Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрад, Мидхъуыддæгты министрад æмæ Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет ауагътой иумæйаг рабадт республикæйы астæуккаг ахуырадон уагдæтты директортæ æмæ ахуыргæнджытимæ, ныййарджыты комитетты минæвæрттимæ.

Рабадты дзырд цыд ахæм ахсджиаг фарстыл – сæрдыгон улæфтыты рæстæджы сывæллæтты æдасдзинады фарст. Уымæн æмæ ныййарджытæн сæ фылдæр сæрдыгон улæфтыты рæстæджы фæкæнынц кусгæ, æмæ сабитæ та хистæрты ‘рдыгæй баззайынц æнæ хъусдард.

«Ныййарджытæй алкæмæн нæ вæййы фадат, цæмæй сæ сывæллæттты сифтонг кæной сæрдыгон улæфты уавæртæй кæнæ сæ арвитой лагертæм. Уымæ гæсгæ уыцы æмгъуыды сывæллæттæн тас вæййы фæткхалæнтæй æмæ алыгъуызон кæлындзинæдтæй. Уыдон та сты алы  ран дæр сæ алыварс: нозт, тамако æмæ бирæ æндæртæ. Мах хъуамæ сымахимæ нæ хъусдард, нæ фæлтæрддзинад æмæ хъарутæ радтæм уымæ, цæмæй нын уа исты хуызы нæ сывæллæтты уагахастыл æн-давыны фадат», – загъта Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ дæр æрсидтысты ныййарджытæм, цæмæй карздæ-рæй сæ хъус дарой сывæллæттæм, уæлдайдæр та – рæзæн кары, æмæ цæвиттонæн æрхастой, скъолайы кары сывæллæттæ кæй сарæзтой, цалдæр ахæм фæтхалæн цауы.

Цхинвалы Мидхъуыддæгты уп-равленийы æнахъомты барадхалынæй бахъахъхъæнын æмæ æруромыны хайады хистæр, милицийы дæлбулкъон Гатайты Лали ма бахатыд ахуыргæнджытæм, цæмæй кæддæриддæр хъусын кæной сывæллæтты фыдракæндты тыххæй æмæ сæ ма æмбæхсой. Уымæн æмæ, уый хъуыдымæ гæсгæ, ахæм проблемæты тыххæй цас раздæр фехъусын кæной, уыйбæрц ын раздæр ссардзысты йæ райхалыны амæлттæ.

«Сывæллæттæ рæдийаг сты, æмæ сæ мах нæ профилактикон хыгъдмæ райсæм уый тыххæй нæ, цæмæй сæ хъодыгонд скæнæм. Сæ миниуджытæм гæсгæ нæ кусджытæ дæр раст сымах хуызæн хъомылгæнджытæ сты, æмæ мах æрбацæуæм сывæллонмæ æх-хуысмæ, фæлæ хъæуы уавæры рæстдзинад базонын, æмæ нын уый та хъуамæ зæгъой ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. Махæн ахсджиаг у сымахимæ æмгуыстад», – бæлвырдæй загъта уый.

Рабадты хайадисджытæ куыд загътой, афтæмæй, бинонтæй дарддæр, сывæллæтты хъомылады стыр нысаниуæг ис  æхсæнады æндæвдадæн. Уымæ гæсгæ сывæллæтты хъæуы цайдагъ кæнын царды раст æргъадтыл, амонын сын хъæуы ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ.

Рабадты ма бахастæуыд, сывæллæттыл хорзæрдæм бандавын æмæ сæ хъомыл кæнынæн ахъаз чи уаид, ахæм алыгъуызон фæндæттæ. Сæрмагондæй, сабитæн цымыдис чи уаид, ахæм хъомыладон тымбыл фынгтæ арæхдæр уадзын, интернетон тыгъдады æнахъомтæ сæ рæстæг куыд æрвитынц, уымæ хъус дарын, бынæттон телеканалы, сывæллæтты зæрдæрисгæ фарстытæ æмæ сын цымыдисон цы у, уыцы фарстытыл дзурæг сæрмагонд программæ саразын, афтæ ма сывæллæттæ æнæ сæ ныййарджытæй уынджы цы рæстæг æрвитынц, уый фæкъаддæр кæнын.

Уынаффæ ма цыд горæты уынгты æмæ тротуартыл скъолатæм хæстæг сывæллæттæн æдасæй ацæуыны фадæттæ саразыныл, иууыл тæссагдæр бынæтты та «фæрсыл полицæйаг»-ы нысæнттæ сæвæрыны тыххæй.

Мадзалы кæронбæттæны Гасситы Натали бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, сабиты хъысмæтыл сæ зæрдæ афтæ тынг кæй риссы, уый тыххæй.

«Махæн диссаджы сывæллæттæ ис, æмæ мах уый не ‘ппæт дæр зонæм. Æмæ семæ æмбæлон куыст цæуы. Фæлæ сывæллæтты ‘рдыгæй иунæг фæткхалæн цау дæр куы фæзыны, уæд уый мах фæдисы уавæры ныппары, уымæн æмæ мах афтæ бирæ не стæм, цæмæй йæ мацæмæ ‘рдарæм. Махæн зынаргъ у алы сывæллон дæр, æмæ хъуамæ уыдонæй тыхсæм алкæуыл дæр, æнæ хъулонгæнгæйæ. Уымæ гæсгæ æрмæстдæр ахуыргæнинаг, ныййарæг æмæ ахуыргæнæджы æмгуыст æрхæсдзæн хъомылады хорз фæстиуджытæ» , – загъта кæронбæттæны уый.

Æхсæнадæмон информагентад «Хуссар Ирыстон абон»

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.