Фæстаг рæстæджы информацион тыгъдады дзырд «мобилизаци» ссис иууыл популярон. Уæрæсейы æмбæстæгты иу хай афтæ тынг фæтарстысты мобилизацийæ æмæ ныууагътой сæ хъарм хæдзæрттæ, сæ бинонты, сæ куыстуæттæ, æмæ лидзынмæ фесты фæсарæнтæм. Сæйраджыдæр, фессæстой Гуырдзыстон, Казахстан æмæ Финляндийы рдæм. Ӕцæг Финляндимæ афтæ бирæ адæм нæ агуылф кодта, – уырдæм ацæуынæн æнæмæнг хъæуы «шенгенаг визæ» æмæ алкæмæ нæй. Стæй 30 сентябрæй фæстæмæ уырдæм дæр нал уадзынц. Фæлæ Гуырдзыстоны æмæ Казахстаны арæнтыл уыйбæрц «тарст» адæм æрæмбырд ис æмæ сын ницыуал фæрæзтой æмбæлон службæтæ. Уæлдайдæр та – Ларсы таможнæйон пункты.

Мобилизаци расидын нæ уыд сæ планы Уæрæсейы къухдариуæгадæн. Фæлæ Украинæйы сæ ныхмæ куы схæцыдысты æгас НАТО-йы паддзахадтæ, æгæр бирæ рæстæг куы ахаста сæрмагонд æфсæддон операци æмæ уый фæстиуæгæн зиæнттæ дæр куы баййæфтой уæрæсейаг æфсæддонтæ, уæд æндæр гæнæн нал уыд. Украинæйы цæуæг хабæрттæм йæ хъус чи дары æмæ æфсæддон хъуыддаг чи æмбары, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ ныры онг дæр саразын хъуыд мобилизаци. Мобилизаци æнæмæнг кæй хъуыдис, уый, æвæццæгæн, бæстæйы къухдариуæгад дæр зыдта, фæлæ йæ нæ фæндыд æхсæнад катайы ныппарын. Уæлдайдæр та сентябры мæймæ нысангонд уыдысты æвзæрстытæ регионты.

Фронты адæм кæй нæ фаг кæны, ууыл рагæй цæуы дзырд. Ӕмæ ам æрмæст хæстонты кой нæй, фæлæ æфсады фæсчъылдым цы территоритæ ис, уым фæтк æрæвæрыныл тыхсынц фылдæр. Цыдæриддæр дзы уаг-дæттæ æмæ административон бæстыхæйттæ ис, уыдоны æнæмæнг хъæуы хъахъхъæнын. Стæй ма хъусдард здахын хъæуы заводтæм, фабрикæтæм æмæ алыгъуызон æндæр нысаниуæгджын объекттæм. Уымæй уæлдай ма ссæрибаргонд территориты фæзуат у стыр æмæ фронтмæ цы хæлц, хæстæрмæджытæ æмæ æртаг цæуы, уыдоны дæр хъахъхъæнын хъæуы алыгъуызон диверситæй æмæ теракттæй. Уымæ гæсгæ, Уæрæсейы æфсад фылдæр æййафынц цухдзинад хæстонтæй нæ, фæлæ хуымæтæг адæмæй, кæцытæ уыцы хъахъхъæныны функцитæ сæхи-мæ райсиккой æмæ регулярон æфсæддон дæлхæйттæ та сæ комкоммæ хæстæ æххæст кæниккой разæй фронты.

Алы бон дæр ног хабæртты фехъусæн æмæ фенæн вæййы, мобилизацигонд æмбæстæгтæн полигонты куыд цæуынц ахуыртæ. Ӕмæ бирæтæм сæвзæрдзæнис фарст, ома сæ кæд хæсты цæхæрмæ акæнынмæ нæ хъавынц, уæд сын цы пайда сты уыйбæрц ахуырты курсытæ рацæуын. Фæлæ ам банысан кæнын хъæуы, фыццаджыдæр, уый, æмæ уыдон ныридæгæн кæй сты Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ æмæ кæй хъуамæ дæттой дзуапп æмбæлон домæнтæн. Уымæ гæсгæ сæм æнæмæнг æмбæлы табелон æхсæнгарз дæр. Ӕфсæддон йе службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ, йæ табелон æхсæнгарзимæ архайын куы нæ зона, уæд ахæмæй цы ныфсбавæрæн уыдзæнис, æмæ йыл æхсæнгарз æууæндгæ дæр куыд бакæндзысты? Фæнды йæ скъола хъахъхъæнæгæй бауромæд, фæнды патрулон службæйы хæстæ æххæст кæнæд, уæддæр æй сæрмагонд зонындзинæдтæ æнæмæнг хъæуынц. Уый хъуамæ хуымæтæг цæрджыты фыдбылызтæй бахизыны хъом уа, алыгъуызон æхсæнгæрзтимæ архайын хъуамæ зона, æмбуар хæсты дæр уа арæхстджын.

Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, Уæрæсейæн бирæнымæц æфсад куы ис, уæд мобилизацийы онг цæмæ æрхаудтам? Фæлæ политикон уавæр хынцгæйæ, Уæрæсейы æндæр территоритæй æфсæддон хæйттæ Украинæмæ ракæнын, æвæццæгæн, рæдыд къахдзæф уыдзæнис. Уымæн æмæ нæм алырдыгæй гæппæввонгæй лæууынц. Гуырдзыстоны, Азийы, Прибалтикæйы тæссаг у уавæр æмæ цырддзастæй хъæуы лæууын. Ӕгас Уæрæсейы территорийыл æфсæддонтæ службæ хæссынц фæтыхджындæргонд режимы, сфидар кодтой арæнтæ æмæ ахæм уавæрты нæ хъæуы лæмæгъ кæнын искæцы фарс.

Ӕдæппæт æрсидтысты 300 мин адæймагмæ. Ацы нымæц егъау у æмæ хуымæтæджы райсгæ нæу. Ӕвæццæгæн, æфсæддон эксперттæ банымадтой, цал хæстоны бахъæудзæнис астæуккаг нымадæй сæрмагонд æфсæддон операци кæронмæ бакæнынæн, æмæ уымæ гæсгæ рахастой ахæм фæндон. Уымæн æмæ нырма хæстæн йæ кæрон нæ зыны, ссæрибаркæнинаг сты егъау территоритæ, стæй ма хæстонты ‘хсæн ротаци аразын дæр фæхъæуы, цæмæй хæсты цæхæры æдзух чи сты, уыдонæн дæр улæфты рæстæг дæттой.

Æрсидтонты дæсныйæдтæм бахаудтой ахæмтæ, куыд шофыртæ, зенитчиктæ, инженертæ, танкисттæ, бастдзинадимæ кусджытæ, развæдсгарджытæ, фельдшертæ, афицертæ æмæ сержанттæ, сармадзантæй чи зоны æхсын æмæ æндæр ахæмтæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ сабыр рæстæджы æфсæддон дæлхæйтты кæй никуы фæхъæуынц санитартæ. Фæлæ ныр та хæстон архайдтыты рæстæджы æнæмæнгхъæуæг сты. Ныридæгæн хæстонтæ сæхæдæг рахæссынц сæ цæф æмбæлтты хæсты быдырæй æмæ сын уымæ гæсгæ фадат нал вæййы сæ комкоммæ хæстæ æххæст кæнынæн, æфсæддон дæлхайы хæстхъомдзинад фæкъуыхцы вæййы. Уымæ гæсгæ, æвæццæгæн, æрсидтонтæй чидæртæ кæндзысты сани-тарты куыст.

Сабыр рæстæджы ма æфсæддон дæлхæйтты сконды нæ вæййы бирæнымæц цалцæггæнæн бригадæтæ дæр. Фæлæ хæсты быдыры æфсæддон техникæ арæхдæр хæлы, минæтыл спырх вæййынц, знаг æй фехсы æмæ нал фæкусы. Ахæм уавæрты шофыр-техниктæн нæдæр фадат вæййы, нæдæр сæм æмбæлон зонындзинæдтæ вæййы хæлд техникæ сцалцæг кæнынæн. Уымæ гæсгæ мобилизацийы бахауæг адæмæй искæмæ куы уа техникæ цалцæг кæныны дæсныйад, ома, слесыр, моторист, æндадзæг, зырнæйзилæг æмæ æндæртæ, уæд сæ уым спайда кæндзысты.

Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, кæмæ æрсидтысты мобилизацийы рæстæджы, уыдоны æвæстиатæй хæсты цæхæры смидæг кæндзысты. Фæлæ уый раст нæу. Æдзæттæ хæстонæн фронты уæвгæйæ йæ пайдайæ йæ зиан фылдæр у æмæ сæ уымæ гæсгæ размæ ничи ауадз-дзæнис. Уым разæй чи хæца, ахæм цæттæ дæлхæйттæ дзы бирæ ис, – æрмæст сын сæ фæсчъылдым хъæуы бахъахъхъæнын æмæ сæ рæстæгыл та ифтонг кæнын хъæуы хæстæрмæгæй æмæ хæлцæй.

Хæстмæ æрсидтджытæн хицауад сарæзта æмбæлон уавæртæ – сифтонг сæ кодтой æнæмæнгхъæуæг дзау-мæттæй, снысан сын кодтой куыстмызд, сæ службæйы стаж сын банымайдзысты æмæ ма сæ раздæры куыстытæ дæр нæ фесафдзысты. Бирæ куыстуæттæ ма ноджы фæндон рахастой, цæмæй се ‘хсæнæй мобилизацимæ чи бахаудта, уыдонæн дарддæр фидой куыстмызд. Кæцыдæр регионты та æрсидтджыты бинонтæн бафыстой æхцайы фæрæзтæ дæр. Ӕппæт ацы къахдзæфтæ фæахъаз уыдзысты иумийагæй æхсæнады æндыгъдад æрныллæг кæнынæн. Кæд æмæ бирæ æфсæддон комитетты мобилизацийы хъуыддæгтæ нывыл нæ ацыдысты, уæд-дæр сæ рæдыдтытæ æвæстиатæй аиуварс кодтой. Ныридæгæн дæр æмбæлон службæтæ цæттæ сты цахæмфæнды фарстатæ аскъуыддзаг кæнынмæ, кæцытæ сæвзæрынц хуымæтæджы адæммæ.

Мобилизацийæ бирæ базаргæнджытæ райдыдтой пайда кæнын – схæцыдысты æфсæддон товарты æргътыл. Бирæтæ дзы бынтондæр сæ адæймагдзинад фесæфтой æмæ, комкоммæ сисгæйæ, хынджылæг кæнынц адæмæй. Зæгъæм, згъæрæфтыд жилет кæд ныры онг 20 мин сомы аргъ уыд, уæд æй ныр та уæй кæнынц 200 мин соммæ. Кæнæ хуымæтæджы медицинон жгут кæд ныры онг 50 сомы аргъ йедтæмæ нæ уыд, уæд ыл ныр та «цæсгомджынæй» ныффыстой 600-800 сомы. Ахæм митæ дзурæг сты адæймаджы фидиссагдзинадыл æмæ ныридæгæн антимонополон службæ сгæрстытæ уадзы регионты, цæмæй бафхæрой æдзæсгом фæлхасгæнджыты.

Ӕфсæддон дæснытæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй 2-3 къуырийы фæстæ æгас фронтыл райдайдзæнис æндавын мобилизаци. Уæрæсейы æфсæддонтæ райдайдзысты размæ бырсын æмæ куынæг кæнын украинæйаг æмæ ма алыгъуызон æххуырст фашистон дæлхæйтты. Фæлæ æвиппайды хорз фæстиуджытæм нæ хъæуы æнхъæлмæ кæсын – Украинæйы æфсады цалдæр азы дæргъы афтæ сгæрзифтонг кодтой æмæ нырма йæ бон у ныхмæ фæлæууын. Стæй рох кæнын нæ хъæуы, се ‘хсæн кæй сты НАТО-йы регулярон æфсæддон дæлхæйттæ дæр, кæцытæ ифтонг сты нырыккон æхсæнгæрзты хуызтæй. Ӕмæ афтæ мачи хъуыды кæнæд, ома, хурныгуылæйнаг бæстæтæ фæтæрсдзысты, кæнæ сæ цæсгом сæхиуыл æрхуддзæнис, æмæ æрлæууын кæндзысты хæстон архайдтытæ. Цалынмæ Украинæйы хæстхъом гоймæгтæ уа, уæдмæ сæ ифтонг кæндзысты æхсæнгарзæй æмæ сæ фосау тæрдзысты хæстмæ. Уæрæсейы скуынæг кæнын рагæй фæстæмæ  уарзондæр бæллиц у Европæ æмæ АИШ-æн.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.