Октябры уынг нымад цæуы нæ горæты иууыл уæрæхдæр æмæ рæсугъддæр уынгтæй сæ иуыл. Йæ дæргъæн иу километр æмæ 700 метры кæмæн у, уыцы уынджы астæу ис тезгъогæнæн фæндаг. Ам зайынц гималайаг кедр, сусхъæд æмæ тæгæр бæлæстæ. Уынджы фидыц – гималайаг кедрты бын сæрды æнтæфы абадын æхцондзинад хæссы канд ацы уынджы цæрджытæн нæ, фæлæ ма дзы сæ удыдзæбæхæн чи фæтезгъо кæнынц, нæ горæты уыцы цæрджытæн дæр.

Уынджы арæзтады рæстæджы ам коммуникацитæ куы ивтой, уæд бирæ бæлæсты уидæгтæ  бахъыгдард сты. Ивгъуыд аз Октябры уынджы райдианы кедртæй иу ракалд, бахъыгдардта цалдæр хæдтулгæйы, æцæг дзы Хуыцауы фæрцы уды зиан не ‘рцыд. Уый фæстæ специалисттæ декоратор Къæбулты Зауыры сæргълæудæй азылдысты уынджы бæлæстыл. Бæлæстæй рынчын чи у æмæ йæ уидæгтæ хъыгдард кæмæн сты, уыдоныл сæвæрдтой номыртæ. Цы 17 бæласыл æрцыд нысæнттæ æвæрд, уыдон специалистты амындмæ гæсгæ хъуамæ ралыг кæной, цæмæй цæрджытæ хызт уой фыдбылызæй.

Ацы кедртæ ракалыны тыххæй цæуы быцæутæ Октябры уынджы æмæ горæты хæрзарæзтады специалистты ‘хсæн. Цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, кедртæй калинаг никæцы у. Специалистты хъуыды та у ахæм: коммуникацитæ аразыны рæстæджы бæлæстæн хъыгдард æрцыдысты сæ уидæгтæ æмæ иу цалдæр азмæ бар-æнæбары бахус уыдзысты.

Ацы уынджы цæрæг Хаситы Роман афтæ зæгъы: «Ам комму-никацитæ куы ивтой, уæд сæм нæ хъус дардтам, канализацийы люктæ дæр аразджытæн ахæм бынæттæм ахæссын кодтам, цæмæй бæлæсты уидæгтæ ма бахъыгдард уой. Номыртæ цы 17 бæласыл сæвæрд-той, уыдонæй калинаг ничи у», – дзуры уынджы цæрæг.

Иннæ цæрæг та афтæ зæгъы: «Æрæджы разылдысты мэрийы кусджытæ æмæ сыл сæвæрдтой цавæрдæр нысæнттæ, мах дæр тас бацыд æнæфæрсгæйæ нын сæ куы ракалой. Кæд афтæ тынг тæрсынц сæ рафæлдæхынæй, уæд сын сæ цъуппытæ хъæуы балыг кæнын æмæ сын сæ быны та ныссадзын ногтæ. Цалынмæ тала рæза, уæдмæ зæронд бæлас аууон дардзæн æмæ уæлдæф сыгъдæг кæндзæнис. Æрæджы дзыллон информацийы фæрæзты руаджы базыдтам Абхазы тыхдымгæйы фæстиуæгæн кæй рафæлдæхтысты бæлæстæ, уыдон дæр низджын уыдысты? Æрдзы катаклизмæйы аххосæй кæддæр цыдæр вæййы, уый тыххæй сæ рагацау иууылдæр ралыг кæнæм?», – загъта нын Тедеты Дуся.

Йæ сыхæгты хъуыдыйыл разы у Хуыбылты Инал дæр, уый коммуникацитæ ивыны рæстæджы бæлæсты æппынæдзух донхæр кодта, цæмæй сæ арæзтадон куыстыты æппæрццаг æндæвдадæй бахиза. «Боны мидæг кедртыл 50-70 литр хъæуы дон кæнын. Раздæр-иу сыл къухæй кодтон. Ныр шланг балхæдтон æмæ сæм бауадзæм дон. Ам калинаг бæлас нæй. Уæлæ дидин дæр æфтауынц, рынчын сæ ничи у. Кæд сæ специалисттæ тæссагыл нымайынц, уæд сын сæ бынтыл ныссадзæт ногтæ, ракалын сæ нæ бауадздзыстæм», – загъта Инал.

Сыхæгтæ ма нын куыд загътой, афтæмæй æрæджы уынджы цæрджытæй иуы куырдиатмæ гæсгæ ракалдтой иу бæлас, фæлæ йæ бындзæфхадæй куыд рабæрæг, афтæмæй бынтондæр низджын нæ уыд æмæ йын рафæлдахынæй дæр тас нæ уыд.

Æвæрдхъæды хистæры хæдивæг æмæ декоратор Къæбулты Зауыры куы фарстам ацы цауы тыххæй, уæд йæ хъуыды ахæм уыд: «Калинаг кæй сты, уый рагæй дзурынц, фæлæ ма сæм бакæсут – сыфтæр кæнынц. Арæзтадон куыстыты фæстæ сæндидзыдтой уидæгтæ. Чи хус кæны, уыдонæн та сæ сæртæ хъæуы балыг кæнын æмæ ма иу 10 азы дæр сæ хуызæй цæст райдзæнис», – зæгъы уый.

Цхинвалы хæрзарæзтады управленийы дæр ныфс бавæрдтой Октябры уынджы гималайаг кедрты хъысмæт скъуыддзаг кæй æрцæудзæнис тагъд рæстæджы сæрмагонд къамисы рабадты. Гæнæн уæвгæйæ, дам, бацархайдзыстæм бæлæсты бахъахъхъæныныл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.