Адӕймагӕн ацы зӕххыл цӕргӕйӕ бирӕ цыдӕртӕ нӕ фаг кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тырны амондмӕ, агуры йӕ алыгъуызон амӕлттӕй. Зӕрдӕ йӕм сдзуры, амонд уӕртӕ уым ис, ӕмӕ та йӕм фӕцӕйтындзы. Стӕй йӕм зонд ӕрдзуры – нӕ дӕлӕ уым ис, ӕмӕ та йӕм ныййарц вӕййы. Фӕлӕ бирӕ хатт йӕ амонд агургӕйӕ, адӕймаг свӕййы ноджы ӕнамонддӕр, уымӕн ӕмӕ амонд цы у, уый нырыонг дӕр ничима зоны.

Фӕлӕ кӕд ӕххӕст амонд никуы ничи ссары, уӕддӕр ын йӕ иуӕй-иу миниуджытыл фӕхӕст вӕййӕм. Уыцы миниуджытӕй иу у адӕймаджы хӕдбар ӕмӕ цӕрдхъомдзинад. Ома, адӕймаг хъуамӕ ӕмбара, ацы цардыл йӕ бар кӕй цӕуы, ӕмӕ цӕрын кӕй фӕразы. Уый тыххӕй та адӕймагӕн хъуамӕ фаг уа кӕм цӕры, хъуыды кӕны, йӕ бӕллицтӕ кӕм рӕзынц, кӕм змӕлы ӕмӕ архайы, уыцы тыгъдад. Афтӕ куынӕ уа, адӕймагӕн куынӕ фаг кӕна уыцы тыгъдад, уӕд йӕ уд ӕттӕмӕ рӕдувы, ӕнӕ хардзӕй зайы йе ‘рдзысконды ӕмӕ буарыконды хъомыс, ӕмӕ алы фыдуынд ӕмӕ сахъат амӕлттӕй зыны йӕ цардыл, йӕ ахастыл адӕммӕ, дун-дунемӕ.

Ахӕм фиппаинӕгтӕ саразӕн ис адӕмы дыууӕ стыр къорды кӕрӕдзиимӕ абаргӕйӕ. Фыццаг къордмӕ хауынц чысыл горӕтты кӕнӕ хъӕуты цӕрджытӕ. Ацы дыууӕ дӕлкъорды куы абарӕм, уӕд хъӕуы цӕрджытӕн сӕ царды тыгъдад бирӕ уӕрӕхдӕр ӕмӕ сӕрибардӕр у, уӕлдайдӕр та хӕххон хъӕуты цӕрджытӕн. Уыдон сӕ удыхъӕдӕн фаг амӕлӕнтӕ ссарынц хӕхтыл тезгъогӕнгӕйӕ, кусгӕйӕ, хӕдзарон ӕмӕ хъӕддаг цӕрӕгойтыл ӕмбӕлгӕйӕ. Цӕвиттон, ахӕм ӕмбӕлон царды уавӕрты адӕймаг бамбары, сӕрысуангӕй йӕ цӕй тыххӕй сфӕлдыстӕуыди, йӕ уӕвынады уыцы стыр ахсджиаг бынат ӕмӕ нысаниуӕг. Уый паддзах у цӕрӕгойтӕ, сырдтӕ, мӕргътӕ, хилджытӕ ӕмӕ зайӕгхалтӕн дӕр. Ныр ахъуыды кӕнын ӕмбӕлы, йӕ уыцы паддзахиуӕгад ын байсгӕйӕ, уый цахӕм стыр тыгъдадӕй фӕиппӕрд ис ӕмӕ йӕ удысконды цы стыр ӕгом-ӕгӕрцц бынат аззади, уый фӕдыл. Афтӕмӕй уый ӕрцард уынгӕг, ӕнтъыснӕг горӕты. Уыцы ран царды азмӕлӕнтӕ сты кадавар, армытъӕпӕныйас. Ахӕм уавӕрты та, куыд ма загътам, афтӕмӕй йӕ уд ӕттӕмӕ рӕдувы… Гъе ӕмӕ уыцы тыгъдады хъуагдзинад истӕмӕй фӕхъӕуы баххӕст кӕнын. Гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, адӕймаг хъуамӕ ма фӕиппӕрд уыдаид йӕ уды хӕрзвадат ӕрдзон уавӕртӕй, фӕлӕ адзалӕн мадзал нӕй, амарди, фесӕфти кӕддӕры удӕнцой, ӕмӕ иугӕр афтӕ ӕрцыди, уӕд адӕймаджы удысконд ныр агуры йӕхион. Ӕмӕ йӕ аргӕ дӕр скӕны. Раст зӕгъгӕйӕ, уыцы агурӕнтӕ фылдӕр хатт ӕркӕнынц хорз фӕстиуджытӕм. Адӕймаг йӕ уды афтид бынӕттӕ истӕмӕйты баххӕст кӕнынмӕ тырнгӕйӕ, райдайы агурын йӕхи сӕрмагонд фӕсауӕрцтӕ ӕмӕ цырен кӕнын райдайы йӕхи арӕхстдзинӕдтӕ. Ахӕм амалӕй бирӕтӕ свӕййынц царды алы ӕмӕ алы къабӕзты зындгонд ӕмӕ сгуыхт адӕй-мӕгтӕ. Чидӕртӕ та хицауады куысты къӕпхӕнтыл схизынц тынг бӕрзонд. Уыдон бӕрзонд бынӕттӕм схизгӕйӕ сӕ уды рӕбыны банкъарынц, царды сын стыр бынат ӕмӕ нысаниуӕг кӕй ис, ӕмӕ уӕд иусдугмӕ сӕ уд ӕрӕнцайы. Фӕлӕ уый вӕййы цыбырӕмгъуыд ӕнцойад. Чысыл фӕстӕдӕр та уыдон бахъӕуы ноджы бӕрзонддӕр схизыны сӕр, цӕмӕй та уыцы бӕллиццаг ӕнцойдзинад банкъарой. Афтӕ у чысыл горӕтты цӕрӕг адӕмы хъысмӕт.

Стыр горӕтты цӕрӕг адӕмы кой куы кӕнӕм, уӕд уыдонӕн тыгъдады хъуагдзинады рыст ницы хъом у. Ӕгӕрдӕр ма айтынг кӕнынц се уӕнгтӕ уыцы парахат азмӕлӕнты, фӕлмӕцгӕ дӕр дзы скӕнынц, ӕмӕ фӕбӕллынц чысыл горӕтты иучысыл уӕддӕр ацӕрынмӕ. Фӕлӕ чысыл горӕтты ӕмӕ ӕрдзы хъӕбысы иучысыл рӕстӕджы дӕргъы ссарынц ӕнцой. Стӕй сын фаг нал вӕййы уыцы уынгӕг тыгъдад, уазал кӕнын райдайы сӕ туг, сӕ буарыконд, уымӕн ӕмӕ уыдон вӕййынц тӕлфынахуыр. Афтӕмӕй стыр горӕтты цӕрджытӕ иттӕг нӕ тырнынц хицауады куысты къӕпхӕнтыл бӕрзонд схизынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сӕ уды нӕ вӕййы тыгъдады хъуагдзинады рын.

Адӕттӕ се ‘ппӕтдӕр ӕркӕнынц иу, ӕнӕуӕвгӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм фӕстиуӕгмӕ: чысыл горӕтты цӕрӕг адӕм вӕййынц дӕрзӕгдӕр ӕмӕ суццадӕр, уымӕн ӕмӕ сын нӕ вӕййы, сӕ уды стыр хъуагдзинад цӕмӕй баххӕст кӕной, уый. Афтӕмӕй свӕййынц зындзырд, зындард ӕмӕ зындзард. Йе уымӕ гӕсгӕ мӕн тынг фӕнды, цӕмӕй чысыл горӕтты чи цӕры, уыдон сӕ уды тыгъдады хъуагдзинад ӕххӕст кӕной канд хицауады бынӕттӕм тырнгӕйӕ нӕ, фӕлӕ фылдӕр хизой уыцы уынгӕг царды арӕнтӕй. Иу зондджын адӕймаг мын куыд загъта, афтӕмӕй нӕ алыварс цы рӕсугъд бынӕттӕ ис, уыдон уал уӕддӕр басгарой. Ӕгӕрыстӕмӕй сӕ цардвӕндагыл цы дыууӕ тӕппы ис – куыст ӕмӕ хӕдзар – уымӕ ма иу уӕддӕр бафтауой. Уыцы ӕртыккаг тӕпп цы уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр йӕхи бар у. Чи аргъуанмӕ цӕуы, чи та ӕрдзы хъӕбысы ары ӕнцой. Чидӕр та аивады фӕрцы ирхӕфсы йӕ фӕлмӕцыд уды.

Афтӕ куынӕ уа, уӕд, Сыгъдӕг фысты загъдӕуы: “Кӕд сымах кӕрӕдзи хӕрут, уӕд кӕсут, цӕмӕй кӕрӕдзи ма аныхъхъуырат”. Ӕмӕ, ӕцӕгӕйдӕр,  тынг тӕссаг у ацы хъуыддаг,  кӕд   кӕрӕдзи   аныхъхъуырынмӕ ӕрцыдыстӕм, уӕд.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.