Адæмты ‘хсæн хæлардзинад нал ис, кæрæдзи сæфтмæ бæллынц, зæгъгæ, куы фехъусæм, уæд нæм уыцы ныхæстæ диссаг нал кæсынц, ис сæ рæстдзинад дæр. Фæлæ диссæгты диссагдæр уый у æмæ дины кусджытæ адæмы кæрæдзийыл куы ардауой. Уый фыццаджыдæр базыдтам Хуссар Иры хæсты рæстæджы, Гуырдзыстоны Патриарх Илья-2 ирон адæмы тыххæй цы ныхæстæ фехъусын кодта, уыдонæй.

Ныр та ирон национ дин скуынæг кæныны хæс йæхимæ райста Алайнаг архиепископ Леонид. Ныр цалдæр мæйы дæргъы змæнты адæмы, ардауы чырыстон дингæнджыты муртаттаг дины ныхмæ. Фыссынц æргом фыстæджытæ Патриарх Кириллмæ, федералон разамындмæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, ирон адæм æрмæстдæр нымайынц сæхи национ дин æмæ чырыстон дины дæлдзиныг кæнынц. Ацы аз июны уый тыххæй стыр быцæутæ рауад. Йæ фыдæлты дин чырыстон динæй уæлдæр чи сæвæрдта, уыцы лæппуйы бафхæрдтой, цæмæй чырыстон дингæнджытæ æрсабыр уой, фæлæ Архиепископмæ уый фаг нæ фæкаст æмæ та ирон адæм сæ кадджындæр бæрæгбон Джиуæргуыба парахатæй куы снысан кодтой, уæд йæ маст фемæхст. Сыгъдæг Георгийы кафедралон аргъуанмæ кувынмæ цы мины бæрц адæймаджы æрбацыд, уыдонæн хицауад æмæ адæмы ныхмæ ардауæн ныхæстæ фæкодта дины “лидер”. Куыд бартхъирæн кодта, афтæмæй: “чырыстон дин дæлдзиныг кæнын никæмæн бауадздзæн æмæ ирон адæмæн дурын æнусмæ здæхыны бар нал ратдзæн”.

“Фидæн аз нысан кæндзыстæм Аланийы аргъуыдыл 1100 азы бæрæгбон. Уый æмбæлгæ уагыл снысан кæныны фæдыл указы йæ къух бафыста Владимир Путин, фæлæ, гæнæн ис æмæ фехæ-ла, традицион дин кæй хонынц, уый аххосæй. Ацы мæнгдинтауджытæ аразынц æппæт дæр, цæмæй чырыстон дин бамынæг уа, аргъуантæ æмæ паддзахады æмгуыстад бакъуылымпы кæной, чырыстон аргъуанты позицитæ скуынæг кæной æхсæнады. Афтæмæй чырыстон дин дыууæ Ирыстоны дæр цивилизацийы бындур кæй у, уый зонын сæ нæ фæнды. Традицион дингæнджытæ се ‘ртæ чъири æмæ æртæ фæрсчы нымайынц чырыстон диныл, уымæн дарддæр быхсæн нал ис.

 Йæ трагеди та фылдæр уый мидæг ис, æмæ сын республикæйы разамынд сæ ных кæй нæ ба-къуыры. Уый нæ, фæлæ ма æххуыс кæнынц    мæнг дины хъузæттæн. Битарты Вячеслав Мæс-куыйы Патриархимæ куы фембæлд, уæд ын уырнын кодта, Ирыстон кæй рæздзæн чырыстон дины традицитыл æнцой кæнгæйæ. Ныр фидæн аз бæрæгбонмæ сæрмагонд программæ бацæттæ кæ-ныны бæсты бахастой стадионы арæзтад, хъæбысæйхæст, бæхтыл бадыны ерыстæ, ирон чъириты фестивалтæ…  Аргъуантæм цы хауы, уыдон аразын хицауады нæ фæнды. Уый нæ, фæлæ ма бæрæгбонæн цы ‘хцатæ радтой, уыдонæй цалцæг кæнынц хæлд коммуникацитæ, фæндæгтæ, рынчындæттæ…  Дингæнджытæ стыр æфхæрдыл ба-нымадтой, епархийы социалон проекттæ æххæст кæныны æмæ аргъуантæ реставраци кæныны бæсты канализацитæ цалцæг кæнын. Мах та ныфс уыд, цы бирæ лыггæнинаг фарстатæ нæм уыд, уыдон чырыстон бæрæгбоны фæлгæтты арæзт кæй æрцæудзысты, фæлæ нæ фæнды республикæйы разамынды махæн æххуыс кæнын”, – дзырдта адæмæн фыд Леонид.   

 Уый ма йæ ныхæстæм куыд бафтыдта, афтæмæй епархийы ныхмæ халæн куыст кæны “Иры Стыр Ныхас” дæр. Уыдон скъолатыл зилынц æмæ сывæллæттæн уырнын кæнынц, ирон адæмы бындурон дин чырыстон нæ, фæлæ муртаттаг кæй у æмæ йæ нымайын кæй хъæуы.

 Республикæйы сæйраг чырыстон дингæнæджы ныхæстæ та ногæй стыр быцæутæ расайдтой, æхсæнады хъуыды дыууæ дихи фæци. Зындгонд журналист Хъуысаты Олег архиепископмæ дзуаппы хуызы ныффыста электрон хабархæссæг фæрæзты: “Битарты Вячеслав æхцайы иу хайæ республикæйы хъуæгтæ кæй æмбæрзы, хæдзардзин хъуыддæгтæ кæй кæны, уый раппæлинаг у. Ахæм хуызы уый йæхи чырыстонæйдæр равдыста бирæтæй. Уыдон саразгæйæ, сæ цард фæхуыздæр уыдзæн мингай адæймæгтæн, уыимæ чырыстæттæн дæр. Æхцайæ æрмæст епархийы фарстатæ алыг кæнын, дардыл бæрæгбæттæ кæнын та пайда никæмæн æрхæсдзæн”.

 Хъуысаты Олегы æвварс рахæцыдысты сæдæгай адæймæгтæ æмæ интернет быцæутæ æмæ æртхъирæнтæй байдзаг.

 Цымæ æрвылхатт йæ ардауæн ныхæстæй цы пайда райсы архиепископ Леонид? Нæ йæ зыдта кусынмæ кæдæм цæуы, уый? Чи у æмæ йæ цы хъуыддаг ис искæй дин æфхæрынмæ æмæ йын адæмы йæ ныхмæ ардауынмæ. Йæхи дины лидер чи хоны, уый сæдæгай адæймæгты раз куыд хъуамæ ралæууа æмæ кæм цæры, уыдоны дин, хицауады куыд хъуамæ æфхæра? Куыд ис ахæмтæн хатыргæнæн? Алы динæн дæр ис йæхи табугæнджытæ æмæ табуафси, иу иннæйы нæ хъыгдары. Цæуæд чырыстон дин кæй хъæуы, уыдон аргъуанмæ, чи сæ хъыг дары? Фæлæ нæ фыдæлты дин нымайынц æмæ йыл кувынц ирон адæмы фылдæр хай. Уый у нæ фыдæлты дин æмæ йæ уарзæм. Махæн ис нæхи национ хиæмбарындзинад, нæхи культурæ, нæхи традицитæ æмæ леонидтæ æмæ æндæр æрбацæуæг адæмы ницы хъуыддаг ис нæ цардмæ. Уыдон ам сæхи закъæттæ ма хъуамæ æвæрой… 

Джусойты Нина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.