Редакцимæ æрбацыдысты дыууæ æрыгон лæппуйы. Уыдон сæхи бацамыдтой. «Стæм Цæгат Ирыстоны цæрджытæ, фæлæ райгуырдыстæм Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы Ксуисы хъæуы. Нæ хъæуы компактонæй цардысты гуырдзиæгтæ æмæ ирæттæ. Раст зæгъгæйæ уæд дæр иттæг кæрæдзи нæ уарзтам. Фæлæ ирон йæхицæн кад кæнын зоны, уыдон дæр нæм æргом никуы æвзидыдтой. Хъæуы бирæ адæм цард. Хъыджы, цинаджы хъуыддаджы цыдыстæм кæрæдзимæ. Ирон мыггæгтæй дзы цардысты Уазæгтæ Тъехтæ, Гуыззыдтатæ, Къудухтæ, Болататæ, Хуыбиатæ. Кæд алы мыггагæн дæр йæхи дзуар ис, уæддæр чи цы хъæуы цæры, уым дæр вæййы иумæйаг кувæндон. Мах дæр рагæй фæстæмæ, нæ фыдæлтæ ацы хъæуы куы æрцардысты, уæдæй нырмæ гуырдзыимæ баста, хъæуы астæу цы дзуар – Таранджелоз уыд, уый. Нæ фыдæлтæ, уый сусæггаг нæу, тынг æууæндыдысты Хуыцау æмæ зæдтыл, дзуæрттыл, дауджытыл. Ивынц фæлтæртæ, цæуы рæстæг, фæлæ нæ ивы уыцы фæтк. Абон дæр мах, кæд раджы алыгъдыстæм ацы хъæуæй, ныр кæм цæрæм, уым табу кæнæм уыцы адæмы æгъдæуттæн, уæддæр нæ рох кæнæм, гыццылæй-иу нæ нæ ныййарджытæ цы дзуары бынмæ бакодтой кувынмæ, уыцы дзуары. Уыдон-иу нын амыдтой, Хуыцау æмæ дзуары раз уд сыгъдæг кæнын кæй хъæуы. Æнæрæдийгæ ничи у, æмæ иу нæ Таранджелозы алыварс æртæ хатты зилгæйæ хатыр ракурын кодтой, ома, уæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кæнут. Дзуары бæрæгбон-иу фæззæджы нысан кодтам. Раджы-иу йæ быны бирæ адæм æмбырд кодта, ирæттæй æмæ гуырдзиæгтæй  дæр æндæр рæтты чи  цардысты, уыдон дæр-иу уыцы бон æрбацыдысты. Таранджелозы бын-иу райхæлд алкæмæн йæ зæрдæ, кæрæдзимæ фыдæхы цæстæй чи каст, уыдон-иу уыцы рæсугъд бон бафидыдтой. Райхæлд-иу сæ зæрдæ, уыдон-иу уыцы бон бафидыдтой. Царды æнæбон чи уыд, уæззау низтæ кæй  хордтой, уыдонæн дæр иу Таранджелозмæ ссæугæйæ фенцондæр, кæрæдзийæн иу æппæлыдысты «æвдадзы хосау мын фæрог кодта ме ‘уæнгты низ», – зæгъгæ. Нæ хъæубæсты адæм-иу ацы бынаты сарæзтой диссаджы хъазтытæ. Ирон фæндыры зæлтæм иу гуырдзиæгтæ дæр ныккафыдысты.

Дыууæ лæппу уый бæрц рæсугъд мысинæгтæ фæкодтой æмæ фæстагмæ се ‘рбацыды сæр рагом кæнгæйæ канд сæхæдæг нæ, фæлæ ма фенкъард стæм, мах редакцийы кусджытæ дæр.

Лæппутæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæхæдæг ацы хъæуæй кæд 1992 азы фæстæ алыгъдысты, сæ сыхаг гуырдзиæг-тæ сын сæ хæдзæрттæ кæй басыгътой, уый фæстиуæгæн, уæддæр-иу дзуармæ гæ-нæнуæвгæйæ æрцыдысты сæрибарæй. 2008 азы августы фæстæ та хъæуы иу гуырдзиаг дæр нал баззад, уыдонæн дæр сæ хин сæ сæрыл æртыхст. Лидзинаг фесты сæхæдæг дæр сæ хæдзæрттæй. Дзуармæ машинæвæндаг уыд, уымæ гæсгæ ацы хъæуæй лидзгæ адæмæй исчи сæ сыгъд уæзгуытæм куы æрцæуынц, уæд æнæбацæугæ нæ фæвæййынц дзуармæ дæр. «Ныр æртыккаг аз уырдæм бахи-зæнтæ нал ис броны обаутæй. Ксуисмæ хæстæг Сатихъары хъæуы цæрджытæ сæ брæттæ ласынц ардæм, дзуармæ бахизæны фæндаджы астæу сæ калынц. Хъæумæ ныццæуæн фæндаг, нæ уæлмæрдтæм бацæуæнтæ нын броны бын фæкодтой. Хъæу басыгъд, фæлæ ардыгæй алидзæг адæм уæддæр æппынæдзух бæрæг кæнæм нæ сыгъд хæдзæрттæ, сыхаг хъæуты цæрджытæ зонынц уый, фæлæ уæддæр не ‘фсарм кæнынц. Хъæуы астæу цы цæугæдон цыд, уый дæр алыгъуызон бронæй  байдзаг кодтой æмæ ныр, уыцы донхæры дон дæр басур. Мах сын æмбарын кæнæм, цæсты гагуыйау кæй хъахъхъæнæм нæ хъæу, ныфс нæ кæй ис кæддæр та йæм фæстæмæ кæй æрыздæхдзыстæм æмæ нын дзы брондон ма аразаут, зæгъгæ. Ацы фыдракæндимæ зонгæ у бынæттон администраци дæр, фæлæ ницы мадзæлттæ исы. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, æнæзонгæ уæзласæн машинæтæ æрбаласынц брон æмæ, дам, сæ акалынц.

Хъынцъым æмæ катай кæнгæйæ лæппутæ цы проблемæйыл дзырдтой, уый æрмæст Ксуисы хъæуы нæй. Ахæм цаутæн фенæн ис æндæр ирон хъæутæй гуырдзиаг хъæутæм хæстæг чи цард æмæ ныр чи федзæрæг ис, ахæмты дæр. Кæддæр ацы хъæутæ се ‘ппæт дæр сæндидздзысты æмæ дзы уыдзæн цæрджытæ…

Фылдæр хатт хъæутæй фæлидзæг адæм хицауадæй фæдомынц, цæмæй сын сæндидзын кæной сæ хæдзæрттæ, сæ хъæутæм сын саразой фæндæгтæ, дæттæ æмæ æндæр проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын. Уымæ гæсгæ мæм диссаг фæкаст, æрыгон, хæрзконд нæлгоймæгтæ та дзуармæ бацæуæныл, афтæ арф æмæ лæмбынæг кæй дзырдтой, фыдæлты æгъдау, дзуæрттæ æмæ кувæндоны сæйраг мидис æмæ уагæвæрды тыххæй. Бæрæгæй сыл зынд, уыдонæн кувæндон се ‘мцахъхъæнтæй кæйдæртау æрмæст цæл æмæ нуазыны бынат кæй нæу. Сæ райгуырæн хъæуы цы Таранджелозы дзуар ис, уый та сын сæ фыдæлты ивгъуыд æмæ абоны царды фарны тæгтæ бæттæг кæй у. Ахæм æвзонг лæппутæ куы æмбарой æмæ аргъ кæной ирон адæмы æгъдау æмæ  культурæйæн, уæд нацийæн тас нæу сæфынæй.

Лæппутæ ацы фарсты фæдыл æрмæст газеты редакцимæ не ‘рбацыдысты. Фарсты фæдыл ныхас кодтой историон бынтæ æмæ цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны комитеты, барадхъахъхъæнæг органты, районы администрацийы къух-дариуæгады æмæ, æрдзхъахъхъæныны комитеты кусджытимæ дæр. Уыдон се ‘ппæт дæр æмбаргæдзинад равдисынц, фæлæ мадзæлттæ нæ исынц. Брон та бонæй-бон кæны фылдæр. Хъæуæй ацæугæ лæппутæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд брон хъæумæ бацæуæнтæ æмæ комкоммæ та дзуары алфæмблай ма калыны тыххæй кæд финансон фæрæзтæ бахъæуа, уæд цæттæ сты баххуыс кæнынмæ «Кувæндæттæ рагфыдæлтæй фæстæмæ сты табуйаг бынæттæ. Алы нацийы адæмæн дæр иумæйаг у дзуар. Дзуарыбонмæ хион, хæстæгмæ алчи дæр цыд цин кæнынмæ. Уыцы бон нæ уыд кæрæдзимæ фыдæхы цæстæй кæсæн. Уыцы фидар æмæ рæсугъд фæтк æххæст кæнæм мах дæр. Нæ зæрдæйы тугтæ тæдзынц, абон нæ кувæндон ахæм æвзæр уавæры кæй уынæм.

Районы администраци къуыри иу хатт барвиты брæттæласæн машинæ цæрджыты хæрзиуæгæн. Фæлæ уæддæр адæм сæ арæзтадон згъæлæнтæ калынц, ам…

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.