Цæмæй нæ горæт йæ раздæры рæсугъддзинад райса, цæрджытæ йын йæ уындæй æхцондзинад исой, уый тыххæй ахадæн у сæ куыст горæты хæрзарæзтады управленийы разамындæн. Уыдон æрвылбон дæр сæумæрайсомæй изæрдалынгтæм фæкусынц, цæмæй нæ чысыл горæты аивдзинадæй райгонд уой йæ цæрджытæ æмæ уыцы ахсджиаг хæс æххæст дæр кæнынц æнæкъуылымпыйæ. Ацы хæдзарадмæ хауынц цъæхвæлысты кусджытæ дæр æмæ æдзухдæр лæуд сты сæ куысты, алы бон дæр сæ хай хæссынц горæты рæсугъддзинад фæхуыздæр кæнынмæ. Мастер Уалыты Петя куыд радзырдта, афтæмæй сæм æдзухдæр вæййы бирæ змæлд, иу куыст æййафы иннæйы æмæ сæм цырд куынæ фæлæууай, уæд сыл нæ фæтых уыдзынæ. Газонтæ, сквертæ, æндæр æмæ æндæр фæзуæтты тыд æрцыд таугæ кæрдæг, æмæ уый та, рæстæгæй рæстæгмæ, хъæуы кæрдын. Ахæм куыстытæ сæххæст кæнынц афоныл, цы 8 кæрдæн агрегаты сæм ис, уыдон фæрцы.

Нæу сæ рох, скъолатæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæтты фæзуæтты кæрдæгæй асæрибар кæнын дæр. Кæрдыны куыстытæ æххæст кæнынц Джиоты Малхаз, Цхуырбаты Болат, Битеты Серги æмæ æндæртæ. Нæу сæ рох æмæ сæ хъус дарынц, бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты алыварс цы фæзуæттæ ис, уыдон æфснайын æмæ сыгъдæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынмæ дæр. Хъазуатон архайд кæнынц æрвылбон дæр цъæхвæлысты къорды 6 сылгоймаджы. Уыдон сæ куыстмæ кæсынц бæрндзинады цæстæй, æдзухдæр дидинджытæ садзыныл кусынц æндæр æмæ æндæр бынæтты æмæ сæ бузныг сты æмбæстæгтæ. Сæ хæрзиуæгон архайды фæрцы рафидыдтой Вогзалгæрон фæзуат, Хъайтарты уынджы æмæ Джиоты Аланы проспект, Хицауады Хæдзары раз, Æнусон цырты цур æмæ æндæртæ. Дидинджытæ æмæ декоративон талатæ сагъд кæм æрцыдысты, уыдон æдзухдæр хъæуы донæй æфсадын æмæ уыцы куыстытæм дæр ис æдзухон хъусдард. Цы иу донласæн машинæ сæм ис иу, уый бон дыууæ хатты донæй æфсады дидинджытæ æмæ алыгъуызон талаты. Уалыйы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй сæ фылдæр машинæтæ куы бахъæуы, уæддæр сын се ‘ххуысы хай бакæны хæрзарæзтады управлени. Ацы организацийы номыл æрæджы Сталины уынгыл арæзт æрцыд ног сквер æмæ дзы уардитæ садзын райдыдтой йæ кусджытæ. Уымæй дарддæр ма сæм ис, сквертæ, фæзуæттæ æмæ æндæр бынæттæ мæрзыныл алы бон дæр чи кусы, ахæм авд сылгоймаджы  æмæ уыдоны куыст æмæ архайдæй дæр æдзухдæр рухс кæны адæймаджы зæрдæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.