Адæймагад цы дæргъвæтин рæстæг уæвынад кæны, уыцы рæстæджыты дæргъы Зæххы къорийы алы къуымы дæр æппæты зынаргъдæр æмæ уарзондæр у сывæллон. Æрдзæй нын афтæ лæвæрд у, æмæ хъæбулыл хъуамæ аудæм. Йæ фæстæ фæд ныууадзын кæмæн бантысы йæ цоты хуызы, уый фæсмойнаг нæ вæййы йæ царды.

Фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр у, – афтæ амоны рагон нæртон æмбисонд: ома, дын цæйнæфæлтау æвзæр, ницæйаг кæстæртæ уа, фæлтау сæ æгасæй дæр æнæхай у цæрæнбонты. Æмæ кæд нæ фыдæлты фарн æмæ куырыхондзинад гуырысхойаг не сты, уæддæр абон, нырыккон царды ацы æмбисондимæ бирæтæ не сразы уыдзысты. Цæвиттон, кæд алчи куырыхон педагог æмæ фæлтæрд психолог нæу, уæддæр фидар лæуд у иу хъуыдыйыл: сывæллон æмбæлон хъомылад кæй нæ райсы, æвзæр хъуыддæгтыл, æнæуаг митыл кæй фæцайдагъ вæййы, уый у æрмæстдæр ныййарджыты аххос.  Уыдон æм æмбæлон хъусдард не здæхтой, йæхи бар æй ауагътой æмæ фæиппæрд, æхсæнад æппæтварсонæй дæр цæуыл æнцой кæны, царды уыцы хæрзиуджытæй.

Институты ма куы ахуыр кодтон, уæд, педагогон практикæйы рæстæджы, æппынæдзух дис кодтон иу ахуыргæнинагыл, кæд уадиссаг ницæмæй хицæн кодта иннæтæй, уæддæр. Хорз ахуыргæнæджы къласмæ бахаудтæн, æххуыс мын кодта, фæлæ-иу иунæгæй ахуырдзаутимæ куы аззадтæн, уæд мæ тынг фæндыд, цæмæй сын сæ миддуне хуыздæр базыдтаин, раргом сын кодтаин сенкъарынады æвæрæнты сусæгдзинæдтæ. Бацæттæ-иу кодтон сæрмагонд тестытæ-анкетæтæ æмæ-иу стæй хъазты хуызы ахуырдзаутæ комментаритæ-фиппаинæгтæ æргомæй дзырдтой уыцы тестыты фæстиуджытæм гæсгæ. Кæд алы сывæллон дæр стыр тырнынад æмæ цымыдисдзинадимæ дзуапп кодта анкетæйы фарстытæн, уæд-иу ацы лæппу та иудадзыг æдзынæгæй фæкаст сыфмæ, стæй-иу тагъд-тагъд арæуæг дзуаппытæ кæныныл: «Нæ йæ зонын!», «Ницы!», «Нæ!», «Ницæмæн мæ ба-хъуыд!», «Нæ дзуапп кæнын æз ацы фарстæн!», афтæмæй-иу йæ масты пырхæнтæ  хъулæттимæ æмхæццæ куыст æрбаппæрста ахуыргæнæджы кусæн стъолмæ. Æз мæхимид сагъæс кодтон, фæлæ цы сарæзтаин, уымæн ницы зыдтон, кæд-иу фарстытæ дæр фæцымыдисондæр кодтон, уæддæр. Фæстæдæр, йемæ хицæнæй куы аныхас кодтон, уæд ын аивæй бамбæрстон йæ зæрдæйы уаг: мад æмæ фыд ахицæн сты, лæппу баззад фы-димæ, фыд æрбакодта сывæллонджын сылгоймаджы бинойнагæн (уыд ын лæппу), æмæ йæ-хи сывæллон иунæгæй аззад. Дыккаг мад хуыздæр, зынаргъдæр дзаума,  адджындæр хæринаг æлхæдта йæхи фыртæн, æппынæдзух æй йемæ ракæн-бакæн кодта, фыд та сæумæрайсомæй изæрдалынгтæм – куысты. Лæппу йæ фыдыл, ахуырыл, йе ‘мкъласонтыл йæ къух систа, сфыдзонд, аззад иунæгæй. Йемæ куы ныхас кодтон, уæд мын афтæ: «Тæхуды афтæ куы уаид гæнæн, цæмæй мæ уатæй æддæмæ ма хизон, макæйы уынон, мачи мæ хъыгдара». Æз хорзау нал фæдæн, æмæ æппæтдæр радзырдтон ахуыргæнæгæн. Уый мæм дисгæнгæйæ байхъуыста æмæ дыккаг бон фæсидт фыдмæ скъоламæ. Цы аскъуыддзаг кодтой, уымæн ницыуал базыдтон – педпрактикæ уæдмæ фестæм, стæй та цæттæ кодтон мæ дипломон куыст, сывæллонæй дæр мын фаг рæстæг нæ уыд. Хъыгагæн, фæстæдæр ацы лæппуйы хъысмæт куыд рауад, уый абон дæр нæ зонын, фæлæ сæйраг уый нæу.

Ацы дæнцæджы хъуыдыйаг æмæ катайаг у иу хъуыддаг: уæд, 90 æм азты дæр æмæ абон дæр ацы проблемæ цæлхдурæй лæууы ахуырхъомыладон процессы раз, кæй зæгъын æй хъæуы, алы бинонтæм нæ хауы. Афтæмæй та алы гоймаджы æппæтварсон рæзтыл, размæдзыд æмæ æп-пæтæй дæр æххæст æхсæнады сомбоныл дзурæн нæй.

Алы сабийæн дæр ис йæхи, кæд чысыл, уæддæр рæсугъд миддуне. Уыцы миддунейы ис бирæ сæрибар бынæттæ. Уыцы уæрæх, сыгъдæг æмæ райдзаст бынæтты хъæуы самайын хуызджын ахорæнтæй нывæзт  хъуыддæгтæн фидар бындур; байтауын дзы царды рæсугъддзинад, фарн æмæ райзæрдæйы уаг, фидар æмæ раст фæткæвæрды талатæ, саразын дзы, Ирыстоны рæсуг суадæттау, сыгъдæг хъуыдыты уылæнты ауæдз. Уый фæстæ уыцы æвæлтæрд æмæ хом мидзæрдæйы уаг хъæуы сифтонг кæнын амондджын фидæнмæ тырнынады тыхæй,  цæмæй стæй, уыцы саби йæ кары куы бацæуа, уæд, æппæт уыцы алæмæтон уидæгтыл бындуриуæггæнгæйæ, араза йæ дарддæры цард.

Уыцы вазыгджын, фæлæ ахсджиаг æмæ уаз хъуыддæгтæ баст сты æгæрон бæрндзинадимæ. Сæ биноныг кæныны сæраппонд стыр фыдæбон æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ хъæуы æрвитын, уымæн æмæ комкоммæ дæр æнцой кæнынц ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ æмæ  ахуыргæнджыты фæлтæрд уæхсчытыл.  Цард нын æй ирдæй куы равдыста: стыр фыдæбон цæуыл фæкæнай, уымæн йæ фæстиуджытæ æвæрццаг, пайда хæссæг уыдзысты.

Иуæй-иу ныййарæг æй хатгæ дæр нæ фæкæны, кæд, кæцы уысм аирвæзт къухæй йæ уарзон хъæбул æмæ кæй аххосæй фæцайдагъ æвзæрдзинадыл, æнæуаг митыл. Иухатт иу æвзонг сылгоймаг бацыд фæлтæрд педагогмæ  æмæ йæ афарста: «Мæ сывæллоныл цал азы хъуамæ цæуа, цæмæй йын йæ хъомылады хъуыддагмæ бæстонæй æрæвналон?» «Йæ райгуырды фыццаг сахатæй» – уыд куырыхоны дзуапп.

Ныййарджытæй бирæтæн ис ахæм концепци: нæ хъæуы сабийы цавæрдæр къуындæг фæлгæтты æмæ тызмæг фæткæвæрдмæ гæсгæ хъомыл кæнын, –  куы фембаргæ уа, уæд æппæт дæр йæхæдæг бамбардзæн, сраст кæндзæн йæ рæдыдтытæ. Æмæ æвæлтæрд гоймаджы æгъдау, хорз æмæ раст хъуыддæгтыл чысылæй куынæ фæцайдагъ кæнай, куынæ йын бацамонай царды æвæрццаг æмæ хъомысджын фæзилæнтæ, уæд ма сæ кæд базондзæн, куыд цæудзæн йæ дарддæры фæндæгтыл. Иууыл ын йæ мад йæ къухыл кæм хæцдзæн æмæ йæ размæ кæм кæндзæн. Бæгуыдæр, ахæм ныййарæг йæ хъæбулæн хорзæй æппындæр ницы аразы.

Аннæтæ та хæст сты ахæм фидар фæткыл: махæй, ома, сабийы ныййарджытæй, æвзæр-дзинад, æнæуаг ми сæрмæ никуы ничи схаста, æмæ нæ цот дæр цæвиттойнаг, разагътайы хъæбултæ уыдзысты æнæ уæлдай фыдæбонæй дæр,  гентæ де ‘нгуылдзыты ‘хсæн нæ ныцъ-цъист кæндзынæ, зæгъгæ. Уый та у бынтон æдылы цæстæнгас. Сывæллоны йæхи бар куы ауадзай, уæд бæстæ рафæлдахдзæн. «Гæнæн ис» æмæ «нæй гæнæн» саби хъуамæ кæрæдзийæ цæхгæр хицæн кæна æмæ йын сæ йæ ныййарæгæй хуыздæр та ничи бацамондзæн. Алы ныййарæг дæр йæ хъæбулы æгæрон уарзтæй уарзы, узæлы, ауды йыл, фæлæ йын æнæмæнг хъæуы æмбарын кæнын, æмбæлон уагахаст, хæрзæгъдау, хорз ахуыр æмæ рæстдзинад йæ цардвæндагыл сæйраг æвдисæндартæ кæй сты, фæип-пæрдгæнæн сæ кæй нæй.

Хæрзæрæджы, нæ горæты Октябры уынджы куыстмæ фæцæйцæугæйæ, бар-æнæбары сдæн æвдисæн ахæм цауæн: дыууæ чызджы, 10-11 азы кæуыл цыдаид, ахæмтæ, фæбыцæу сты, «Айфон» телефон сæ кæмæн тагъддæр балхæндзысты, ууыл. «Мæнæн, уымæн æмæ æз хуыздæр ахуыр кæнын» – загъта иу. Иннæйы дзуапп мæ баппæрста дисы æмæ ныртæккæ дæр зæлланг кæны мæ хъусты: «Æз буц хъомыл дæн!» Сæ фæстæ фæкастæн бирæ æмæ хъуыды кодтон: цымæ ныридæгæн йæ цард «Айфонтæй» чи бары æмæ йæ бæллиц кæмæн у, уый йæ дарддæры та цæмæ тырндзæн. «Буц хъомыл» дæр хорз у… Чысылæй фæстæмæ йæ сывæллон куы зона, кæй йæ уарзынц, йæ алы фæндон дæр æвæстиатæй æххæст цæуы, фæлæ дарддæр та цы уыдзæн? Алцæмæн дæр хъуамæ уа бæрц. Бирæйæ бирæгъ дæр не ‘фсæды, – зæгъы ирон æмбисонд. Буц хъомыл йæхи чи хоны, уый стæй хистæр кълæсты уæвгæйæ та хæдтулгæ æмæ хæдзар æрдомдзæн «æвæстиатæй!»

Ныртæккæ ахæм рæстæг ныллæуыд, æмæ адæймаг, раздæрау, йæхи уадиссаг нæ тыхсын кæны, кæд царды проблемæтæй бынтон не сцух, уæддæр. Нæ фыдæлтæн сæ цард æппæтварсонæй дæр æмбаст уыд тыллæджы æрзадимæ, сæ мæт  æрдзы, боныгъæды æнамонддзинæдтимæ. Уыдон стыр аргъ кодтой, туг æмæ хид æм-хæццæ фыдæбонæй цы кæрдзыны къæбæр амал кодтой, уы-мæн, фæлæ уыдысты махæй фердæхтджындæр, куырыхон-дæр, цæрдхъомдæр. Ныр техникæ дард акъахдзæф кодта: цай рахсидын, гæрзтæ, мигæ-нæнтæ ныхсын, дунейы хабæрттæ базоныны тыххæй æрмæстдæр хъæуы амонæн æнгуыл-дзæй кнопкæйыл æрхæцын; урс, хæрздæф æмæ фæлмæн дзул фынгыл æрæвæрыны тыххæй  дыууæ къахдзæфы æввахсдæр дуканимæ бауайын. Æмæ зивæг, мæцкъорау, стыхст адæймагыл, стæлфын, азмæлын æй нал фæфæнды уæлдай хатт. Уый та комкоммæ дæр æндавы гойма-джы удыхъæдыл, æнкъарынадыл, йæ физикон рæзтыл, æмткæй йæ уагахастыл.

Хистæртæн аргъ кæнын, хистæрмæ хъусын, коммæ кæсын махæн баззад нæ рагфыдæлтæй. Хистæр хиуылхæцгæ, уæззонд хъуамæ уа. Фæлæ иуæй-иу хистæр уыцы «æгæрон ным-дæй» стæхы уæларвмæ, йæхимæ фæкæсы æппæт зæххон тыхты хицау, афтæмæй æрбады æгад, ницæйаджы къæлæтджыныл. Дыууæ æмбарынады «хистæр-кæстæр» рагзаманты бæрæг фæлгæтты уæвынад кодтой. Цæвиттон, кæстæр-иу куы фæрæдыд, уæд ын хистæр комкоммæ уайдзæф нæ кодта, нæ йæ дæлдзиныг кодта иннæты цур. Иуварс-иу æй акодта æмæ йын-иу бамбарын кодта, раст кæй нæ бакодта. Кæд цалдæ-рæй уыдысты, уæд-иу «Афтæ аив, хорз нæу» алкæмæн дæр уыд зонд зонынæн. Хатт та-иу арфæйы хуызы уайдзæф «Ау, дæ фыдæлтæ нымад, уæздан, фидар фæткæвæрд æмæ æгъдауыл хæст куы уыдысты…» сæмбæлд йæ тæккæ ран – нырыккон психологийы цæстæнгасæй стыр эффективон метод.

Кæстæр цыфæнды фыдракæнд ма сарæзтаид, уæддæр хистæр йæ маст фидис, æнæуаг ныхасæй не ‘вдыста  уый дæр кæстæртæн цæвиттонæн хъуамæ уыдаид: рæстдзинады сæрыл дзурын, хиуыл хæцын, намысджынæй æмæ бæрнонæй уайдзæф кæнын. Хистæр кæс-тæрæн æгасæй дæр хъуамæ уа цæвиттойнаг, амона йын, цайдагъ æй кæна царды æргъадтыл.

Сæрдыгон Цхинвалмæ, Ирыстоны алы къуымтæй бирæ сывæллæттæ æрцæуы улæфынмæ. Стыр хъыгагæн, ныртæккæйы рæзгæ фæлтæры минæвæртты куы бафæрсай, «Куы байрæзай, уæд дæ кæй хуызæн фæнды суæвын?», уæд сæ дзуаппытæ, цыма æмдзырд бакодтой, уыйау сты: «Полина Гагаринайы», «Дима Биланы», «Эндшпилы», «Миаги»-йы къорды æмæ шоу-бизнесы бирæ æндæрты «хуызæн». Æцæг дзы вæййы Ирыстоны номдзыд богалтæй кæйдæрты нæмттæ дæр (сывæллон спорты искæцы хуызы куы архайы, уæд).

Куы сæ фарстон, ирон адæм сæрбæрзонд æмæ кадджын кæмæй сты, уартæ нарты гуыппырсартæй райдайгæйæ æмæ абоны ирон фысджытæ, поэттæ, нывгæнджытæ æмæ композитортæй, (ахуыргæндтæ æмæ зонады дæсныты кой нал кæнын!), уæд, стæмтæй дарддæр, цыма æндæр планетæйæ æртахтæн, афтæ-иу мæм нымдзаст сты, æдзынæгæй-иу «кæдæмдæр» кастысты. Иу уазæг лæппу мын Гергиты Валерийы тыххæй афтæ: «Ам хæст куы уыд, уæд ирæттæн баххуыс кодта» – комментаритæ уæлдай сты ацыран…

Хорз, разагътайы, хæрзæгъдау æмæ æнтыстджын хъæбул-тæ схъомыл кæнын стыр хæрзиуæгон хъуыддаг у, ахæм ныййарджытæн ирон адæм бæрзонд кад æмæ цыт кæнынц. Уый нæм нартæй æрхæццæ ис: «Уæрхæг-иу ныхасмæ куы æрбацæуа, уæд-иу уæ худтæ сисут æмæ-иу ын уæ сæрæй ныллæг акувут –  ахæм æхсарджын фырт ын басгуыхт!»

Лæмбынæг ыл куы ахъуыды кæнæм, уæд амонд, фарн æмæ æнцойады ратæдзæнтæ сты нæ кæстæртимæ баст. Уымæй хуыздæр цы ис: дæ кæстæр  хæрзæгъдау, ахуыры цæвиттойнаг,   хъуыддаджы фердæхтджын, æмгæртты ‘хсæн  намысджын, адæмы хорзæ-хæй хайджын. Æппæт дæр ис нæхи къухы, алцы дæр у нæхицæй аразгæ æмæ спайда кæнæм нæ рæстæгæй абон… Цæмæй нæ сабитæ цæрой амондджынæй, цæмæй фи-дæны фæсмонгонд ма уæм, цæмæй рæзгæ фæлтæр сомбон æдыхст уой.

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.