Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы егъаудæр æмæ популярондæр компани « Евродон», ам Хуссар Ирыстоны  фæнд кæны дзидзагуыстгæнæн завод саразын.

Уыцы куыстуат саразынæн хицæнгонд æрцыд бынат. Завод аразын хæстæ йæхимæ райста зынгæ амалиуæггæнæг Уанеты Вадим.

Æрæджы, июны мæйы «Евродон»-ы хицау, не ‘мбæстаг Уанеты Вадим Цхинвалы куы уыд, уæд журналисттæн фехъусын кодта «Мæскуыйаг банк» кредитон фæрæзтæ кæй рахицæн кæндзæнис æрмæстдæр арæзтады проектæн экспертизæ саразыны рæстæджы».

Фæлæ мах ныртæккæ куыд уынæм, афтæмæй холдинг арæзт кæм хъуамæ æрцæуа, уыцы бынаты æрæвнæлдтой зæххы куыстытæм, къахт æрцыд заводæн бындур. Уæд Уанеты Вадим куыд дзырдта, афтæмæй, уыцы куыстытæ æххæст æрцæудзысты холдингы фæрæзтæй. Финанскæнынад та уыдзæнис æрмæстдæр объект Цæгат Ирыстоны экспертизæйы куы рацæуа, уый фæстæ.

«Финанскæнынад æмбæлонæй куы уа, уæд завод æрцæудзæн арæзт авд мæйы æмгъуыдмæ. Ахæм уæндон ныхас уымæн дзурын æмæ махæн развæлгъау æппæт дæр хъуыды æмæ нывæстгонд у» – дзырдта журналисттæн Уанеты Владимир.

Бæрæг куыд у, афтæмæй компани «Евродон» Хуссар Ирыстоны цы дзидзакуыстгæнæн завод аразы, уый слæудзæнис 156 милуан сомы. Уыцы æхцатæ бангæн аздахын бахъæудзæнис 5-6 азы æмгъуыдмæ. Кусæгон бынæттæ дзы уыдзæн 30 кусæгæн.

Журналисттимæ фембæлды рæстæджы Уанеты Вадим загъта, ома, дам, фидæны персоналы иу хай ныридæгæн практикæйы цæуы Уæрæсейы Федерацийы холдингы куыстуæттæй сæ иуы, цæмæй куыддæр завод арæзт æрцæуа, афтæ скуса æнæкъуылымпытæй.

Завод цы дзидзайæ куса, уый дзуапп дæтдзæнис паддзахадон стандарттæн. Уæй цæудзæнис ам бынаты, заводы территорийыл цы дукани уа, уым. Тахнæджы æргътæ æрласæггаг продукцийы æргътæм гæсгæ уыдзысты къаддæр.

Уæд ма журналисттæ цымыдис кодтой ноджыдæр иу фарстмæ, ома, «Мæскуыйаг банг» цы кредитон иуæгтæ дæтты компани «Евродон»-æн, уыдон фаг уыдзысты æви нæ, ахæм вазыгджын куыстуат саразынæн, стæй 5-6 азмæ цы кредит лæвæрд цæуы, уый аздахын сæ бон куы нæ бауа иу кæнæ иннæ аххосагмæ гæсгæ, уæд республикæйы банк уыцы хæстæ фиддзæн. Ацы фарстæн Уанеты Вадимы дзуапп уыд: «Æз раздæр дæр зыдтон, мæ компанийæн ацы проект бирæ пайда кæй не ‘рхæсдзæнис. Куыд алкæцы бизнесмен, афтæ æз дæр развæлгъау банымадтон цалдæр азы æмгъуыдмæ заводы æфтиæгтæ. Комкоммæ уын дзурын, мæ компанийæн ацы завод аразыны нысан у æрмæстдæр Ирыстонмæ мæ патриотикон æнкъарæнтæ равдисын», – загъта зынгæ амалиуæг-гæнæг.

Мах æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастыстæм, Республикæйы 26 азы бæрæгбон банысаны цытæн, арæзтад йæ тæмæны кæй уыдзæнис, фæлæ… ныртæккæ, холдинг кæм хъуамæ уа, уым цæуы æрмæстдæр зæххсыгъдæггæнæн куыстытæ, къахт æрцыд заводы бындур, йæ алфæмблай æрцыд æмбонд дæр. Афтæ цæмæн ныкъуылымпы ис дзидзагуыстгæнæн завод саразыны проект, уый тыххæй нын Экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям афтæ загъта: «Бæрæг куыд у, афтæмæй Уанеты Вадим цы дзидзагуыстгæнæн завод аразы, уый арæзт цæуы кредитон фæрæзтæй, кæцытæ рахицæн кæндзæнис «Мæскуыйаг банг». Фæлæ уал уæдмæ Уанеты Вадим хъуамæ йæхи сæрмагонд хæрдзтæй æрæвнæлдтаид завод аразынмæ. «Мæскуыйаг банк» æхцайы фæрæзтæ Уанеты Вадимæн рахицæн кодта æрмæстдæр августы мæйы. Ныр уый æрæвнæлдта завод сæндидзынгæнæн куыстытæм. Завод арæзт хъуамæ æрцæуа 2017 азы апрель-майы мæймæ. Æппæт хызæгон коммуникацитæ заводмæ бауадздзысты Хуссар Ирыстоны бюджеты хыгъдæй. Цæрджытæн уагъд цæудзæнис 2-2,5 тоннæйы цæттæ продукци бон, афтæ ма дзы æргæвддзысты фондз сæры ставдкъах фос æмæ 30 сæры та хуытæ. Æппæт æрцæттæгонд продукци уыдзæн иттæг гъæдджын æмæ æххæстæй ифтонг кæндзæн республикæйы цæрджыты. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ æппæт ацы ногдзинæдтæ стыр фæрныгад æрхæсдзысты республикæйы цæрджытæн. Сæйраг у механизм æрбиноныг кæнын», – загъта Экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.