Сæрмагонд æфсæддон операцийы хабæрттæ тынг æлвасынц сæхимæ не ’мбæстæгты, алы ног хабар дæр сæ зæрдæтæм айсынц. Ӕмæ дзы мæгуырау цау куы æрцæуы, уæд иууылдæр фæсагъæс кæнæм. Ныр дæр та Херсоны горæтмæ ввахс цæугæдон Днепры рахиз фарс территоритæ кæй ныууагътой уæрæсейаг æфсæддонтæ, уый, æвæццæгæн, алкæмæндæр хъыг уыд. Фæлæ мах хуымæтæг гоймæгтæ стæм, уавæр не мбарæм æмæ цæмæн сарæзтой ахæм къахдзæф æфсæддон къухдариуæгад, уый нæ зонæм.

Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, раст нæ бакодтой, фæстæмæ кæй алæууыдысты, ома сын уый нысан кæны састы бынаты баззайын. Уымæй уæлдай ма Херсоны регион референдум ауадзыны фæстиуæгæн ныр Уæрæсейы территоримæ хауы æмæ, зæгъгæ, нæ зæххытæ знæгтæн слæвар кодтам. Фæлæ æфсæддон хъуыддаг чи æмбары, уыдон та разы сты æфсæддон къухдариуæгады хъуыдыйыл — фыццаджыдæр хъуамæ бахъахъхъæнæм хæстонты æмæ бынæттон цæрджыты цæрдтæ æмæ стæй та иннæ проблемæтæ аскъуыддзаг уыдзысты.

Цæугæдон Днепр у егъау — йæ фæтæн у 12 километры, йæ арф та — 4-18 метры бæрц. Ӕмæ горæт Херсонæй Днепры рахиз фарс цы хай ис, уыцы плацдарм уалдзæгæй нырмæ уæрæсейаг æфсæддонтæ хъахъхъæнынц, хъазуатонæй тох кæнынц украинæйаг фашисттимæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ацы доны сæрты хизгæйæ, фæмардысты 1,2 милуан хæстоны бæрц æмæ уый та ууыл дзурæг у, ахæм æрдзон ландшафты тынг зын кæй у хæцын. Уæлдайдæр украинæйаг æфсадæн ахæм ифтонгад ис — æнæпилотон тæхæн аппараттæ, нырыккон ракетон системæтæ, алыгъуызон сармадзантæ, æмæ стыр зиæнттæ æййæфтой не фсад. Цы æфсæддон контингент дзы уыдис, уыдоны æнæмæнг хъуыд хæлц, нæмыг æмæ ма æндæр ресурстæ, кæцытæ зын ласæн уыдысты ацы фронтмæ. Уымæ гæсгæ растдæр уыд, цæмæй ракæной æфсæддонты Днепры галиу фарсмæ. Уымæй размæ бынæттон цæрджытæй 100 минæй фылдæр эвакуаци æрцыдысты æмæ ма дзы чи баззадис, уыдон дæр сæхи бааууон кæндзысты рæстæгмæ.

Æфсæддонтыл командæгæнæг Суровикин хорз æмбæрста уавæр, зыдта йæ, хæстонты хъысмæтæн кæй у дзуапдæттæг æмæ рахаста иунæг раст уынаффæ — рæстæгмæ ныууадзæм ацы территори. Знагæн зын уыдзæнис доны сæрты абырсын, баззайдзысты уым лæугæйæ се фсад, æмæ афтæмæй та уæрæсейæгтæ иннæ фронттæм аздахдзысты уæлдай тыхтæ. Херсоны цы хæстхъом дæлхæйттæ ис — иууыл къаддæр 40 мин хæстоны, уыдоны ракæндзысты Донецкы фронтмæ æмæ ам размæбырст фæтагъддæр уыдзæнис. Æфсæддон къухдариуæгад сæвзæргæ уавæры сæйрагыл нымайы хæстоны цард æмæ архайы, цæмæй иунæг адæймаг дæр ма амæла знаджы нæмыгæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Херсоны алыварс территоритæ бахъахъхъæнын бауыдаид æфсæддонты бон, фæлæ уыимæ иумæ бай-йæфтаиккой стыр зиæнттæ хæстонтæ дæр æмæ бынæттон цæрджытæ дæр. Раст æй куы зæгъæм, уæд ныры уавæры аххосджын сты раздæры къухдариуæгад, кæцытæм фаг ресурстæ нæ уыдис, афтæмæй абырстой Днепры иннæ фарсмæ, бауагътой тактикон рæдыдтытæ æмæ ныр бахъуыд фæстæмæ алæууын. Доны сæрты цы хидтæ уыдис æмæ дзы цы паромтæ куыстой, уыдон æппынæдзух æхстой ракетæтæй, сармадзантæй, арæзтой дзы алыгъуызон диверситæ. Ахæм уавæрты дзы размæ абырсынæн нæ уыд фæрæзтæ æмæ плацдарм та куынæ ауæрæх уыдаид, уæд æфсæддонтæ къæпхæны ахсты хуызæн уыдысты. Уымæй уæлдай ма тас у Каховы платинæ ратонынæн дæр — украинæйаг фашисттæ йæ аппынæдзух æхсынц. Ӕмæ ахæм катастрофæ куы æрцæуа, уæд ацы территоритæ доны бын фæуыдзысты.

Бирæтæ æнæбындурæй фæазымджын кæнынц æфсæддонты, афтæмæй сæм ницы информаци вæййы реалон уавæры тыххæй. Херсоны фронты украинæйаг æфсæддонты нымæц хизы 350 мин хæстонмæ. 2 мины бæрц та сæм ис згъæрварс техникæ æмæ ракетон системæтæ. Уымæй уæлдай ма се ‘хсæн ис тынг бирæ фæсарæйнаг инструктортæ æмæ æххуырст хæстонтæ. Суровикин ныртæккæ ууыл нæ хъуыды кæны, Херсоны фронты фæстæмæ алæууа, æви размæ абырса, фæлæ, иумæйагæй сисгæйæ, хæст рамбула. Уымæ гæсгæ ныридæгæн ахæм стыр нысаниуæг нæ хъæуы дæттын ацы плац-дарм ныууадзынæн — рæстæг æрцæудзæнис æмæ та йæ фæстæмæ нæхи бакæндзыстæм.

Ныры сæвзæргæ уавæры ма Суровикин «ивазы» рæстæг дæр, цæмæй мобилизацигонд дæлхæйттæ иууылдæр бацæттæ уой æмæ фронты уæвæг хæстонты рæнхъыты балæууой. Уый фæстæ райдайдзæнис масштабон размæбырст. Ӕниу, ныр дæр Донецкы æмæ Артемовскы фронтты ис æнтыстытæ — куынæг кæнынц знаджы æмæ размæ цæуынц не ’фсæддонтæ.

Кæд æмæ исчи афтæ хъуыды кæны, ома, Украинæйы фсад лæмæгъ сты, уæд тынг рæдийы. Уæрæсе ныридæгæн украинæйаг æфсадимæ нæ хæцы, фæлæ НАТО-имæ. Бæлвырд æрцыдысты ахæм цаутæ — НАТО-йы регулярон æфсæддон дæлхæйттæ комкоммæ хайад исынц хæстон архæйдтыты. Ӕрмæст Польшæйæ дзы ис 30 мин хæстоны бæрц. Ӕмæ кæд Суровикины хуызæн æфсæддон дæсны хъуыды кæны, цæмæй Херсоны рахиз фарс ныууадзæм, уæд уыцы уынаффæ дызæрдыккаг мауал хъуамæ уа. Ӕвæццæгæн афтæ растдæр у.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.