Кæцыфæнды дуканимæ дæр куы бахизай, уæд дзы æнæмæнг тæрхджытыл фендзынæ хуымæтæджы нуазыны дон алыгъуызон авгæй æмæ пластмас мигæнæнты. Æмæ ахæм ныв нырма 20 азы размæ фенæн нæ уыд, советон дуджы та ахъуыды кæнæн дæр нæ уыд нуазыны дон уæй кæныныл, уымæй дæр ахæм аргъмæ. Ныридæгæн æгас дунейы ацы бизнес æрвылаз дæр фылдæр кæны 10 проценты бæрц æмæ йæ иумæйаг æхцайы азылд та, астæуккаг нымадæй ахызт 300 миллиард долларæй. Афтæмæй та ацы уæййаг доны фылдæр хай нæ хицæн кæны хуымæтæджы донуадзæн системæйы донæй.

Нуазыны дон æлхæныны хъуыддаг не ‘рвылбонон цардмæ афтæ бахызтис æмæ ахæм фарст никæмæуал сæвзæры – «цæмæн æй æлхæнын?». Уымæн æмæ сабыргай сахуыр стæм йе ‘лхæнын, рекламæйы хуызы нын æй æнæмæнгхъæуæг товарыл банымайын кодтой, афтæ кæсын нæм райдыдта, ома хæдзары кранты донæй бирæ хуыздæр у.

Фыццаг хатт дон авгæй мигæнæнты уæй кæнын райдыдтой 1760 азы америкæйаг горæт Бостоны, фæлæ уый уыд суар æмæ йæ адæм сæхицæн хосæн æлхæдтой. Фæстæдæр ахæм уæййаг суар фæзындис Европæйы горæтты дæр, фæлæ иумæйагæй сисгæйæ тынг нæ апарахат ис ацы бизнес. 1990 азы ацы бизнес сæхимæ райстой ахæм хъомысджын компанитæ, куыд Coca-cola, Nestle, PepsiCo, кæцытæ стыр æхцайы фæрæзтæ райдыдтой хардз кæнын рекламæйыл. Цыбыр рæстæгмæ хуымæтæджы нуазыны дон алыгъуызон мигæнæнты кондæй æмæ нæмттимæ уæй кæнын райдыдтой миллуангай литртæй æмæ азæй-азмæ ноджы фылдæр кæны йæ гуырахст.

Рекламæйæн йæ сæйраг мидис уый мидæг уыдис æмæ горæтты цы иумæйаг нуазыны доны системæтæ уыд, уыдоны гъæдæй хъаст кæнын райдыдтой, ома алыгъуызон низтæ зынын кæнынц. Дзыллон информацийы фæрæзты та фыстой æвирхъау историтæ, ома кранты донæй цалдæрæй фæмардысты æмæ афтæ дарддæр. Ахæм хуызы информаци журналисттæн фыссын кодтой заказы хуызы. Æрцыдис ма ахæм цаутæ дæр, – рæстæгæй-рæстæгмæ-иу кæцыдæр горæтты нуазыны доны системæ барæй схъæстæ кодтой, фæлæ фыдгæнджытæ бæлвырд никуы æрцыдысты. Ахæм агрессивон рекламæ уадзыны фæстиуæгæн адæм тæрсын райдыдтой се ‘нæниздзинадæн æмæ кранты донæй нал уæндыдысты нуазын.

Ныридæгæн æгас дунейы азфæды мидæг нуазыны дон ауæй кæнынц 460 миллиард литры бæрц. Иууыл фылдæр æй æлхæнынц Китайы, АИШ-ы, Мексикæйы, Индонезийы, Бразилийы, Индийы, Тайланды. Уыдонæй Европæйаг бæстæтæ дæр бирæ фæстæ нæ лæууынц. Экономисттæ йæ куыд банымадтой, афтæмæй авгæй кæнæ пластмассæй конд мигæнæны дон кранты донæй у 2 мин хатты зынаргъдæр. Кæцыдæр бæстæты æхсыр, бæгæны æмæ бензин асламдæр сты ахæм нуазыны донæй. Зæгъæм, АИШ-ы иу литр нуазыны дон авгæй кæнæ пластмассæй конд мигæнæны куы уа, уæд æхсырæй у æртæ хатты зынаргъдæр, æмæ цыппар хатты та – бензинæй. Афтæмæй та сæм кранты дон æнæаргъæй у.

Уæрæсейаг корпораци «Ростех»-ы генералон директор Сергей Чемезов куыд хъусын кæны, афтæмæй Уæрæсейы иумийагæй сисгæйæ уæййаг нуазыны донæн йе 30 проценты бæрц у контрафактон, кæцыдæр регионты контрафактон продукцийы гуырахст хизы 80 процентмæ. 2017 азы Роскачество басгæрста уæййаг нуазыны доны гъæд æмæ 58 хуыз уæййаг донæй нормæтæн дзуапп раттой æрмæстдæр фараст. Æмæ уæд куыд цæуы, – туджы аргъæй дон балхæн æмæ нуазынæн дæр ма бæззæд.

Специалисттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй æлхæнгæ донæн йæ фылдæр хай организмæн у тæссаг, йæ гъæд бæрæг æвзæрдæр вæййы къранты донæй. Ӕмæ рекламæты куыд рæсугъд фæдзурынц, ууыл бынтондæр æууæнк нæй. Кæцыфæныд паддзахады дæр иумæйаг доны системæмæ вæййы уæлдай хъусдард здæхт, æмæ кæд кæддæр доны гъæд февзæрдæр вæййы, уæддæр уымæн цыбыр рæстæгмæ рарастгæнæн вæййы.

АИШ-ы иртасæн куыстыты фæстиуæгæн пластикæй конд мигæнæнты доны ссардтой мышьяк. Уымæй уæлдай ма, пластикæй конд мигæнæнты сконды арæх вæййы химикон буарад «бисфенол», кæцы адæймаджы организмы фæзынын кæны ахæм низтæ, куыд рак, аутизм, зæрдæниз, сæкæрниз æмæ афтæ дарддæр. Стæй ма пластик чъизи кæны экологи дæр, фæлæ уыцы проблемæ дæр никæй æндавы – бизнесæн сæйраг у, цæмæй йæ дзыппмæ исты пайда цæуа. Маркетологтæ æппæлыны хуызы фæдзурынц, зæгъгæ, адæмы сахуыр кодтам магазинты дон æлхæнын, кæд æмæ сæ бон у сæрибарæй къранты дон нуазой.

ДЖИОТЫ Алыксандр 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.