтæ дæр.

Иудзырдæй, районы æппæт дæр аразынц, цæмæй фосдард рæза, фос уой æнæниз æмæ сæ пайда та уа ноджы фылдæр.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.